28-æм майы  Бекъойты Эдуарды номыл  нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы 4-æм «б» къласы ахуыргæнинæгтæн  уагъд æрцыд рæсугъд бæрæгбон – «Хæрзбон, райдиан скъола», зæгъгæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, райдиан скъолайы бирæ алыгъуызон мадзæлттæ уагъд æрцæуы, фæлæ ацы бæрæгбон у уæлдай ахсджиагдæр, сывæллæттæ йæ бахъуыды кæнынц цæрæнбонтæм. «Хæрзбон, райдиан скъола»-йы бæрæгбон хатдзæгтæ саразы скъолайы царды ахсджиаг рæстæгæн. Уый у адæймаджы царды фыццаг ахуыргæнæгæн хæрзбон зæгъыны бæрæгбон. Ахуырадон уагдоны актон зал уыд бæрæгбонвæлыст, хъуыстысты дзы музыкæйы æхцон зæлтæ. Залы æлдариуæг кодта бæрæгбонон атмосферæ. Сывæллæтты хъæлдзæг хъæлæба дардмæ хъуыст. Мадзалмæ æрбацыдысты скъолайы ахуыргæнджытæ, скъолайы директоры хæстæ æххæстгæнæг Дыгъуызты Лианæйы сæргълæудæй, ныййарджытæ, нанатæ, дадатæ æмæ æндæр уазджытæ.

Рауагъдон бæрæгбон сорганизаци кодта сæ ахуыргæнæг Гæбæраты Мадинæ. Мадзал амыдтой ацы къласы ахуырдзаутæ Уазæгты Амагæ æмæ Сагкаты Джесикæ. Мадзаламонæг Уазæгты Амагæ загъта: «Фæстейæ баззадысты скъолайы ахуыры цыппар азы. Сымах æй хъуыды кæнут алцыдæр куыд райдыдта, уый? Куыд нæ ахуыр кодтой партæйы фарсмæ æрбадыныл, партæйæ рæсугъд сыстыныл. Цыппар азмæ цал тетрады ныффыстам, куыд нæ зыдтам дамгъæтæ фыссын. Фæлæ ныр мах систæм зондджындæр, фæхъомылдæр стæм. Иттæг хорз базыдтам райдиан скъолайы программæ». Ахуырдзаутæ сæххæст кодтой инсценировкæ ирон æвзагыл, афтæ ма мадæлон æвзагыл бакастысты æмдзæвгæтæ. Сæххæст кодтой ирон зарæг – «Абон у махæн стыр бæрæгбон», зæгъгæ. Ирон кафт тынг хорз сæххæст кодта Лалыты Арсен. Сывæллæттæ равдыстой сценкæтæ, куыд, зæгъæм, инсценировкæ равдыстой англисаг æвзагыл дæр æмæ уымæй хатдзæгтæ сарæзтой англисаг æвзагæй сæ зонындзинæдтæн. Ахуыргæнинæгтæ аив сæххæст кодтой дзыллон национ кафт «Симд».

«Æцæг хæлардзинад райдайы скъолайы, кæцы ахæссы цæрæнбонтæм. Мах схæлар стæм кæрæдзиимæ æмæ ныр уыцы хæлардзинад немæ хизы 5-æм къласмæ», – дзырдтой мадзаламонджытæ. Ахуырдзаутæ бузныджы ныхæстæ загътой сæ англисаг æвзаджы æмæ физкультурæйы ахуыргæнджытæн. Равдыстой сценкæ физкультурæйы урочы фæдыл. Бузныг загътой сæ ныййарджытæн, сæ царды иууыл фыццаг ахуыргæнджытæн. Бакастысты ныййарджыты тыххæй фыст æмдзæвгæтæ. Уæлдай зæрдæмæхъаргæдæр уыдысты, сæ фыццаг ахуыргæнæджы тыххæй цы æмдзæвгæтæ бакастысты, уыдон. «Мадинæ Мухары чызг, дæуæн ацы рауагъд фыццаг нæу, фæлæ дæуæн алкæцы рауагъд дæр тынг æввахс у дæ зæрдæмæ. Махæн та уый у нæ фыццаг рауагъд. Мах дæ никуы ферох кæндзыстæм», – дзырдтой ахуырдзаутæ. Ахуыргæнинæгтæ сæ фыццаг ахуыргæнæджы цытæн бакастысты æмдзæвгæ ирон æвзагыл: «О, ахуыргæнæг», зæгъгæ, цыран ис ахæм рæнхъытæ, зæгъгæ, алкæмæн дæр йæ ахуыргæнæг хорз у, фæлæ нæ ахуыргæнæг у иууыл хуыздæр. Чызджытæ сæххæст кодтой «Чызджыты кафт».

