«Ссæдзæм аз махæй кæмæй фæуа рохы,

                                                                                                          Уый не ʻхсæн æлгъыст уæд фæлтау».

Беджызаты Чермен

Нæ адæмы иууыл трагикондæр аз у 1920 аз, туджы зæйты аз, ферохгæнæн кæмæн нæй, ахæм аз. Тох та цыдис царды сæраппонд, Сæрибар æмæ Рæстдзинады сæрыл. Уыцы тохты стыр лæгдзинад чи равдыста, уыдонæй сæ иу уыдис Санахъоты Аржеваны фырт Владимир. Ацы бонты йæ райгуырдыл æххæст кæны 140 азы. Уыдонæй цæргæ фæкодта 53 азы. 53 азæй та Ирыстоны сомбоны рæсугъд фидæнæн схай кодта 32 азы.

Цы зæгъæн ис Владимирæй… Йӕ рӕстӕджы тохы уылӕнтӕ  сӕ авдӕны  кӕй  ауызтой, ӕргом ӕмӕ уӕндонӕй  цагъарады дугы ныхмӕ  чи  сыстад, кӕнӕ сӕрибар  кӕнӕ мӕлӕт  чи  ныхъхъӕр кодта, йӕ адӕмӕн фӕдзӕхсӕгау  чи загъта – нӕ  фехъуыстон  ма зӕгъӕд, уыдоны разӕй  уыд ирон   мызыхъ лӕппу  Санахъоты Владимир. Чи уыд Владимир, лӕгау лӕджы  ном ӕм цӕй тыххӕй  ӕрхауд, уый раджы  ӕрцыд загъд: «Видный деятель  революционного  движения, один из  организаторов  и создателей  партийной организации Юго-Осетии». Загъд ма ис уый дӕр – «Советский государственный и партийный деятель, ответственный секретарь областного комитета КП Грузии, Автономной области  Юго-Осетии  (1922-1924)».

Бӕрнон бынӕттӕ сты уыдон уӕды рӕзгӕ  Ирыстонӕн. Цымыдисаг та у махӕн, цы фӕндӕгтыл  фӕцыд  Ладо (Дзауы йӕ  афтӕ хуыдтой), цӕмӕй  ног дуджы  ахӕм бӕрзонд  ӕмӕ бӕрнджын бынаты  ӕрбадай.

Владимир уыдис дзауаг, уым райгуырд 12 январы 1884 азы мӕгуыр зӕхкусӕг лӕджы хӕдзары, райдиан ахуырдзинад дӕр Дзауы райста  аргъуанон скъолайы. Ахуырмӕ ӕвзыгъд уыд æмæ райдыдта ахуыр кӕнын  Ӕрыдоны  духовон  семинары.

Зӕгъын уал хъӕуы уый, ӕмӕ Ӕрыдоны семинар  йӕ рӕстӕджы  кӕй уыд иууыл зынгӕдӕр  ӕмӕ раззагондӕр  ахуыргӕнӕндон. Владимир  ам базонгӕ  дуджы раззагон  хъуыдытимӕ, рӕстӕг  цы  домдта, ахӕм  чингуытимӕ, революцийы хъӕр  дӕр ӕм ам бахъардта. Семинары хистӕр  нӕ уыд райгонд  Ладойы   революцион хъуыдытӕй ӕмӕ бацархайдта  ууыл, цӕмӕй  йын куысты бынат  ма радтой ма дӕр Цӕгат Ирыстоны, ма дӕр  Хуссар Ирыстоны.

Владимир йӕ семинар каст фӕцис 1904 азы. Фӕхауӕггаг лӕппу Ирыстонӕй, ацыд горæт Читамӕ. Ам тагъд базонгӕ раззагон хъуыдытыл хӕст  кусджытимӕ, РСДР  партийы уӕнгтимӕ. Уыдон тынг бандӕвтой Ладойы дунеӕмбарынадыл.

РСДРП-йы рӕнхъытӕм бацыд 1905 азы, декабры  мӕйы та  активон хайад  райста  Читайы  кусджыты  растады. 1911 азмӕ цынӕ куыстытӕ  кодта Чита, Верхне-Удинаг, Иркутск ӕмӕ ӕндӕр горӕтты. Уыцы аз сыздӕхт  Дзæуджыхъæумæ, агуырдта  куысты бынат, фӕлӕ  йӕ  къухты  ницы бафтыд  ӕмӕ уӕд  ныххӕцыд хӕдзармæ  уроктæ  амоныны  куыстыл.

