Хуссар Ирыстон  банысан кодта хæдбардзинад банымайыны 15 азы бон
Уӕрӕсейы Федераци Хуссар Ирыстоны паддзахадон хӕдбардзинад куы банымадта, уыцы нысаниуӕгджын боныл 15 азы сӕххӕсты цытӕн бæрæгбонон цытджын æмбырд уагъд æрцыд Паддзахадон драмон театры бæстыхайы. Хайад дзы райстой бӕстӕйы разамынад Президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй. Традицимæ гæсгæ сценæмæ Хъахъхъæнынады министрады цытджын караул æрбахастой Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон тырысатæ. Айзæлыдысты дыууæ бæстæйы гимнты зæлтæ.

Паддзахадон хæдбардзинад нысан кæныны бæрæгбонмæ Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты делегацитæ Уӕрӕсейы Федерацийы Паддзахадон Думӕ ӕмӕ Федерацийы Советӕй, æфсымæрон республикæ – Цæгат Ирыстон-Аланийæ, Паддзахады Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы сæргълæудæй, Хъырым, Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæтæй, Кæсæг-Балхъарты, Дагъыстан æмæ æндæр республикæтæй, Турк ӕмӕ Никарагуайӕ.

Цытджын æмбырды ма хайад райстой бæстæйы раздæры сæргълæууӕг Тыбылты Леонид, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæвар Марат Кулахметов, хицауад æмæ парламенты, районты æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн, бӕрӕгбонмӕ нӕм ӕндӕр бӕстӕтӕй цы цытджын делегацитӕ ӕрцыд, уыдонӕн, паддзахадон ахсджиаг бӕрӕгбоны тыххӕй бузныджы ӕмӕ арфӕйы ныхӕстӕ ракодта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Гаглойты Алан (Президенты раныхас мыхуыр ӕрцыд).

Бӕрӕгбоны охыл Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путины арфӕйы фыстӕгимӕ цытджын ӕмбырды хайадисджыты базонгӕ кодта Паддзахадон Думӕйы сӕрдары хӕдивӕг Владислав Даванков.

Бӕрӕгбонон хъарм арфӕтӕ Федерацийы Советы сӕрдар Валентинӕ Матвиенкойы номӕй ракодта Федерацийы Советы комитеты сӕрдар Григори Карасин. Уый банысан кодта, нӕ бӕстӕйы хӕдбардзинады бӕрӕгбоныл 15 азы сӕххӕстӕн кӕй ис ӕхсӕнадӕмон нысаниуӕг. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ ирон адӕмы ныфсхастдзинад ӕмӕ рӕстдзинад 2008 азы августы мӕйы фӕуӕлахиз коллективон ныгуылӕны амбицитыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныгуылӕн уыд гуырдзиаг къухдариуӕгады агрессивон фӕндтӕ ӕмӕ хъуыдыты фарс.

Хæдбардзинады, æфсымæрдзинады бæрæгбон

«Уӕрӕсейы Федерацийы ӕххуыс уыд хъомысджын фактор, фӕлӕ ирон адӕмы хъӕбатыр-дзинад ӕмӕ фидардзинад ноджыдӕр сбӕлвырд кодта, рӕстдзинад ӕмӕ хӕдбардзинадмӕ тырнӕг адӕмӕн кæй нӕй сӕ разы ӕрлӕууӕн», – банысан кодта уый.

Паддзахадон Думӕйы Сӕрдар Владимир Володины номӕй бӕрӕгбонон арфӕ ракодта Хӕдбар Æмхӕларад паддзахадты хъуыддӕгты, евразиаг интеграци ӕмӕ ӕмфыдыбӕстӕйонтимӕ бастдзинӕдты фӕдыл Думӕйы комитеты сӕрдар Леонид Калашников. Банысан кодта, 15 азы размӕйы цаутӕ абон дарддӕр кæй кӕнынц, зӕгъгӕ, 2008 азы август тӕпп нӕ ӕрӕвӕрдта, фӕлӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй уыд къӕдзыг. Æрсидт алкӕмӕдӕр, цӕмӕй нӕ зӕрдыл дарӕм ивгъуыд цаутӕ ӕмӕ ныхъхъуыды кӕнӕм, дарддӕр цы аразын хъӕуы, уыдӕттыл.

Æфсымӕрон Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло йӕ бӕрӕгбонон арфӕйы банысан кодта, зӕгъгӕ, 2008 азы августы мӕйы Уӕрӕсейы президенты уынаффӕ ӕмӕ хуссарирыстойнаг адӕмы хъаруты руаджы ноджыдӕр бӕлвырд ӕрцыдысты сӕрибар цардмӕ нӕ бартӕ.