Йæ хъомылгæнинæгты тыххæй бирæ хъарм ныхæстæ загъта Гæбæраты Мадинæ. «Мæ зынаргъ, уарзон ахуыргæнинæгтæ! Цыппар азы размæ сымах скъолайы къæсæрæй куы æрбахызтыстут, уæд нæдæр кæсын зыдтат æмæ нæдæр фыссын, нæдæр нымайын. Ахуыр уæ кодтон фыссын æмæ кæсын, кæрæдзиимæ хæлар уæвын. Абон мах хъæлдзæг дæр стæм æмæ æнкъард дæр. Æнкъард  уымæн, æмæ кæрæдзийæн хæрзбон кæй дзурæм. Мæнæн уыдзæн ног ахуырдзаутæ æмæ сымахæн та – ног ахуыргæнджытæ. Мах сымахимæ рацыдыстæм даргъ фæндагыл. Бонæй-бонмæ уæ зонындзинæдтæ кодтой фылдæрæй-фылдæр. Ахуыр кæнут æрмæстдæр хорз нысæнттыл æмæ уæ уæд  æз дæр уыдзынæн сæрыстыр. Атахтысты цыппар азы. Æмæ абон сымахæн зæгъын хæрзбон. Разæй уæм æнхъæлмæ кæсынц бирæ ногдзинæдтæ, ног ахуыргæнджытæ æмæ уæлахизтæ. Мæ зæрдæ уын зæгъы æнтыстытæ уæ дарддæры царды. Ут цæвиттойнаг», – загъта Гæбæраты Мадинæ.

Уый фæстæ скъоладзау  лæппуты иугай фæхуыдта вальс акафынмæ, кæцыйы рæстæджы экраныл æвдыст цыдысты сывæллæтты скъолайы цардæй ист видеороликтæ. Чызджытæ дæр акафыдысты вальс. Сæ фыццаг ахуыргæнæгæн балæвар кодтой сырх уарди дидинджыты егъау баст. Гæбæраты чызг ма бузныджы ныхæстæ загъта активон ныййарджытæн, кæцытæ æппынæдзух дæр уыдысты йæ цуры бахъуыды рæстæджы.

4-æм къласы рауагъдонтæн, сæ ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæн арфæйы ныхæстæ загъта ахуырадон уагдоны директоры хæстæ æххæстгæнæг Дыгъуызты Лианæ. «Бузныг, ахæм диссаджы бæрæгбонон мадзал кæй сорганизаци кодтат, уый тыххæй. Мадинæ Мухары чызг йæ хъуыддаджы æцæг специалист кæй у, уый та абон дæр уæлдай хатт фæбæрæг ис. 20 азы размæ æз дæр мæ хъæбулы æрбакодтон ацы курдиатджын ахуыргæнæгмæ æмæ йæ барæвдыдта ныййарæг мадау. Абон дæр йæ кой арæх ракæны мæ чызг, кæд 20 азы рацыд, уæддæр æй нæ рох кæны. Бузныг дæ æнувыд куысты тыххæй», – банысан кодта  Дыгъуызты Лианæ.

Ныййарджыты номæй Гæбæраты Мадинæйæн бузныджы ныхæстæ загъта Джергаты Аллæ. «Ды дæ стыр æмæ æргом зæрдæйы хицау адæймаг. Ды нын нæ сывæллæтты хи хъæбултау куыд рæвдыдтай, уый диссагæн дзуринаг у. 27 ахуыргæнинагæй алкæйы зæрдæмæ дæр ссардтай фæндаг. Уый та дзурæг у, дæуæн ахуыргæнæджы, хъомылгæнæджы професси хуыцауæй лæвæрд кæй у, ууыл. Стыр бузныг, сывæллæттæн цы хъармдзинад æмæ уарзондзинад балæвар кодтай, уый тыххæй. Æгæрон бузныг дæ сты ныййарджытæ иууылдæр».

Ныййарджыты номæй ма Гæбæраты Мадинæйæн арфæйы ныхæстæ загъта Бабаты Эсмæ дæр.  Æмæ, æцæгæйдæр, цас хъарутæ бахардз кодта ацы мадзал сорганизаци кæныныл дæр. Алцы дæр, ома, кафын дæр, зарын дæр сын бацамыдта йæхæдæг. Алкæмæн ахæм зæрдæбын куыст кæнын йæ бон нæ бауыдзæн. Ахуырдзаутæ æмбæлон зонындзинæдтæ кæй райстой, уый ирдæй зынд сæ архайдæй. Гæбæраты Мадинæ йæ хъомылгæнинæгты схорзæхджын кодта грамотæтæй сæ хорз ахуыр æмæ уагахасты тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, бæрæгбонон мадзалы фæстæ сывæллæттæй бирæтæ нæ баурæдтой сæ цæстысыг, дыккаг мады хуызæн сын чи ссис, уыцы ахуыргæнæгæй кæй хицæн кæнынц, уый тыххæй. Бирæ сывæллон, æвæццæгæн, йæ мады фæстæ дæр уыйас никуы фæкуыдта, уыдон цас фæкуыдтой. Систой зæрдылдарæн къамтæ дæр.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ 30-æм майы Гæбæраты Мадинæ йæ хъомылгæнинæгты кæй акодта æрдзы хъæбысмæ æмæ сын кæй арвитын кодта тынг хъæлдзæг рæстæг. Адæймаг æнæмæнгæй дæр ахъуыды кæндзæн, цас хъуамæ уарзай дæ професси æмæ дзы фæллайын ма зонай æмæ ахæм мадзæлттæ ауадзыныл æппæт тыхтæй кусай. Бузныг, Ахуыргæнæг!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.