Республикæйы юбилейы цытæн бæрæгбонон мадзæлттæ адарддæр сты цытджын æмбырдæй, кæцы уыд паддзахадон театры бæстыхайы. Уырдæм хуынд æрцыдысты æхсæнадон æмæ политикон архайджытæ, уыцы бон немæ бæрæгбон чи дих кодта, уыцы уазджытæ – Уæрæсе, Цæгат Ирыстон, Республикæ Абхаз, Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты делегациты минæвæрттæ. Цытджын æмбырды хайад райстой нæ бæстæйы раздæры президенттæ Цыбырты Людвиг æмæ Тыбылты Леонид.

Традицимæ гæсгæ цытджын мадзал райдыдта Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырыса æрбахæссын æмæ гимны зæлтæ айзæлынæй.

Президент Бибылты Анатоли йæ доклады æрдзырдта нæ Республикæ расидыны агъоммæйы трагикон цаутæ æмæ гуырдзиаг агрессоры сырдон архæйдтыты тыххæй. Гуырдзыстоны фашизм, зæгъгæ, йæ сæйраг объектæй равзæрста Хуссар Ирыстоны.

Бæстæйы сæргълæууæг сæрыстырæй банысан кодта, ацы бæрæгбон кæй у кады мысынады æмæ адæмы националон сæрыстырдзинады символ, кæцы равзæрста сæрибармæ фæндаг æмæ ссардта хъарутæ æмæ тых-тæ – хъизæмæрттæ, уæззау зиæнттæ æмæ цæлхдурты сæрты хизынæн.

Дарддæр уый йæ доклады æр-дзырдта гуырдзиаг агрессийы фæстиуæгæн бынтон пырх кæй æрцыдысты Хуссар Ирыстоны экономикæ æмæ инфраструкту-рæ, раууатмæ æрцыдысты хъомысджын рауагъдадтæ, цæрæн хæдзæрттæ, цардифтонгады, æнæниздзинад хъахъхъæныны, ахуырад æмæ культурæйы дæсгай объекттæ. Уыдон сæндидзын кæнынæн хъуыд егъау финансон ресурстæ æмæ дæргъвæтин рæстæг. Хуссар Ирыстонæн иунæгæй нæ бантыстаид хæсты фæстиуæгæн архæйдтыты æмæ æртхутæгæй сæндидзын æнæ æфсымæрон æххуысæй. Президент банысан кодта, бирæ азты дæргъы нæ адæм кæй æнкъардтой Уæрæсейы æххуыс, æмæ хæстон архæйдтытæн кæрон кæй æрцыд 2008 азы августы трагикон бонты. Æмæ, æрмæстдæр, Уæрæсе кæй ссис ИНО-йы уæнг – фыццаг бæстæ, кæцы банымадта Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад.

«Абон Хуссар Ирыстон æн-тыстджынæй скъуыддзаг кæны социалон-экономикон рæзты хæстæ Уæрæсейы егъау бирæпланон æххуысы руаджы. Нæ арæнтæ æмæ нæ зæххыл сабырад хъахъхъæныны дæр сæйраг сты УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады 4-æм æфсæддон базæ æмæ Федералон Æдасдзинады службæйы Арæнгæрон управлени.

Ноджы æмæ ноджыдæр мах дзурæм: «Бузныг, Уæрæсе!». Ацы дыууæ ныхасы ис егъау æргом æмæ тыхджын бузныджы æнкъа-рæнтæ, уарзт æмæ æгæрон ныфс», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Мах, зæгъгæ, стыр бузныг стæм, Фыдыбæстæйы сæрибардзинад бахъахъхъæныны, паддзахаддзинадæн бындур æрæвæрын, республикæ аразыны рæстæджы куырыхондзинад æмæ хъæбатырдзинад чи æвдыста, æппæт уыдонæй. Æмæ ахæм цытджын бон мысæм уыдонæй алкæйы дæр, ацы бæрæгбон абон немæ чи хъуамæ нысан кодтаид, фæлæ уæлахиз æмæ хæдбардзинады ирд бæрæгбонмæ чи нал фæцард, уыдоны дæр.

Бахатыд цытджын мадзалы хайадисджытæм, цæмæй æмырæй алæугæйæ ссарой, нæ адæмы, нæ бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл чи тох кодта æмæ абон не ‘хсæн чи нал ис, уыдон рухс нæмттæ.

Бибылты Анатоли дарддæр дзырдта бæстæйы абоны уавæртыл – паддзахадон арæзтады æппæт къæпхæнтыл кæй рацыд, нæ адæм бирæ хæттыты кæй сбæлвырд кодтой барад, закъондзинад æмæ сæ бæстæйы уæвынадыл иузæрдиондзинад. Демократон æвзæрстытæ, къухдариуæгады æппæт къабæзты æмбарындзинад, адæмæн къухдариуæгады æргомдзинад дзурæг сты паддзахаддзинады фæлтæрддзинадыл.

