Ирон адæммæ Ногбоны бæрæгбон баст у хурхæтæнимæ. Хистæр кары адæмæн-иу сæ куывд уыд ахæм: «Бон куыд даргъдæр кæны, афтæ адаргъдæр уæнт нæ цард, нæ амонд». Ногбоны-иу адæм дзырдтой: «Рæстæг ног цардырдæм акъул». 

Изæры, бинонтæ иу Ногбоны фынгмæ куы æрбатымбыл сты, уæд-иу хистæр нæлгоймаг фæкуывта, фæарфæтæ кодта, бинонтæй-иу алкæйдæр бафæдзæхста Хуыцау æмæ зæдтæн, азæй-азмæ амондджындæр куыд уой, æнæмаст, æнæфыдбылызæй, зæрдæрухсæй куыд цæрой.

Ногбон æхсæв хъæлдзæг бæрæгбон уыд. Фæсивæд-иу сæ уæлæ алы дарæс скодтой æмæ-иу сæхи сæндæргъуызæттæ кодтой, цæмæй сæ мачи базыдтаид æмæ-иу хæдзæрттыл зылдысты заргæ: «Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ! Уæ лæг  саг куыд амара, уæ ус тыр куыд ныййара, уæ адджын гуыл та мæн куыд фæуа».            Бинонтæ-иу Ногбон æхсæв бирæ фæбадтысты. Бон-иу куы ‘рбацъæх, уæд-иу алчи йæ хæдзары размæ арт скодта. Кæстæртæ-иу арт кæнынмæ сæхи рагæй цæттæ кодтой æмæ-иу тырныдтой, кæй арт тынгдæр ссудздзæн æмæ тынгдæр рухс кæндзæн, уымæ. Хистæрæй-кæстæрæй-иу арты алыварс æрæмбырд сты, фæсивæд «сой-сой» хъæргæнгæ артытыл зылдысты. Арт-иу сыгъд куы фæци, уæд-иу хистæртæй исчи загъта: «Ацы арт куыд басыгъд, афтæ басудзæнт нæ фыдбылызтæ дæр, афтæ фесæфæнт не знæгтæ».

Ногбон æхсæв-иу бинонтæ иууылдæр куы ‘ртымбыл сты, уæд-иу бинонты хистæр æхсаргарды бырынкъæй хæдзары æмæ скъæты алыварс æрхахх кодта, цæмæй сæм афæдзы дæргъы фыдбылыз ма баирвæрза, сæ фос сын сырд ма бахæра.

Ногбоны фынгмæ-иу бинонтæ сæхи рагæй цæттæ кодтой. Фынг цас бæркадджындæр уа, уыйас хуыздæр, уыйас бæркадджындæр уыдзæн хæдзар æнæхъæн азы дæргъы. Бæрæгбоны фынгыл сæйраг бынат ахста æртхурон – дынджыр, дзаджджын гуыдын.

Йæ мидæг-иу ын нывæрдтой æфсæйнаг æхца, афтæмæй-иу æй скодтой. Уый фæстæ-иу æй ныддихтæ кодтой, бинонтæ цал уыдысты, уал хайыл. Æхца-иу кæй хаймæ æрхауд, уый-иу нымадтой амондджындæрыл. Бинонтæй дарддæр æртхуронæй бахæрын никæмæн фæтчыд.

Ногбон æхсæв-иу сылгоймæгтæ хыссæйæ скодтой гуылтæ, адæмы, фосы, сырдты хуызæгты æмæ-иу сæ сфыхтой. Хæдзармæ-иу арфæтæ кæнынмæ чи цыд, уыдонæн-иу дзы лæвæрдтой.

Цыкурайы фæрдыг-иу кæмæ уыд, уыдон-иу æй Ногбон æхсæв систой æмæ йæм кастысты, сæхи йыл фæдзæхстой, табу йын кодтой.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.