Кæд бирæтæ сæ сомбоны дæсныйад, хистæр кълæсты ма куы фæахуыр кæнынц, уæд равзарынц, уæд Знауыры районы Амбреты хъæуы цæрæг Хъотайты Заирæ та уыцы фарст аскъуыддзаг кодта, райдиан кълæсты ма куы ахуыр кодта, уæд. Цыппар хо æмæ иу æфсымæры хистæр кæй уыд, уый тыххæй куыддæр цумахъом фæцис, афтæ, хорз ныййарæгау, йæ хъус лæмбынæг дардта йæ мадызæнæгтæм. Æмæ сæм æрмæст йæ хъус нæ дардта, фæлæ ма сæ цайдагъ кодта, алы адæймагæн дæр царды ахсджиаг чи у, ахæм хъуыддæгтыл, хистæрæн аргъ кæнын, куыст æмæ фыдыбæстæ уарзыныл. Уыимæ ма сын каст зындгонд ирон фысджыты уацмыстæ. Арæхдæр Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Секъа, Коцойты Арсен, Дзанайты Иван æмæ æндæр фысджыты радзырдтæ æмæ æмдзæвгæтæ. Уый хорзæрдæм бандæвта йæ хотæ æмæ æфсымæрыл. Фæцайдагъ сты сæ хомæ хъусыныл æмæ сæ фæстагмæ æндæр истытæ æндавгæ дæр нал кодтой. Сæ коммæ-иу куы нал каст, уæд-иу сæ лæгъзтæйæн кæрон дæр нал уыд. Ахæм ахаст Заирæйæн йæхиуыл дæр бандæвта хорзæрдæм. Тынгдæр бауарзта чингуытæ, ирон фысджыты уацмыстæ кæсын æмæ йæ сæрибар рæстæг хардз кодта æрмæстдæр уыдоныл.

Уымæй дарддæр ма Заирæйы райгуырæн хъæу Амбреты дзæвгар уыд бирæ сывæллонджын бинонтæ. Иумæ цы алыгъуызон хъæзтытæй хъазыдысты, уыдонæй иу уыд скъола, ахуыргæнæг æмæ ахуыргæнинæгтæй хъазт. Заирæ кæсынмæ сегасæй рæвдздæр кæй уыд, уый тыххæй ахуыргæнæджы роль арæхдæр æххæст кодта йæхæдæг. Уæдæй фæстæмæ, цалынмæ скъола каст нæ фæцис, уæдмæ дæр йæ хъуыдыйæ иунæг уысм дæр никуы ахауд, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг кæй хъуамæ суа, уый.

1967 азы хорз нысæнттыл каст фæцис Хъорнисы астæуккаг скъола æмæ уыцы аз ахуыр кæнынмæ бацыдис Цхинвалы паддзахадон педагогон институтмæ. Æвзонг чызгæн сæххæст йæ рагон бæллиц æмæ йæ уый тынгдæр разæнгард кодта, институты йæ разы цы хæстæ лæууыд, уыдоны æххæст кæнынмæ. Институты Заирæ хъуыддæгтæ уæлдай хуыздæр цыдысты ирон æвзаг æмæ литературæйæ. Ахуырадон программæмæ хаст цы уацмыстæ æрцыдис, уыдонæй иу дæр нæ разынд, Заирæ фыццаг хатт кæуыл фембæлд. Скъолайы агъоммæ æмæ скъоламæ куы цыд, уæд сын сæ фылдæр бакаст цалдæргай хæттыты. Йæ ахæм цæттæдзинады тыххæй йæ лектортæй арфæйы ныхæстæ æрмæст йæхæдæг нæ иста, фæлæ йæ ныййарджытæ, æмæ кæм ахуыр кодта, уыцы скъолайы ахуыргæнджытæ дæр.

Институты фæстæ Заирæ æгуыст бирæ рæстæг нæ баззад. Йæ фæллойадон фæндаг райдыдта Уахтъанайы скъо-лайæ. Цъус рæстæг ма акуыста Терегуаны скъолайæ дæр æмæ ныр 50 азы та цæсгомджынæй ахуыргæнæджы хæстæ æххæст кæны Знауыры поселочы астæуккаг скъолайы. Заирæ йæ хæстæ хорз кæй æххæст кæны, уый бæрæг у уымæй дæр æмæ йæ ахуыргæнинæгтæ ройонон æмæ республикон олимпиадæтæ æмæ конкурсты арæх бацахсынц раззаг бынæттæ. Къорд азты йе ‘нувыд куысты тыххæй ацæугæ аз октябры мæйы Заирæ «Сгуыхт ахуыргæнæг»-ы кадджын ном райста Хуссар Ирыстоны уæды президент Бибылты Анатолийы къухæй.

Заирæйæн куыстмæ цахæм ахаст ис, уый тыххæй та мын скъолайы директор Хуыгаты Валентинæ афтæ зæгъы, зæгъгæ, куыд не скъолайы, афтæ æндæр рæтты дæр цъус не сты хорз ахуыргæнджытæ, фæлæ Заирæмæ куысты фыццаг бон цы тырнындзинæдтæ уыдис, уыцы тырнындзинæдтимæ кусы абон дæр.

Уал азы дæргъы Заирæ йæ куыстæй кæй нæ фæлмæцы, уый тыххæй та мын йæхæдæг афтæ зæгъы, зæгъгæ, адæймаг цы куыст бауарза, уый цыфæнды зын ма уа, уæддæр ын йæ æххæст кæнын хæссы æрмæстдæр  æхцондзинад. – Хæрз æвзонгæй бауарзтон ахуыргæнæджы куыст æмæ мæ уæды æнкъарæнтæ абон дæр нæма нымæг кæнынц.

Заирæ кæд скъолайæ рæгмæ æрбацæуы, уæддæр йæ хæдзаргæрон зæхх æнæхъусдард нæ уадзы. Бакусы йæ хорз æмæ дзы æрвылаз дæр райсы хъæздыг тыллæг. Бинонты фаг дзы æркæны картоф, хъæдындз, уырыдзы, хъæдур æмæ æндæр ахæм алыгъуызон халсæрттæ æмæ дыргътæ.

                                                                                       ГÆЗЗАТЫ Иван

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.