«Нæ къухты бафтгæ æнтыстытæ нысангæнгæйæ адæм хъуыды кæндзысты сæрибардзинадмæ нæ алы къахдзæф дæр, нæ мæдты алы цæстысыг, цы туг ныккалд, уый алы æртах дæр. Хуссар Ирыстоны сæрибардзинад æмæ дидинæфтыд у нæ фидæны фæлтæрты æвæджиаг хæс. Фыдыбæстæйы раз уый алкæй хæс дæр у, уымæн æмæ хæст æмæ знаг нæ цардæй бирæ байстой. Уымæ гæсгæ хъуамæ тырнæм иу нысанмæ, Стыр Уæрæсеимæ æмцæдисад та у нæ республикæйы фидæ-ны фæндагон картæйы стратегион здæхт», – банысан кодта йæ ныхасы кæрон президент.

Бæстæйы фыццаг президент Цыбырты Людвиг йæ раныхасы банысан кодта, Хуссар Ирыстон кæй рæзы æмæ азæй азмæ хуызджынæй хуызджындæр кæй кæны. Уый дæр бузныг загъта Уæрæсейы Федерацийæн, бирæ азты дæргъы нæ республикæйæн йæ алыварсон æххуысы тыххæй.

«Рæстæг куыд тагъд лидзы… нæ республикæйыл сæххæст 30 азы», – райгондæй загъта уый.

Цыбыры фырты ныхæстæм гæсгæ нæ республикæ йæ хæдбардзинады фæндагыл йæ мидбынаты нæ лæууыд, 2008 азмæ тох цыд сæрибардзинады сæрыл, фæлæ историон азфысты уыцы аз ссис нысаниуæгджын.

«Дыууæ историон цауæн ис рахицæнгæнæн, уыдонæй сæ иу у 18 æнусы кæрон нæм Уæрæсе йе ‘ххуысы къух куы фæдардта, иннæ та 2008 аз, сабырад нын куы ‘рхаста æмæ нæ паддзахаддзинад куы банымадта. Фæлæ уæддæр 2008 азы 26 август нæ бæстæйы ног историйы, нæ царды баззайдзæн иууыл нысаниуæгджын-дæр бонæй», – банысан кодта уый.

Мадзалы рæстæджы Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады бæрнон кусæг Александр Журов хайадисджыты базонгæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины арфæйы фыстæгимæ.

Абхазы, Донецк æмæ Луганскы Адæмон республикæты къухдариуæггæнджыты номæй арфæйы фыстæджытимæ зонгæ кодтой бæрæгбонмæ уыцы бæстæтæй æрцæуæг делегациты сæргълæуджытæ.

Республикæйы сырæзты цытæн цытджын æмбырды рæстæджы Луганскы Адæмон республикæйы сæргълæууæг Леонид Пасечникы барамындмæ гæсгæ «90 лет ВДВ»-йы юбилеон майданæй Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы схорзæхджын кодта Луганскы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Владислав Дейнего.

Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев дæр, бæстæйы къухдариуæгад æмæ адæмы номæй арфæйы ныхæсты фæстæ банысан кодта, ацы боныл чи тох кодта, уыдон хъæбатырдзинад рох кæй никуы уыдзæн.

«Цæгат Ирыстоны адæм кæдфæндыдæр уæ фарсмæ уыдзысты, уымæн æмæ мах иу стæм, мах æфсымæртæ стæм», – загъта уый.

Дарддæр æрсидт ирд æмæ рухс сомбоны ныфсимæ размæ цæуынмæ, уымæн æмæ бæстæ цы уæззау фæндæгтыл рацыд, уыдон нын фаг сты. Ныр, æрмæстдæр, хъæуы рæзын æмæ æндидзыны фæндагыл цæуын. Бузныг загъта Уæрæсейæн йе ‘ххуыс æмæ нæ адæмы цæрыны ныфс кæй ирвæзын кодта, сабырад кæй æрбиноныг кодта, уый фæдыл.

«Хæххон хохрагъыл рахизгæйæ алы бæлццоны цæст дæр схæцы ахæм фыстыл: «Цвети, Осетия Моя!». Ацы дзырдтæ цыбыр сты, фæлæ сæ æвæрд ис стыр мидис, уадз æмæ Ирыстоны адæм цæрой сабыр арвы бын, уадз æмæ алы æмбæстаг дæр тырна æмæ архайа æрмæстдæр бæстæйы рæзт æмæ хæрзæбоныл», – дзырдта Мачнев. 

Мадзалы сæйраг хай адарддæр Культурæйы министрады бацæттæгонд бæрæгбонон концертæй.

Изæры нæ горæты сæрмæ арв ныррухс нæ Республикæ расидыны юбилейон боны цытæн бæрæгбонон феерверктæй.

Къӕбулты Маринӕ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.