Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры ныр æртыккаг хатт уагъд æрцыд телеуынынадон преми «Æрфæны фæд»-ы хайадисджыты схорзæхджын кæныны церемони.  Фæстаг цалдæр азы фæд-фæдыл ногазон æхсæвы «ИР»-ы телеканалыл æвдыст цыд музыкалон хиирхæфсæн программæ «Фарны изæр». Фæлæ 2019 азы аскъуыддзаг кодтой проект фæивын æмæ сценæмæ Ирыстоны хуыздæр зарæггæнджыты æмæ музыкантты æрбамбырд кæнын.

Мадзал сорганизаци кодта Паддзахадон телерадиокомпани «ИР» РХИ-йы  Президент Бибылты Анатолийы финансон æххуысы фæрцы. Премийы лауреаттæ систы Ирыстоны дыууæ хайы дæр, национ культурæмæ стыр хайбавæрд чи бахаста, уыцы зарæггæнджытæ æмæ музыканттæ. Музыкалон проекты æнæбаивгæ амонджытæ – РХИ-йы сгуыхт артисткæ Хуыгаты Альбинæ, паддзахадон драмон театры артист, ПТРК «ИР»-ы авторамонæг Мамиты Григори, ПТРК «ИР»-ы ног хабæртты амонæг Хуриты Батрадз æмæ ПТРК «ИР»-ы уацхæссæг Коцты Зæринæ. Йæ организатортæ Бестауты Юлия æмæ Козаты Дзерассæ æппæт тыхтæй дæр бацархайдтой, цæмæй музыкалон преми рауадаид тынг цымыдисон æмæ уагъд æрцыдаид бæрзонд æмвæзадыл æмæ уый саразын сæ къухты æфтгæ дæр бакодта. Мадзал амонджытæ сæ арæхстдзинадæй хъæлдзæг кодтой аивадуарзджыты зæрдæтæ æмæ сын æнтысгæ дæр кодта. Залы уыд хъарм, бæрæгбонон хъæлдзæг атмосферæ.

«Ацы аз нæ музыкалон преми «Æрфæны фæд» тынг хъæлдзæг æмæ эмоционалонæй байгом æмæ æрбалæугæ аз дæр афтæ зæрдæхъæлдзæгæй арвитут. Махæн тынг æхсызгон у, ныр 3-аг хатт фæд-фæдыл кæй æмбæлæм телеуынынады сæйраг проект, музыкалон преми «Æрфæны фæд»-ы. Кæд ацы аз дæр коронавирусы фæстиуджытæ уæззау уыдысты, уæддæр, уымæ нæ кæсгæйæ, абон мах стæм иумæ. Цæй, æмæ ацы изæр хъæлдзæг рæстæг арвитæм. Дзырд уын дæттæм, тынг хорз кæй баулæфдзыстут, уымæй. Уадз, æмæ уæ алкæй хæдзарæй дæр хъуысæт музыкæйы æмæ хъæлдзæг зарды хъæлæба», – дзырдтой мадзаламонджытæ.

Азы сæйрагдæр музыкалон мадзалмæ йæ организатортæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой развæлгъау. Концертон программæйы алы уысмыл, алкæцы номырыл дæр бакуыстой лæмбынæг. Мадзал кæд æнæ къуыхцытæй нæ ацыд, ома, йæ райдианы микрофонтæ не скуыстой, уæддæр уырдæм æрбацæуджыты зæрдæйы равгыл нæ бандæвта æмæ кодтой тыхджын къухæмдзæгъд.