«15 азы размӕ гуырдзиаг агрессортӕ бабырстой сабырцӕрӕг Хуссар Ирыстонмӕ, уый фӕстӕ, бирӕ цӕрӕдздзаг удты аргъӕй, нӕ бӕстӕ 2008 азы 26 августы ссис хӕдбар паддзахад. Уыцы хӕдбардзинад уыд размӕ цӕуын ӕмӕ царды ныфсы бындур. Ӕмӕ 15 азы фӕстӕ сабыр царды гарант сты республикӕйы цӕрджытӕ сӕхӕдӕг ӕмӕ Стыр Уӕрӕсе», – банысан кодта уый.

Ныртӕккӕ бирӕ ирон хъӕбатыр лӕппутӕ се ‘фсӕддон хӕс кӕй ӕххӕст кӕнынц Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы уӕрӕсейаг салдаттимӕ, уый дӕр банымадта нӕ ӕвӕджиаг хӕсыл, уымӕн ӕмӕ фыдгӕнӕджы ныхмӕ иумӕ хъуамӕ фӕлӕууӕм.

Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг ма банысан кодта, Ирыстоны хуссар ӕмӕ цӕгат хайӕн сӕ хъыг дӕр иу у ӕмӕ сӕ цин дӕр. Махӕн, зӕгъгӕ, ис иу культурӕ, иу бирӕӕнусон ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ традицитӕ ӕмӕ хиондзинад. Кӕд административон ӕгъдауӕй дихгонд стӕм, уӕддӕр мах стӕм иу адӕм.

Республикӕ Абхазы Президент Аслан Бжанияйы бӕрӕгбонон арфӕтӕ цытджын ӕмбырды ракодта юстицийы министр Анри Барциц. Банысан кодта, бузныг кӕй стӕм Уӕрӕсейӕ, уымӕн ӕмӕ дыууӕ бӕстӕйӕн уӕззау рӕстӕджы балӕууыд нӕ фарсмӕ ӕмӕ нӕ скуынӕг кӕнынӕй фервӕзын кодта, банымадта нын нӕ паддзахадты суверенитет. Мах, зӕгъгӕ, стыр аргъ кӕнӕм ӕфсымӕрон бӕстӕимӕ хӕлардзинадӕн. Уый тыххӕй ныртӕккӕ ирон адӕмы ӕмӕ Абхазы кадджын ӕмӕ ныфсхаст хӕстонтӕ уӕрӕсейаг ӕфсымӕртимӕ иумӕ Донбассы зӕххыл тох кӕнынц фашизмы ныхмӕ. Уӕхски-уӕхск лӕууынц ӕмӕ ноджыдӕр сӕ хӕлардзинад бӕлвырд кӕнынц Уӕрӕсейы Федерациимӕ.

Анри Барцицы ныхӕстӕм гӕсгӕ Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстон уырыссаг адӕмимӕ уыдысты 1941-1945 азты, ныртӕккӕ дӕр сты сӕ фарсмӕ ӕмӕ дарддӕр дӕр уыдзысты иумӕ.

Никарагуайы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Денис Роналдо Монкада Колиндерс йӕ раныхасы куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайын у историон рӕстдзинад ӕмӕ бӕстӕ йӕ хъысмӕт йӕхӕдӕг бӕлвырд кӕныны барты фарс кӕй балӕууыд, уыцы Акт.

«Никарагуа стыр аргъ кӕны ӕмӕ кад кӕны ӕфсымӕрон Хуссар Ирыстоны адӕмӕн.

Хуссар Ирыстоны суверенитет банымайын ссис историон къахдзӕф, ӕмӕ ӕмхуызон принциптӕ ӕмӕ сабырдзинадмӕ тырнӕг бӕстӕты баразӕнгард кодта паддзахадон хӕдбардзинад банымайынмӕ», – дзырдта ныхасгӕнӕг.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ ацы 15 азы дӕргъы республикӕ йӕ хъарутӕ здахы йӕ хӕдбардзинад сфидар кӕнын ӕмӕ хӕларадон, ӕхсӕнадӕмон бастдзинӕдтӕ бӕстон кӕнынмӕ. Мах, зӕгъгӕ, дисы ӕппары уӕ фӕндвидардзинад – зындзинӕдты сӕрты хизут ӕмӕ аразут паддзахад, кӕцы ӕвдисӕн у хъайтарон адӕмы бӕллицтӕ ӕмӕ фӕндтӕн.