Ӕнӕрынцой зӕрдӕйы  хицау уыд Владимир, 1912  азы  та ногӕй  аздӕхт Сыбырмӕ, бацыд  ахуырмӕ Томскы  университетмӕ, фӕлӕ дзы кӕронмӕ  нӕ бакаст, ногӕй аздӕхт  Иркутскмӕ ӕмӕ та кусын райдыдта Фæсбайкалы ӕфсӕнвӕндаджы  конторӕйы хынцӕгӕй. Фӕкуыста дзы  1914 азмӕ.

Владимирӕй ахуыры  хъуыддаг  рох нӕ уыд æмæ 1914 азы  ацыд Петербургмӕ, ссис  институты психоневрологон  факультеты студент. Уӕрӕсейы  революцион артдзӕсты  ӕнцад  нæ бадт,  ам  йӕ зондахаст ноджы фӕуӕрӕхдӕр, фӕхъӕзныгдӕр, бӕстондӕр базонгӕ дуджы раззагон хъуыдытимӕ, хайад исын  райдыдта  студентты  алыгъуызон  кружокты. Уым ӕй  ӕрӕййӕфта  1917  азы февралы революци  ӕмӕ дзы  райста активон  хайад. Петрограды студентты революцион змӕстытӕн  уыд сӕ астӕу, уыдонимӕ райста активон хайад Стыр Октябры социалистон  революцийы дӕр.

Революцион зондахастыл  лӕуд  студенттимӕ 1917 азы  ноябры  мӕйы  Владимир  ӕрцыд  Петрограды  губернийы  горæт Гдовскмӕ. Уым 1917-1918 азы уыд  Гдовскы  уезды ӕххӕстгӕнӕг комитеты  сӕрдары хӕдивӕг, 1918 азы та ссис  йӕ сӕрдар. Уыдис дзы ахӕм хабар дӕр: 1918 азы райдианы  уыд немыцы ӕрбабырст. Владимир йе ‘мбӕлттимӕ растын кодта зӕхкусджыты, йӕхӕдӕг  къухдариуӕг  кодта сырх ӕфсӕддонтӕн, аккаг ныхкъуырд  радтой  контрреволюционертæ ӕмӕ интервенттӕн. Уезд сӕрибаргонд ӕрцыд. Владимиры ном ӕмӕ кад бӕрзонд систой Гдовскы уезды адӕм.

Уырыссаг   ӕмбисонд ахӕм ис: «Алы ран дӕр  хорз у, фӕлӕ  хӕдзары – иууыл хуыздӕр». Владимирӕн ӕнӕзонгӕ нӕ уыдысты Хуссар Ирыстоны хабӕрттӕ, ныр ӕм фаг цӕттӕдзинад  уыд революцийы  фӕндӕгтӕ  адарддӕр кӕныны хъуыддаджы. Ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, 1918 азы июны мӕйы  сыздӕхт Ирыстонмӕ ӕмӕ ссис революцион  змӕлды  разамонӕг.

Владимир ӕрӕййӕфта Ирыстоны зынгӕ революцион куыстгӕнджыты: Абайты Алыксандр, Дзаттиаты Алыксандр, Козаты Разден, Плиты Арон ӕмӕ ӕнд. Йе ‘рыздӕхты кой ракодта Плиты Арон дӕр, кӕцы  фыста: «… 1918 азы сӕрды Санахъоты  Владимиримӕ иумӕ  рараст стӕм Хуссар Ирыстонмӕ ӕмӕ ӕрӕвнӕлдтон  организацион-пропа-гандистон ӕмӕ дзыллон-агитацион  куыстмӕ».

Уыцы аз июлы мӕйы уагъд ӕрцыд Компартийы уӕнгты ӕмбырд, уым ӕвзӕрст ӕрцыд оргбюро Владимиры сӕргълӕудӕй.

Ацы партион организацийӕн 1919-1920 азты Владимир уыд сӕрдар. Зӕгъын хъӕуы, уыцы азты ӕппӕт змӕлд ӕмӕ тохтӕн Владимир уыдис сӕ раздзӕуӕг, сӕ къухдариуӕггӕнӕг. Хуссар Ирыстоны революцион тохты уавӕр ӕмӕ фӕстиуджыты дӕр Владимир хъусын кодта Мӕскуымӕ – Кремлмӕ.

