Раздæры газет «Советон Ирыстон»-ы, ныртæккæ газет «Хурзæрин»-ы редакцийы коллектив сæрыстыр цы æмкусджытæй уыд æмæ аккаг аргъ кæмæн кодтой, иууылдæр тынг кæмæй аргъуц кодтой, коллективы ‘хсæн æппынæдзухдæр хорздзинад чи тыдта æмæ йæ чи æнгом кодта, уыдонæй иу уыд Тасойты Баграт Михаилы фырт. Уый, йæ тæккæ лæджы кармæ бацæугæйæ, æгъатыр мæлæт аскъуыдта не ‘хсæнæй. 2024 азы 1-æм январы газет «Хурзæрин»-ы фыццаг номыры рацыдыл 100 азы кæй сæххæст, уымæ гæсгæ мæ хæсыл банымадтон, ирон мыхуырмæ йæ рæстæджы стыр хайбавæрд чи бахаста, уыцы диссаджы хæларзæрдæ адæймаджы æрæмысын.

Уый нырма хъуамæ цардаид æмæ куыстаид йе ‘мгæртты ‘хсæн. Стыр хъарутæ, бирæ фæндтæ, бирæ бæллицтæ йæм уыдис нырма. Кæд уæззау низыл лæгæй-лæгмæ тохы фæуæлахиз, афтæ куы загъта, зæгъгæ, ногæй та цардмæ раздæхтæн, афтæ йын æнæнхъæлæджы æгъатыр мæлæт йæ цард аскъуыдта.

Курдиатджын журналист, Советон Цæдисы журналистты уæнг, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран Тасойты Баграт райгуырд Цхинвалы районы  Брилийы хъæуы зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Уымæн йæ цардвæндаг афтæ даргъ нæ уыд, фæлæ йын уый хыгъд уыд намысджын фæллойы кады æмæ адæймагдзинады бæрзæндмæ кæнæг фæндаг. Уыцы раст фæндагыл хæрзæвзонгæй ныллæууыд Баграт. Нырма уал куыста Цхинвалы типографы, стæй Ленингоры районы газеты редакцийы литературон кусæгæй, бæрнон секретарæй, уый фæстæ та редакторы хæстæ æххæстгæнæгæй. Царды фæндагыл æм бæргæ æнхъæлмæ кастысты ноджы уæлдæр къæпхæнтæ, фæлæ райдыдта тугкалæн Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Æвзонг хъаруджын лæппу 1942 азæй суанг хæсты фæудмæ уыд фронты æмæ хъæбатыр тох кодта гитлерон фашистты Райгуырæн бæстæйæ фæсурыныл. Архайдта æндæр æмæ æндæр фронтты. Хæст та йæ уæззау фæд кæуыл нæ ныууагъта, ахæм нæй йæ хайадисджытæй. Багратыл та – дывæрæй. Уымæн æвдисæн сты йæ хæстон хорзæхтæ.

Йе ‘рыздæхынæй суанг йæ амæлæты боны онг  Баграт цæсгомджынæй фæкуыста газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы æндæр æмæ æндæр бынæтты. Газеты фæрстыл мыхуыр цыдысты йæ цымыдисон æмæ мидисджын, царды ахсджиагдæр темæтыл фыст уацтæ, кæцытæм газеткæсджытæ æнхъæлмæ кастысты зæрдиагæй. «Фыстæджытæ кæфхъуындармæ» рубрикæйы бын фыста фельетонтæ, сати-рикон радзырдтæ. Фыста очерктæ, худæг ныхæстæ æмæ афтæ дарддæр. Йæ хорз куысты тыххæй хорзæхджын уыд уæды Хуссар Ирыстоны областы æмæ Советон Гуырдзыстоны хицауадты Кады грамотæтæ æмæ майдантæй. Редакцийы кусгæйæ, иудадзыг уыд фæндæгтыл, æрзылд уæды областы æппæт къуымтыл, зонгæ кодта цæрджыты цардимæ æмæ йæ ирдæй æвдыста газеты фæрстыл.