Музыкалон преми «Æрфæны фæд»-ы лауреаттæ  систы Ирыстоны цæгат æмæ хуссары зынгæ æххæстгæнджытæ Бекъойты Вано, Хаситы Сослан, Икъаты Ибрагим, Æлборты Инал, Багаты Шота, Зæнджиты Мадинæ, Гуццаты Нодар, Дзукъаты Ланæ, Фæрдзинты Батрадз, Сечъынаты Элитæ, Томайты Миланæ, Харебаты Вадим, Лалыты Альберт, Къудухты Васили, Джиоты Любæ, Хъодалаты Мария æмæ бирæ æндæртæ. Мадзаламонджытæ-иу лауреатты схорзæхджы кæныны тыххæй сценæмæ фæхуыдтой зынгæ æхсæнадон архайджыты, культурæйы къабазы, министрадты æмæ ведомствоты минæвæртты.

Мадзалы цалдæр кафты сæххæст кодтой ансамблтæ «Симд» æмæ «Ирон». Алкæцы мадзалы æнтыст дæр баст у æппæт командæйы æнгом архайдимæ. Проект сорганизаци кæнынæн стыр æххуыс бакодтой паддзахадон драмон театр æмæ мадзалы æрвылазон спонсор компани «Мегафон-Хуссар Ирыстон». Цæгатирыстойнаг зарæггæнджытæ дæр райгон-дæй баззадысты мадзалæй. «Тынг æхсызгон мын у, ахæм хорз мадзалмæ мæ кæй фæхуыдтат æмæ мын музыкæйы къабазы ме ‘нтыстытæн кæй саргъ кодтат, уый. Уавæрæй спайдагæнгæйæ мæ раарфæ кæнын фæнды ирон адæмæн се ‘ппæтæн дæр æрбалæугæ Ног  2022 азы цытæн. Мæ зæрдæ сын зæгъы сабырдзинад, царды æппæт хæрзиуджытæ æмæ дидинæфтыд», – банысан кодта Зæнджиаты Мæдинæ, хорзæх исгæйæ. «Алы райсгæ хор-зæх дæр артистæн тынг зынаргъ у. Мæ «музыкалон трофейтæ» æз радтын кæстæртæн. Уадз, æмæ сыл цин кæной æмæ сын уыцы-иу рæстæджы цахæмдæр стимул радтой царды ног æнтыстытæ къухты бафтын кæныны тыххæй», – загъта зынгæ зарæггæнæг Гуццаты Нодар.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ зæгъын хъæуы йæ организатортæ Бестауты Юлия æмæ Козаты Дзерассæйæн. Уыдон ныр цалдæр азы æвæллайгæ куыст кæнынц, ахæм проекттæ бацæттæ кæнгæйæ, хуссарирыстойнаг цæрджыты зæрдæтæ бахъæл-дзæг кæныны æмæ сын хъæлдзæг ногазон изæр арвитын кæныны тыххæй. Иу сценæйыл уыйбæрц хайадисджыты ралæууын кæнын æнцон хъуыддаг нæу, уый тыххæй фæхъæуы стыр куыст ба-кæнын.

Мадзалы кæрон йæ амонджытæ загътой: «Тырнут размæ, музыкæйы ног бæрзæндтæм. Фыссут ног зарджытæ. Фембæлдзыстæм та растдæр фидæн ацафон. Æртыккæгæм музыкалон преми «Æрфæны фæд» та ацы аз дæр ацыд æнтыстджынæй, премьерæтæ æмæ ногдзинæдтимæ. Мах уын хорзæй баззай нæ зæгъæм, зæгъæм уын æрмæстдæр нæ ног фембæлдмæ «Æрфæны фæд»-ы. Уырны нæ, ацы изæр иумæ хъæлдзæг рæстæг кæй арвыстам, уый».

Традицимæ гæсгæ нæ республикæйы цæрджытæн сæ бон суыдзæн музыкалон мадзалмæ Ног азы изæры 31-æм декабры  «ИР»-ы телеканалыл бакæсын. Уый уыдзæн, ферохгæнæн кæмæн нæй, ахæм шоу, кæцы уын æнæмæнгдæр барæсугъд кæндзæн уæ Ногбоны изæр. Уырны нæ, уæ зæрдæмæ кæй фæцæудзæн æмæ дзы æхцондзинад кæй райсдзыстут, уый.

Нæ уацх.  

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.