Æрвылаз дæр – ногазон бæрæгбоны размæ нæ хъæдты лыг æрцæуы бирæ назбæлæстæ. Ахæм бар нал уыдзæн ацы аз. Ацы хъуыддагæн не ‘мбæстæгтæ цахæм аргъ кæнынц, уый тыххæй зæгъынц сæ хъуыдытæ:

Джиоты Солтан – пенсиисæг. Назбæлæстæ ралыг кæныны бар кæй нал ис, фæтк чи фехала уыдон та ивар кæй цæудзысты, уый мын æхсызгон уыд. Уымæн æмæ гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы нæ хъæдтыл æрцыдис стыр зиæнттæ.

Не ‘ппæт дæр хорз æмбарæм, адæймагæн алцæмæй ахсджиагдæр йе ‘нæниздзинад кæй у, уый. Хъæд та не ‘нæниздзинадæн у стыр ахъаз. Хъæд кæм уа, уым уæлдæф дæр у сыгъдæг. Сыгъдæг уæлдæф та æвдадзы хосæй хъауджыдæр нæу.

Хъæд æрмæст сыгъдæг уæлдæфæн нæу ахъаз, фæлæ ма æрдзы рæсугъддзинадæн дæр. Цас æхцондзинад фæисæм, нæ арф æмæ рæсугъд кæмттæм куы бафтæм, нæ хъæдты куы азилæм, уæд. Бауырнæд уæ, уыцы æхцон æмæ цины æнкъарæнтæ дæр стыр ахъаз сты не ‘нæниздзинадæн.

Коцты Сæлимæт – хæдзарон æфсин. Нæ хъуыды кæнын æмæ искæцы ног аз мæн, мæ хотæ æмæ не ‘фсымæры нæ ныййарджытæ ныууагътой æнæ ногазон назбæласæй. Нæ фыды хæс уыд назбæлас самал кæнын, нæ мад æмæ мах хæс та – йе сфæлындзын. Куы-иу æлхæнгæ бакодтам, куы та-иу хъæдæй æрхастам. Куы фехъуыстон, ацы аз назбæлæстæ ралыг кæныны бар нал ис, уый, уæд мын æхсызгон уыд. Уымæн æмæ æз райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн хæххон хъæуы, назбæлæсты ‘хсæн. Арæх нæ, фæлæ ма аз цалдæр хатты бафтын мæ фыды уæзæгмæ. Куы аракæс-бакæс кæнын, уæд мæ зæрдæ нырхæндæг вæййы. Хъæд нал у раздæрау рæсугъд. Бузныг зæгъын мæ фæнды, назбæлæстæ ралыг кæныны бар ма уа, уыцы фæнд кæмæ æрцыд уыдонæн.

Козаты Арсен – ахуыргæнинаг. Алы хатт дæр-иу нын ногазы уыд удæгас назбæлас. Цалдæр боны размæ мæ фыд æрбахаста пластмассæй назбæлас. Мæнæн, мæ кæстæр хо æмæ æфсымæрæн уый хъыг уыд. Фæлæ нын нæ фыд бауырнын кодта, æвзонг назбæлас ралыг кæнын тæригъæды хъуыддаг кæй у, уый.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.