Хæдæфсарм, хæларзæрдæ æмæ уæздан адæймагæй йæ бахъуыды кодтой, чи йæ зыдта, уыдон иууылдæр.  Баграты цур-иу исчи анекдот дæр куы радзырдта, уæд-иу йæ фырæфсæрмдзæстыгæй æргом нæ бахудтаид, фæлæ-иу йе ‘рфгуыты бын фæхуд-фæхуд кодта. Абон дæр мæ цæстыты раз сысты йæ фæлгондз. Ныртæккæ тынг скадавар сты Баграты хуызæн адæймæгтæ æмæ уымæ гæсгæ йæ кад нæ цæсты ноджы фæбæрзонддæр вæййы, кæд абон сæрæгас нал у, уæддæр. Йæ дзыхæй йын гуымир ныхас никуы ничи фехъуыста, коллективæй алкæмæндæр уыдис цæвиттойнаг æмæ уарзон æмкусæг. Иннæ ахæм йæ уазæгуарзондзинад дæр дисы æппæрста йæ коллегæты. Адзырдтаид-иу йæ нæртон чындз (йæ иунæг хъæбул Ростикы цардæмбал) Къæбысты Катямæ, зæгъгæ, хæдзармæ куы бауайæм, уæд дæм исты разындзæн, цы ацаходæм, уый. Æмæ-иу Къæбысон дæр йæ кадджын уазджытæн дзаджджын фынг авæрдта. Катя тынг кад кодта æмæ уарзта йæ хицауы æмæ йын уымæ гæсгæ йæ коллегæтæн дæр кад кодта. Абон дæр нæ искæуыл куы амбæлы, уæд æнæмæнгæй æрæмысы йæ уæздан хицауы.

Тасойты Баграты фæрынчыны хабар æнæнхъæлæджы уыд йе ‘мкусджытæн æмæ йыл тынг маст кодтой. Тбилисы йын операци куы сарæзтой, уæд радзæбæх. Йæ иунæг фырт Ростик (уый дæр абон дзæнæттаг) æмæ йæ чындз Катя сæ хæдзары куырыхон хистæр кæй сдзæбæх, уый тыххæй дардыл фынгтæ æрæвæрдтой æмæ йын фæхуыдтой йæ уарзон коллегæты дæр. Фæлæ йе ‘мкусджытæ фынгыл бадгæйæ, æнæрахатгæ нæ фесты, кæй афæлмæцыд æмæ се ‘фсæрмæй тыхбадт кæй кæны фынджы сæр, уый. Рацыд ма цалдæр мæйы æмæ  1979 азы 7-æм октябры цардæй ахицæн 63 аздзыдæй. Мах, йæ коллегæтæ, иууылдæр тынг фæхъыг кодтам нæ уарзон æмкусæджы фæзианыл. Абоны онг дæр æрæмысæм Баграты рухс ном, уымæн æмæ ахæм æнæхин адæймæгтæ нæ ферох вæййынц, цалынмæ ма сæ чи зыдта, уыдонæй исчи сæрæгас уа, уæдмæ. Ноджы ма йæ зæгъон, æз мæхи амондджыныл нымайын, Баграты хуызæн стыр æмæ хорз адæймæгтимæ бакусыны амонд мæм кæй æрхаудта, уый тыххæй. Абоны онг дæр мын цæвиттойнаг сты сæ бирæ хорз хъуыддæгтæй. Æмæ сæм бафæзминаг хъуыддæгтæ та цъус куынæ уыд, мыййаг.

