Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министрады саперты къорд «Лидер» ацы къуыри æрцыд Хуссар Ирыстонмæ, цæмæй хицæн территориты ссыгъдæг кæной минæтæ, гранаттæ, артиллерион æмæ алыгъуызон калибры нæмгуытæй рæмудзæн æрмæджытæй.

Ацы куыстытæ æххæст æрцæудзысты РХИ æмæ УФ-йы ‘хсæн æмгуыстады нывæзтмæ гæсгæ.

«Лидер»-ы сапертæ ивгъуыд аз июны мæйы Цхинвалы районы Ереды хъæуы территорийыл ныссыгъдæг кодтой 50 га фæзуат рæмудзæн æрмæджытæй. Дыууæ мæймæ уыдон æрвылбон дæр арæзтой нывтæ æмæ видеохыгъдтæ бакæнгæ куысты тыххæй. Сæ куысты рæстæджы уыдон ссардтой 350 рæмудзæн æрмæджы бæрц. Ныр уыцы бынæтты, гæнæн ис хъæууонхæдзарадон æмæ арæзтадон куыстытæ уадзынæн. Ссыгъдæг зæххыты фадгуытæ радтын –  райсыны фæдыл актыл сæ къухтæ бафыстой РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министр Санахъоты Сергей æмæ УФ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады саперты къорды хистæр Игорь Кутровский.

«Лидер»-ы уæнгтæ уæд нæ республикæмæ æрцыдысты 30 адæймаджы скондæй. 80 боны бæрц фæкуыстой ацы къорды лæппутæ æмæ цæсгомджынæй сæххæст кодтой сæ куыст. Уæд «Лидер»-ы хистæр куыд дзырдта, афтæмæй: «Нæ куыст у тынг тæссаг, нæ быхсы рæдыдтытæ. Алчидæр зоны сапер йæ царды æрмæстдæр иунæг хатт кæй фæрæдийы… Сапертæ сæ куыст иууылдæр сæххæст кодтой цæсгомджынæй. Махæн æххуыс кодтой РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады службæгæнджытæ. Уымæ гæсгæ нæ куыст фæцис æмгъуыдæй раздæр».

Ныр дæр та УФ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады сопертæ æрцыдысты нæ республикæмæ æмæ Знауыры районы Аунеуы хъæуы быдыртæм бавнæлдтой минæтæй сыгъдæг кæнынмæ. Хъуамæ ссыгъдæг кæной 24 га зæххы территори. Сыгъдæг ма æрцæу-дзæнис Цхинвалы районы Сарабукъы алыварс  цы территори ис, уый дæр.

РХИ-йы Уæлвæткон Уавæрты министр Санахъоты Сергей куыд зæгъы, афтæмæй: «Минæтæй сыгъдæг кæныны фæдыл операцитæ уадзæн центр «Лидер»-ы сапертæ ивгъуыд аз бакодтой ахадгæ куыст. 30 адæймаджы бæрц æрцыдысты æмæ æвæстиатæй æрæвнæлдтой куыстытæм Ереды хъæуы быдырты. Уым цы ахадгæ куыст бакодтой уый тыххæй хорзæхджын æрцыдысты Президенты барамындмæ гæсгæ, майдантæй æмæ Кады грамотæтæй. Ныссыгъдæг кодтой Ереды быдыр, кæцыйы фæзуат уыд 50 гектармæ æввахс. Уырдыгæй систой 350 рæмудзæн æрмæг. Кæцытыл гæнæн уыд æмæ спырх уыдаиккой адæймæгтæ æмæ хæдзарон фос. Ныр дæр нæ республикæмæ цы сапертæ æрцыд, уыдон æрæвнæлдтой Аунеуы быдыр сыгъдæг кæнынмæ, уымæн æмæ сæрмагондæй, ацы бынаты,  развæлгъау зонæнтæм гæсгæ ис ныгæд бирæ рæмудзæн æрмæджытæ. Мах нæхæдæг æвдисæн стæм ивгъуыд аз ам фос цы æрыгон лæппу – Гусалты Æхсар хызта, уый йæ адзал куыд ссардта минæйыл фæлæугæйæ, уымæн», – загъта Санахъоты Сергей.

Саперты къухдариуæггæнæг, булкъон Александр Саввин та загъта: «Ивгъуыд аз нæ разы цы хæс уыд, уымæй ацы аз зындæр хæс лæууы нæ разы. Ацы аз кæд æрмæстдæр 24 га зæххы фадыг сыгъдæг кæндзыстæм рæмудзæн æрмæджытæй уæддæр ивгъуыд аз цы быдыр ныссыгъдæг кодтам, уымæй Аунеуы быдыр бирæ хатты вазыгджындæр сыгъдæгкæнинаг у. Уый хыгъд ацы аз немæ æрластам техникæйы фондз иуæджы. Бронетехникæйы фæрцы, сæрмагондæй, та робот-машинæйы æххуысæй мах æмгъуыдмæ фæуыдзыстæм нæ куыст. Куыддæр техникæ йæ куыст бакæна, афтæ та цы 20 сапер æрцыд, уыдон азилдзысты быдырты, цæмæй куыст рацæуа бынтон ахадгæ. Цыдæриддæр быдыры минæтæ, гранаттæ æмæ нæмгуытæ ссардæуа, уыдон бынаты æрцæудзыс-ты рæмыгъд», – загъта «Лидер»-ы командагæнæг Александр Саввин.

РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министр Санахъоты Сергейы ныхæстæм гæсгæ йæ министрады кусджытæ, практикон хуызы ахуыртæ рацæудзысты, Уæрæсейы Федерацийы сапертæ кæм кусынц, уыцы бынæтты.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, УФ-йы уæлвæткон уавæрты министрады саперты къорд, кæцытæ æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ, кæй сты иууыл цæттæдæр æмæ фæлтæрдджындæр специалисттæ. Уыдон ахæм куыстытæ æнтыстджынæй кодтой, канд, Уæрæсейы территорийыл нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.