«Никарагуа ноджыдӕр цӕттӕ у дыууӕфарсон ахастытӕ алыгъуызон фадгуыты фидар кӕнынмӕ ӕмӕ ахъаз кӕндзӕн иумиаг ӕмгуыстад ӕмӕ рӕзтӕн, йӕ хъарутӕ ног, рӕстаг бирӕполярон дунеон фӕткойтӕ бангомгӕнгӕйӕ.

Никарагуа ноджыдӕр сиды ӕмӕ цӕттӕ у Хуссар Ирыстоны фарс балӕууынмӕ, хӕлар ӕмӕ ӕнгом ахастытӕм.

Кӕсӕг-Балхъарты Республикӕйы Сӕргълӕууӕг Казбек Коковы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хӕдбардзинады бӕрӕгбон у хуссарирыстойнаг адӕмы фӕразондзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинады бӕрӕгбон. Банысан кодта, Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад Уӕрӕсе кӕй банымадта, уыцы Акт ӕмӕ Хӕлардзинад ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд фидар бындур ӕрӕвӕрдтой ирон адӕмы ныфсджын фидӕнӕн.

Уыдон, зӕгъгӕ, йӕ рӕзтӕн байгом кодтой уӕрӕх фӕндӕгтӕ республикӕйы цӕрджыты националон ӕргъадтӕн, культурон ӕмӕ монон бынтӕ бахъахъхъӕнынӕн сарӕзтой ныфсджын гарантитӕ. Фӕстаг азты республикӕйы хынцыд цӕуы паддзахадон арӕзтады, экономикон ӕмӕ социалон-культурон рӕзты ирд ӕнтыстытӕ. Республикӕйы царды уыцы позитивон ивындзинӕдтӕ бирӕбӕрцӕй баст сты, бӕстӕйы къухдариуӕгад цы политикон курс уадзы, уыимӕ – ӕдасдзинад ифтонг кӕнын ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хуссарирыстойнаг адӕмы нысанмӕздӕхт куыст ӕмӕ зондджындзинады руаджы.

«Махӕн ӕхсызгон сты ӕфсымӕрон республикӕйы ӕнтыстытӕ ӕмӕ дарддӕр дӕр фидар кӕндзыстӕм хӕларадон бастдзинӕдтӕ, рӕзын кӕндзыстӕм ӕмгуыстад цардархайды алы фадыджы.

Республикӕйы цӕрджытӕн бӕрӕгбоны цытӕн мӕ зӕрдӕ зӕгъы сабырдзинад, амондджын цард ӕмӕ хӕрзиуджытӕ», – банысан кодта уый.

Цӕцӕны Республикӕйы сӕргълӕууӕг Рамзан Кадыровы арфӕйы фыстӕг Президент Гаглойты Аланы номыл цытджын ӕмбырды бакаст Националон политикӕ, ӕддагон бастдзинӕдтӕ, мыхуыр ӕмӕ информацийы фӕдыл министр Ахмед Дудаев. Банысан кодта, Хуссар Ирыстонимӕ сын ӕмхуызон хъысмӕт кӕй ис.

«Нӕ бӕстӕты ӕхсӕн административон арӕнтӕ кӕуылты фӕнды ма цӕуой, уӕддӕр мах иу хъуыды ӕмӕ зондыл хӕст стӕм, нӕ ӕфсымӕрон ахастытӕн стыр аргъ кӕнӕм ӕмӕ кӕдфӕндыдӕр кӕрӕдзимӕ фӕдаргъ кӕндзыстӕм не ‘ххуысы къух», – банысан кодта уый.

Сабырдзинад, стабилондзинад ӕмӕ размӕцыды фӕндиӕгтӕ ракодта бӕрӕгбоны цытӕн цӕцӕйнаг уазӕг.

Мӕхъӕлы Республикӕйы сӕргълӕууӕг Махмуд-Али Калиматовы номӕй бӕрӕгбоны цытӕн мадзалы рӕстӕджы арфӕ ракодта хицауады сӕрдар Владимир Сластенин. Цытджын ӕмбырды хӕдразмӕ Хуссар Ирыстоны хӕстон цауты фӕдыл цы документалон фильм «Независимая» ӕвдыст ӕрцыд, уый стыр ӕнкъарӕнтӕ сӕвзӕрын кодта ныхасгӕнӕгмӕ, зӕгъгӕ, абон мах ӕвдисӕн стӕм ахӕм фӕлварӕнтӕн, кӕцытӕ цӕуынц империализмы ‘рдыгӕй. Фӕлӕ нӕ хӕстонтӕ бӕлвырд кӕнынц, знаджы фӕндтӕ кӕй нӕ сӕххӕст уыдзысты ӕмӕ тагъд рӕстӕджы уӕлахиз махӕрдыгӕй кӕй уыдзӕн.