Тасойты Баграт йæ фæстæ ныууагъта йæ хъæбулы хъæбулты, уыдоны хъæбулты æмæ йын йæ хæдзары фарн дарддæр кæнынц. Уыдон дæр сты сæ дадайау æгъдауджын æмæ бирæ азты æнæнизæй фæцæрæд.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

***

1966 азы 11-æм майы газет «Советон Ирыстон»-ы рубрикæ Хæстоны боныгæй»-йы бын мыхуыры рацыд Тасойты Баграты уац: «1945 аз. Май», зæгъгæ, цыран дзуры йæ хæстон фæндæгты тыххæй. Зонгæ уæ кæнæм уацы мидисимæ:

1945 аз. Май. Скæсæн Прусси. Ам архайдта æртыккаг Белорусы фронт. Æз уыдтæн ацы фронты 195-æм хæдцæугæ уæззау артиллерион полчы æртыккаг батарейы иу установкæйы командир. Цæрæн пункт Мариттенмæ бырсгæйæ, знаджы снаряд сæмбæлд комкоммæ мæ установкæйы механик-скъæрæджы фæлгæсæн рудзынгыл. Механик уыд молдаваг лæппу, йæ мыггаг Белошапка. Ацы тохы Белошапка фæмард. Рог цæфтæ фесты экипажы иннæ уæнгтæ дæр, фæлæ уæддæр агæппытæ кодтой. Æз лæууыдтæн танкы хуылфы сармадзанæн рахисы ‘рдыгæй фарс командиры бынаты æмæ мыл ницы аныдзæвд. Экипажы иннæ уæнгтæ танкы люкæй куы фæуæлийæ сты, уæд та хъуамæ ахызтаин æз, мæ фæстæ та  – механик, тагъд кæнын хъуыд æнæмæнг, уымæн æмæ тæссаг уыд, нырма танкы хуылфы цы знаджы снаряд баззад, уый фехæлынæй, стæй нæхи снарядтæ фехæлынæй дæр, æмæ уæд экипажы уæнгтæ нæ, фæлæ уыцы уæззау танк йæхæдæг дæр уæлдæфы стахтаид хайгай. Фæлæ знаджы снаряд нæ разынд хæлæн, нæхи снарядты дæр нæ бахъыгдардта æмæ нæ фехæлдысты.

Цыфæнды уæззау уавæры куы бахауай, уæддæр техникæйæн хæсты быдыры æнæхицауæй ныууадзæн нæй, цалынмæ эвакуаци æрцæуа, уæдмæ. Полк адард ис мæнæй. Æз бадын танкмæ хæстæг, куы иу акъоппы, куы та – иннæйы. Знаг æхсы нырма.  Ногæй та сæмбæлд мæ танкыл знаджы снаряд. Уый йæм æнхъæлмæ каст ссудзынмæ, фæлæ та ацы хатт дæр не ‘ссыгъд. Фæссихорæй ахызт. Уæдмæ фæзынд эвакуацигæнæг танк (тягач), бабастам ыл æй, ныххызтæн фæстæмæ мæ танкы хуылфмæ, фæлæ та нæ уæдмæ фæфиппайдта знаг æмæ та нæ æхсын райдыдта. Снарядтæ хæлынц нæ дыууæрдыгæй фарс, фæлæ нæ амондæн, милмæ æхсæг нæ разынд рæстдзæвин æмæ уæдмæ адард стæм.

Полк иннæ æфсæддон хæйттимæ иумæ бырсы Кенигсбергмæ, (ныры Калининградмæ), бахæццæ сты горæты кæрæттæм. Æз уыдтæн резервон афицерты ротæйы. Æризæр, арв æмæ зæхх кæрæдзийы хойынц, цæсты къух куы фæтъыссай, уæддæр нæ фæзындзæн. Фыццаг эшелонæй фехъусын кодтой, зæгъгæ, æртыккаг батарейы иу хæдцæугæ установкæйы командир фæмард æмæ нæм тагъд куыд хæццæ кæна иу командир. Мæнмæ æрбацыд резервон афицерты ротæйы командир æмæ мын бардзырд радта, зæгъгæ, ахсæв æртæ сахатыл полчы раззаг хаххмæ  цæудзæн Шап-Шалап (афтæ хуыдтой цæугæ къæбицы), æмæ куыд ацæуай æмæ куыд райсай установкæ. Бардзырд бардзырд у.

