Ныр æртыккаг аз Уæрæсе Украинæйы зæххыл æххæст кæны сæрмагонд æфсæддон операци. Ногæй та Уæрæсе, куыд паддзахад, афтæ тасдзинад æвзарын райдыдта Ныгуылæн бæстæтæй, сæ сæргъ АИШ афтæмæй. Уыдон Украинæйы зæххыл ногæй райгуырын æмæ схъомыл кодтой фашизм æмæ та йæ арæнтæм æрбахæстæг. Уый тыххæй йæ бахъуыд сæрмагонд æфсæддон операци уадзыны сæр, кæцыйы активон хайад исынц хуссарирыстойнаг хæстонтæ дæр.

Хæст хæст у æмæ дзы бахъæуы цард радтыны сæр дæр. Хуссарирыстойнаг лæппутæй дæр бирæтæ сæ сæртæ нывондæн æрхастой Уæрæсейы интерестæ хъахъхъæнгæйæ. Уыдон хорз æмбæрстой Уæрæсейы сæрыл тох кæнгæйæ кæй хъахъхъæдтой сæ райгуырæн Ирыстоны интерестæ дæр. Æдæппæт 44 хæстонæй нал ссардтой фæндаг сæ райгуырæн Ирыстонмæ, сæ бинонтæм. Уыдоны рыст у æгас Ирыстоны адæмы рыст дæр æмæ сын сæ ном сæрмагондæй мысынц æндæр æмæ æндæр мадзæлтты.

Æрæджы та Ветеранты республикон совет равдыста хорз хъæппæрис. Æрæмбырд сын кодтой сæ къамтæ æмæ сарæзтой сæрмагонд стенд, кæцыйы рахуыдтой «Æхсардзинады къул».

Стенд æрбайгом кæныны церемонимæ æрбахуыдтой фæмардуæвæг хъайтарты ныййарджыты, сæ идæдзты.

Фыдохы æмбырд байгом кодта 5-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Мулдарты Аллæ. Уый цыбыртæй æрдзырдта сæ хъæбатырдзинадыл æмæ банысан кодта, сæ рухс нæмттæ кæй нæ уыдзысты рох. Сæ нæмттæ æрымысыны тыххæй 5-æм скъолайы ахуыргæнинæгтæ кастысты уыдоныл сæрмагондæй фыст æмдзæвгæтæ, сæххæст кодтой зарæг.

Ветеранты советы сæрдар Хуыбылты Руслан загъта, зæгъгæ, мах хæсджын стæм, цæмæй сын сæ нæмттæ рох кæнын ма бауадзæм, нæ зæрдыл сæ хъуамæ дарæм, уыцы хъæбатыр лæппутæ кæд мæлгæ Украинæйы зæххыл акодтой, уæддæр сæ цард нывондæн æрхастой сæ райгуырæн Ирыстон æмæ сæ адæмы рухс фидæны тыххæй. «Уыдон хорз æмбæрстой, знаг куы фæтых уа Стыр Уæрæсейыл, уæд сæ уавæр æмæ сæ цард бындуронæй кæй фæивдзæнис Ирыстон æмæ йæ цæрджытæн дæр. Уый æмбаргæйæ, нæ сахъ лæппутæ цæуынц сæ хæстон хæс æххæст кæнынмæ, бирæтæ та цæуынц сæхи барвæндонæй. Уымæ гæсгæ сын кад æмæ цыт! Цы гæнæн ис, хæст кæм вæййы, уым мæлæтæн æнæуæвгæ нæй. Æз мæ сæрæй ныллæг кувын сæ ныййарджытæн, ахæм сахъгуырдтæ кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй», – банысан кодта уый.

Хъæбатыртæ нæ мæлынц

Хуыбылты Руслан бузныджы ныхæстæ загъта Ветеранты советы нымæрдар, адæмон ахуыргæнæг Бестауты Азæйæн ахæм мадзал сорганизаци кæныны тыххæй. Азæ хорз æмбары, куыд тыхджын у хъæбулы рыст æмæ йæ бафæндыд зæрдæрыст ныййарджытæн сæ маст чысыл уæддæр фæрогдæр кæнын. Уый ма раарфæ кодта зынгхуыст хъайтар Бахъаты Андрейы идæдз Алинæйæн, хъæуæг æрмæджытæ æрæмбырд кæныны, стæй сын сæ къамтæ кæй бацæттæ кодта, уый тыххæй.

«Мæн уырны, хæст кæй фæуыдзæн æмæ уыдонæн сæ ном сæнусон кæныны тыххæй арæзт кæй æрцæудзæнис аллейæ. Уый та кæстæр, суинаг фæлтæрæн суыдзæн хъæбатырдзинады æмæ лæгдзинады æвдисæндар», – загъта Ветеранты советы сæрдар.

«Фæстаг азтæ хъысмæтæвзарæн сты нæ хъæбатыр фæсивæдæн. Нæ зæххыл судзгæ хæстæй, нæма байгас сты нæ зæрдæты хъæдгæмттæ æмæ та нæ лæппуты ногæй бахъуыд хæсты цæхæрыл рацæуын. Бирæ мæдты, цардæмбæлтты та ногæй бахъуыд саутæ скæнын. Хуыцаумæ фехъуысæд нæ лæгъстæ, цæмæй мауал æруадза нæ зæхмæ зындзинад. Уыдон та рухс дзæнæты бадæт», – загъта горæты Ветеранты советы сæрдар Джиоты Руслан.

Фыдохы æмбырдмæ æрбацæуджытæ сын иу уысм æмырæй алæууынæй ссардтой сæ рухс нæмттæ.

«Знаджы ныхмæ тох кæнгæйæ фæмард сты нæ лæппутæ. Фæлæ йæ зонут, хъæбатыртæ нæ мæлынц. Уыдонæн сæ нæмттæ цæрдзысты æнустæм. Рухсаг ут!», – загъта Бестауты Азæ. Уый бузныг загъта Фæмардуæвæг æмæ æбæрæгæй сæфт бинонты фæдыл комитеты сæрдар Тедеты Залинæйæн, æхцайы фæрæзтæй сын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй.

Цæудзысты азтæ, фæлтæртæ ивдзысты фæлтæрты, фæлæ сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг хæстонты рухс нæмттæ рох нæ уыдзысты.

  Бестауты Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.