Советон хицауады расидт Онӕй Душетмӕ дӕр Владимиры хъусдарды бын уыд.  Хуссар Иры революцион растад Гуырдзыйы  меньшевикон хицауад  туджы  лӕсӕнты  бын фӕкодта. Цъыбыртты сыгъд бакодтой Хуссар  Ирыстоны хъӕуты, адӕм фӕндӕгтыл, æфцгуытыл, Цӕгат Иры зӕххыл  цытӕ  бавзӕрстой, уыдӕтты  уыдта Владимир  ӕмӕ йе  ‘мкусджытимӕ  ӕппӕт тыхтӕ дӕр радта уымӕ, цӕмӕй  лидзӕг, фӕхауӕггаг  адӕмы къух  фӕрӕуӕгдӕр кодтаид.

Фӕуӕлахиз Советон хицауад, 1921 азӕй ралӕууыд ног дуг, Хуссар Ирыстоны дӕр, иустӕмтӕй фӕстӕмӕ, здӕхын райдыдтой сӕ сыгъд  уӕзгуытӕм.

1921 азы Владимир ӕвзӕрст ӕрцыд Хуссар Ирыстоны Революцион комитеты сӕрдарӕй. Йӕ бӕрны уӕвӕг хӕстӕ хорз ӕмбӕрста, уыдоны ‘хсӕн ахсджиагдӕрыл нымадта фæстæмæ ӕрлидзӕг адӕмы уавӕр. Ӕппӕт тыхтӕ дӕр радта, цӕмӕй адӕмæй зымæгмæ æнæ хæдзар мачи баззайа, хӕрд ӕмӕ дзаума цух  ма уой, сывӕллӕттӕ, фӕсивӕд та скъолатӕм  бацӕуой.

Йӕхи цард дзы  рох дӕр  фӕцис, йе ‘нӕниздзинадыл  адӕмы мӕтӕй  нал хъуыды кодта, 1921 азы  цалдӕр  мӕйы  уыдис  уатон  рынчын, фӕлӕ уӕддӕр йӕ хъусдард  адӕммӕ нӕ фӕнымӕгдӕр.

Уӕдмӕ Хуссар Ирыстонæн радтой автономи. Гуырдзыстоны ног хицауад Республикӕ раттыныл не сразы, нӕ разы кодтой автономион област раттыныл дӕр. Ацы хъуыддаджы дӕр егъау уыд йæ архайд Владимирæн. Гуырдзыстоны хицауад тагъд бамбӕрстой, Хуссар Ирыстонæн хуымӕтӕг раздзӕуӕг кӕй нӕй.

Ног ралӕугӕ хицауадӕн Владимир уыдис йӕ фӕдисон. Бирæ бæрнон бынæтты куыста. 1924-1926 азты куыста Фӕскавказы крайон комитеты хистӕрӕй, 1926-1932 азты уыд Хуссар Ирыстоны Автономон областы фӕндӕгты арӕзтады хистӕр; 1933-1934 азты та куыста Хуссар Ирыстоны адӕмон ахуырады директорæй. Арӕхстджын уыд Владимир алы хъуыддаджы дӕр. Хъару ӕмӕ зондӕй ӕххӕст уыд, хъазуатон уыд алы куысты дӕр, сӕрыстыр ӕмӕ райгонд уыд партийы разамындӕй. Царды фыдӕбон йедтӕмӕ ницыма федта, ног дуджы 53-аздзыдӕй, йе уӕнгтӕ куы аивӕзта, уӕд ын ӕгъатыр дуг, 1937 аз, йӕ базыртӕ ӕрцагъта. Ӕнувыд цы партийыл уыд, уый знаг æй рахуыдтой. Ахст ӕмӕ ӕхст ӕрцыд уыцы аз.

Революцийы знӕгтӕн сӕттын чи нӕ бакуымдта, уыцы фӕлтӕрӕй Ирыстон 1937 азы аззад афтидæй.

1920 азы геноцидӕн йӕ астӕу чи уыд, ӕппӕт дӕр йӕхи цӕстӕй чи федта, адӕмӕн сӕрибары цард чи ӕрхаста, уыдон ӕнӕсдзырды бон фесты 1937 азы. Беджызаты Чермен ма бафӕрӕзта зӕгъын: «Ссӕдзӕм аз махӕй кӕмӕй  фӕуа рохы, уый не ʻхсӕн  ӕлгъыст уӕд фӕлтау!».

Зынгзæрдæ революционер, йæ адæмы амындыл æнувыд тохгæнæг Санахъоты Владимиры ном рох ма хъуамæ уа махæй æмæ йæ тохы хъуыддæгтæ нæ зæрдыл дарæм.

ПЛИТЫ Гацыр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.