Дыккаг бон изæрмæ æнæхъæнæй ссæрибар кодтам Кенигсберг. Изæры ма горæты стæм бынæттæй хъуыст иугай гæрæхтæ. Немыцæгтæ фæстæмæ алæууыдысты æмæ стыр тыхтæ æрæмбырд кодтой  Скæсæн Пруссийы наулæууæн горæт Пилауы. Уый у скæсæн Пруссийы наулæууæн горæт. Цæугæдон Прегелы былыл æрæмбырд кодтой бирæ æфсад æмæ æфсæддон техникæ. Гъе, фæлæ сæ не ‘фсæдтæ куы нылхъывтой доны былмæ, уæд ам знаджы хæстонты мæрдтæ æмæ æфсæддон техникæйы сыгъдæттæй сырæзт æнæхъæн хæхтæ.

Пилау байсыны сæрыл тохы немыцæгты иу контрразмæбырст бацъист кæныны фæстæ æрсабыр стæм, ранæй-рæтты ма сыхъуысынц пулеметты æмæ автоматты къæр-къæр.  Нæма бакодтам машинæты люктæ. Механик йæ тамако ссыгъта æмæ мæм сармадзаны сæрты спичкæтæ куыд ралæвæрдта, афтæ мæм сдзырдта: – Нæ машинæйы бынæй цыдæр хъуыргъуындæг хъуысы. Шлем систон мæ сæрæй, æввахс ныггуыбыр кодтон. Механикы фарсмæ цы аварион люк ис, уырдæм æрæхъуыста механик йæхæдæг дæр. Тæккæ люкы бынæй райхъуысы: – Комрат, комрат! Бæрæг у, машинæйы бын немыцаг кæй ис, фæлæ æвиппайды уынаффæ райсын æнцон нæ уыд æмæ райсын та хъуыд тагъд æмæ раст уынаффæ. Чи зоны, цы тасдзинад сæвзæрын кæна экипажæн, кæннод та æфсæддон хайæн.

Цалдæр минуты фæстæ уæззаугай бакодтон машинæйы люк, пистолет мæ къухы, афтæмæй сбырыдтæн, рахызтæн машинæйы галиу базырмæ, æвиппайды æргæпп кодтон зæххмæ, нырма йæ мæ цæст нæ ацахста, афтæмæй машинæйы бынмæ ныддардтон пистолет. Кæсын, æмæ машинæйы бын дæлгоммæ хуыссы немыцаг салдат. Йæ къухтæ цыма артмæ тавта, уыйау, сæ тъæпæнтæ ме ‘рдæм, афтæмæй æнцой кæны йæ рæмбынкъæдзтыл.

Пистолетæй йын куы ацамыдтон, æддæмæ рабыр, зæгъгæ, уæд ын цыма æхсызгон нæ уыд, æвæццæгæн, фехсынæй тарст, фæлæ уæддæр ризгæ-ризгæ рабырыд æмæ куыддæр сыстад, афтæ йæ къухтæ хæрдмæ схъил кодта. Немыцагмæ нæ уыд хæцæнгарз. Цалынмæ йын йæ документтæ исын кодтон, уæдмæ бомбæ æрхауд æмæ мæм фехæлд 5-10 метры дæрддзæгæн. Иу минуты фæстæ фестаддæн сыджыты бынæй, рисгæ мæ ницы фæкодта, фæлæ мæ пистолет мæ къухы нал уыд, фæкастæн æмæ немыцаг нырма йæ бынаты лæууы, йæ къухтæ хæрдмæ даргæйæ. Уый дарддæр лæууыд, бомбæ кæм фехæлд, уырдæм æввахс. Сыджыт базмæстон мæ къахæй æмæ систон мæ пистолет. Немыцаг салдатæн къухæй ацамыдтон, иннæ уацайрæгты колоннæмæ, цæугæ, зæгъын, уырдæм.  Немыцагæн цыма йæ хæдзармæ ацæуыны бардзырд лæвæрдтон, афтæ фæцис æмæ цингæнгæ азгъорста сæ фæстæ. Уæдмæ бардзырд дæр райстам размæ абырсыны тыххæй.