Дагъыстаны бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меликовы бӕрӕгбонон арфӕйы фыстӕгимӕ æмбырды хайадисджыты базонгæ кæныны фӕстӕ Национ политикӕ ӕмӕ дины хъуыддӕгты фӕдыл министр Энрик Муслимов йӕхи номӕй Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн сабырад ӕмӕ ӕмразыдзинады фӕндиӕгтӕ загъта, уымӕн ӕмӕ, зӕгъгӕ, уыдон сты кӕцыфӕнды ӕхсӕнады райрӕзты сӕйраг бындур.

Хъырымы Республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Аксеновы номӕй арфӕйы ныхӕстӕ ракодта Министрты Советы Сӕрдары хӕдивӕг, Уӕрӕсейы Федерацийы президенты цур Хъырымы ӕдзухон минӕвар Георги Мурадов.

Банысан кодта, размӕцыды сӕйраг кæй у иудзинад. Æмӕ иудзинады руаджы, зӕгъгӕ, нӕ къухты бафтдзӕн историон уӕлахиз ӕмӕ уыдзыстӕм иумӕ, иумӕ нын уыдзӕн амонд, сабырад ӕмӕ хӕрзиуджытӕ.

Луганскы Адӕмон Республикӕйы Адӕмон Советы депутат Александра Коваленко Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн загъта бузныджы ныхӕстӕ хъӕбатырдзинады, ӕхсардзинады, фӕндвидардзинады ӕмӕ фидар удыхъӕды тыххӕй.  Бузныг загъта уазджытӕн дӕр сӕ ӕгӕрон ӕххуысы тыххӕй, сӕ фарсмӕ кӕй сты, иузӕрдиондзинад ӕмӕ ныфсджын уӕхск кӕй ӕнкъарынц.

«Æрмӕстдӕр иумӕ ӕрӕввахс кӕн-дзыстӕм сабырад «уӕлахизы» номимӕ», – банысан кодта уый ӕмӕ мадзалы хайадисджыты базонгӕ кодта Луганскы Адӕмон Советы Сӕрдар Денис Мирошниченкойы арфӕйы фыстӕгимӕ.

Донецкы Адӕмон Республикӕйы Адӕмон Ӕмбырды сӕрдар Владимир Бидевка арфӕ ракодта Донецкы бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Денис Пушилины ӕмӕ адӕмы номӕй Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымайыны боныл 15 азы сӕххӕсты ӕмӕ уал азы сабыр цардӕй цӕрыны тыххӕй. Уый, зӕгъгӕ, зынаргъ у, ӕмбӕстӕгтӕ, сывӕллӕттӕ сабыр цардӕй куы цӕрой ӕмӕ рӕзой. Уый у ирон адӕмы стыр хайбавӕрд ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ӕгӕрон ӕххуысы руаджы.

Йӕ раныхасы ма бузныджы ныхӕстӕ загъта Донецкы цӕрджыты номӕй ӕмӕ банысан кодта, зӕгъгӕ, украинаг фашизмы ныхмӕ тохты хуссарирыстойнаг адӕм фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ сты сӕ фарсмӕ.

«Хӕлар ӕнамонддзинады рабӕрӕг вӕййы. Фӕстаг 9 азы дӕргъы Донецкӕн дӕр хуымӕтӕг рӕстӕджытӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ нӕ амондӕн, махӕн разынд ахӕм ахсджиаг хӕлар ӕмӕ ӕфсымӕр, куыд Хуссар Ирыстон», –  банысан кодта уый.

Ныртӕккӕ дӕр, зӕгъгӕ, ирон хӕстонтӕ хайад исынц, Уӕрӕсе Украинӕйы цы сӕрмагонд ӕфсӕддон операци уадзы, уым. Ныфс бавӕрдта, уӕлахиз сӕ къухты кӕй бафтдзӕн, уымӕн ӕмӕ рӕстдзинады сӕрыл кӕй тох кӕнынц.

Цытджын ӕмбырды ма Хъӕрӕсе-Черкессийы бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Рашид Темрезов арфӕйы ныхӕстимӕ мадзалы хайадисджыты базонгӕ кодта горӕт Черкесскы мэр Алексей Баскаев. Арфӕйы ныхӕстӕ ма загъдӕуыд Приднестроваг-Молдаваг Республикӕйы сӕргълӕууӕг Вадим Красносельский ӕмӕ Санкт-Петербурджы хицауады номӕй.

Къæбулты  Марина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.