5-æм сентябры Знауыры астæуккаг скъоламæ дидинджытимæ цыдысты ахуырадон уагдоны хъомылгæнинæгтæ. Куыд скъоладзаутæ, афтæ уагдон дæр уыд бæрæгбонвæлыст, хъуыстысты музыкæйы æхцон зæлтæ. Фæлæ уыцы бон уæлдай рæсугъддæр уыдысты, ацы скъоламæ цы 18 фыццагкъласоны æрбацыдысты, уыдон. Ахуыргæнинæгтæ кæрæдзийыл цин кодтой æмæ сæ цины хъæлæба дардмæ хъуыст. Бæрæгбонон мадзалмæ æрбацыдысты скъолайы ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ, ныййарджытæ, районы цæрджытæ. Уырдæм фæуазæг сты РХИ-йы Экономикон рæзты министры хæдивæг Тадтаты Дзамболат, РХИ-йы Парламенты депутаттæ Гæбæраты Инал æмæ Икъоты Витали, районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Пухаты Аллæ.

Цытджын линейкæ байгом кодта скъолайы директор Хуыгаты Валя. Уый йæ раныхасы, ног ахуыры азы райдианы цытæн, зæрдæбын арфæтæ загъта скъолайы ахуырдзаутæн. Æрсидт сывæллæттæм, цæмæй ахуыр кæной хорз, цæмæй фидæны сæ радтæг Ирыстонæн хъæугæ специалисттæй басгуыхой. Загъта сын цæмæй хъахъхъæной скъолайы кадджын традицитæ æмæ макуы фæхудинаг кæной сæ ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджыты. Скъолайы директор æрсидт ныййарджытæм, цæмæй сæ сывæллæтты ахуыргæнджытимæ æмгуыст кæной. Афтæ, зæгъ, куы уа, уæд сомбоны рæзгæ фæлтæр рацæудзысты хорз адæймæгтæ.

Мадзалы ма раныхас кодтой æмæ скъоладзаутæн ног ахуыры азы цытæн раарфæ кодтой Тадтаты Дзамболат, Гæбæраты Инал, Пухаты Аллæ æмæ æндæртæ. Бафæндыд сæ уыдонæн æнæниздзинад æмæ хорз æнтыстытæ сæ ахуыры. Фыццагкъласонтæ бакастысты æмдзæвгæтæ. Уый фæстæ сын айзæлыд фыццаг дзæнгæрæг æмæ скъоладзаутæ атагъд кодтой сæ кълæстæм.

Зæгъын ма хъæуы уый дæр æмæ 2019-2020 ахуыры азы скъолайы кæй уыд аст рауагъдоны. Уыдон иу-уылдæр систы уæлдæр ахуырадон уагдæтты студенттæ. Рауагъдонтæй сæ иу Икъоты Илонæ ссис Санкт-Петербургы медицинон академийы студенткæ, иннæтæ та систы ХИПУ æмæ ЦИПУ-йы студенттæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ куыд æрвыл  ахуыры аз, афтæ та ныр дæр ацы скъолайы руагъдон, амалиуæггæнæг Гобозты Алан фыццагкъласонтæн бакодта лæвæрттæ. Пакетты сын æрбахаста скъолайон дзаумæттæ – тетрæдтæ, ручкæтæ, къарандастæ æмæ афтæ дарддæр. Сæ мидæг канцтовартæ, афтæмæй фыццагкъласонтæн скъолайы хызынтæ  балæвар кодта парти «Иууон Ирыстон».  Уыдонæн ныййарджыты номæй бузныджы ныхæстæ загъта  Уалыты Евелинæ, кæцыйæн йæ хъæбулы хъæбул Уалыты Рауль ахуыр кæны ацы скъолайы. Уый уæлдай райгонд у Гобозты Аланы хæрзаудæн архайдæй.

Знауыры астæуккаг скъолайы директор Хуыгаты Валя стыр бузныг у йæ раздæры хъомылгæнинагæй. «Арæх нæм æрбацæуы скъоламæ æмæ бацымыдис кæны, тынгдæр цæуыл тыхсæм, уымæ. Алан æрвылаз дæр баххуыс кæны скъолайæн иу кæнæ иннæ хъæуæг дзаума самал кæнынæн. Æгас ахуыры аз нæм йæ хъус фæдары лæмбынæг. Педколлектив, ныййарджытæ æмæ дзы скъоладзаутæ иууылдæр сты райгонд», – загъта ахуырадон уагдоны директор.

Знауыры астæуккаг скъолайы абон ахуыр кæны 180 скъоладзауы

.ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.