Пилауæй Данцигмæ цы нарæг сакъадах цæуы, Каса, зæгъгæ, афтæ йæ хонынц уырыссагау, уымæн йæ фæтæн у 1,5-2 километры. Уым уæззау артиллерийæн зын архайæн у, уæлдайдæр хъæдбынаты. Уымæ гæсгæ нæ полк бардзырд райста на-рæг сакъадахмæ ма ахизыны тыххæй. Уый уыд 30 апрелы. Полчы командир дæлбулкъон Рожков бардзырд радта техникæ ныссыгъдæг кæнын, ноджы сæ хуыздæр бацæттæ кæныны тыххæй. Салдаттæ æмæ афицертæ хæствæллады фæстæ хъуамæ банысан кæной райсом фыццаг Майы бæрæгбон. Бардзырд æххæст кодтой сæрмагонд сконд. Ссис æхсæвы æртæ сахаты, фæлæ ма чи халагъуды бадт æмæ картитæй хъазыд, чи та фынæй кодта йæ машинæйы.

Цыппæрæм сахат куы райдыдта, уæд полчы радгæс ныхъхъæр кодта: – «Тревога» Заводи!  Полчы сæрмагонд сконд дæр æй цыма зыдта, уыйау фондз минуты дæр нæма рацыд, афтæ анæрыд машинæты хъомысджын моторты уынæр æмæ кæрæдзи фæстæ айтынг хæстон техникæйы даргъ колоннæ Хурныгуылæны ‘рдæм. Полк ахызт, уæлдæр цы сакъадахы кой кодтам, уырдæм. Ацыд ыл 5 километры бæрц æмæ æнхъæлмæ каст, дарддæр цы кæна, уый тыххæй бардзырд райсынмæ. Фистæг æфсад æмæ астæуккаг танктæ хæцгæ цæуынц Хурныгуылæны ‘рдæм. Раззаг хахх дардæй-дарддæр кæны. Цæуынц бонтæ, фæлæ нæ полк нырма бардзырд нæ райста.

8 майы изæры æз уыдтæн хайы радгæс. Ам махæн нæ уыд нæдæр халагъудтæ, нæдæр цатыртæ. Полчы сæрмагонд сконд уыдысты машинæтæн сæхи мидæг. Æз бонырдæм, хъаргъултыл азилыны фæстæ, ныххызтæн машинæйы хуылфмæ æмæ мæ сæрыл æркодтон шлем, баиу кодтон раци æмæ дзы гæзæмæты хъуыст.

– Германы хицауад йæ къух æрфыста капитуляцийы актыл, хæст фæцис, Советон Æфсад фæуæлахиз сты, дæрæн æрцыд немыцаг фа-шизм. Сбонис. Уæлахизы циндзина-дæй байдзаг сты салдаттæ æмæ афицерты зæрдæтæ. Уыцы бон уыд уæлдай ирддæр. Хур ныккаст Балтийы денджызмæ æмæ денджыз дæр цыма Уæлахизы боныл цин кодта, уыйау йæ мидбылты худт.

Полчы хæлцадæй ифтонггæнджытæм дæр ма кæд исты фæсауæрцтæ уыд хæрд æмæ нозтæй, уæд сæ уыдон дæр нал бахалæг кодтой. Зард æмæ кафт, кæрæдзийыл цин даргъ кодта суанг æрдæгæхсæвмæ.

Салдаттæ æмæ афицертæ тезгъо кодтой денджызы былтыл.

Уый уыд 1945 азы 9 майы».

ТАСОЙТЫ Б.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.