Дыууæ уды сæ цард куы баиу кæ­нынц, уæд æнæрхъæцæй фенхъæлмæ кæсынц хъæбулмæ. Хъæбул у царды фи­дæн, йæ мидис, йæ сæйраг цæ­джындз. Йæ циныл баст у амонд­джындзинад, йæ маст та у æнæ­кæрон.  Хъæбулы мастæн хъæды сырд дæр нæ фæразы, зæгъы æмбисонд дæр.

Федя æмæ Маринæ сæ дыууæ дæр схъомыл сты Цъоны хъæуы. Хъысмæты фæндонмæ гæсгæ баиу кодтой сæ цард æмæ сын Мады Майрæмы цæст хъæбул куы бауарзта, уæд уыдон дæр сæхи амондджыныл нымадтой. Цæмæй зыдтой æмæ сæ иунæджы ныфс хæрз цъус рæстæг йедтæмæ нæ ахæсдзæнис. Æдæп­пæтæй 33 уалдзæджы…

Маринæ æмæ Федя сæ фырты хъомыл кодтой хæрзæгъдау сабийæ. Йе ‘мцахъ­хъæн­тæй Мурат хицæн кодта хæларзæрдæ, хиуыл­хæцгæ, æнкъараг æмæ коммæгæсæй. Хистæр­тæй йæ алчидæр уарзта хи хъæбулау, йе’мгæрт­тæ та йын аргъ кодтой, æнувыд æмæ æууæн­к­джын кæй уыд, уый тыххæй. Муратмæ æвзæр­дзинад саразынмæ никуы никæйы зæрдæ фехсайдта. Кæд иунæг хъæбул уыдис йæ ныййарджытæн, уæддæр æй хъомыл кодтой карзæй æмæ йæ афтæмæй ифтонг кодтой царды раст фæндæгтыл. «Никуы ахъуыды кодтон, иунæг мын кæй у, уый тыххæй йæ сбуц кæнон æмæ йын йæ галиу митæн хатыр кæнон. Тарстæн, æвзæрдзинадыл мын куы фæхæст уа æмæ йæ мæ бон куы нæуал бауа раздахын. Фыдуаг нæ уыдис, мæ зæрдæйы дзы иунæг маст уæддæр куы баззадаид…», – мысы Маринæ йæ хъæбулы сабибонтæ.

Мурат астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд бацыд ХИПИ-мæ æмæ куыд скъолайы, афтæ та ам дæр уыд ахуырмæ æвзыгъд æмæ æппæт æвæрццаг миниуджытæй хайджын. Уыд йæ ахуыргæнджыты уарзондæр студенттæй иу. Фæстæдæр æм æрсидтысты йе ‘фсæддон хæс æххæст кæнынмæ РХИ-йы гарзджын тыхты рæнхъытæм. Уым дæр йæ хæс цæсгомджынæй сæххæст кодта æмæ уый фæстæ бацыд йæ райсгæ дæсныйадыл кусынмæ.

Уыд хæстон дуг.  Мурат нæ уарзта æмгæрт­тæй хи хибар кæнын, ныууагъта йæ куыст æмæ бацыд  æфсæддон службæмæ нæ республи­кæйы гарзджын тыхты рæнхъытæм.

Гуырдзыстон нæ республикæйы арæнтæй мидæмæ, æххормаг бирæгъау, куы лæбурдта, уæд Мурат нысан æрцыд æппæты тæссагдæр арæнтæй сæ иу – Синагуры арæнхъахъхъæнæг управленимæ.

«Кæд нырма æвзонг лæппу уыд, уæддæр йæ уды арфы æвæрд уыд йæ разылæууæг хæстæм бæрнон ахаст æмæ йæ бон уыд цыфæнды зындзинæдты дæр раст хатдзæгтæ скæнын. Æмгæртты фæстæ никуы фæлæууыд, кæд­дæрид­дæр уыд йе ‘мслужбæгæнджытæн стыр ныфс. Ахæм æфсæддон удыхъæд ын кæй уыд, уый тыххæй нысан æрцыд арæнхъахъхъæнæг хайады командирæй. Уæд йæ хæстæ æмæ бæрндзинад бæрæг фæфылдæр сты, фæлæ Мурат лæмæгъдзинад никуы равдыста», – ра­дзыр­дта Синагуры арæнхъахъхъæнæг управ­лени­йы уæды къухдариуæггæнæг, Мураты æмзæххон æмæ йæ сабибонты хæлар Джиоты Эльбрус.

2008 азы августы мæйы  Ирыстон хæсты цæхæры куы сыгъд, уæд Мурат Синагуры постæй раивта йæ сменæ æмæ æрцыд Цхин­валмæ. Уæдмæ райдыдта хæст. 7-æм августы Мурат баиу ис, Остъаты лæппуйы къухдариуæджы бын цы къорд уыдис, уыдонимæ. Уымæй æртæ боны дæргъы  Маринæ йæ фыртæй æппындæр ницыуал хабар зыдта. «Æртæ боны дæргъы æмбæхстæй бадтыстæм ныккæнды. 10-æм августы онг мæ хъæбулæй æппындæр ницы хабар фехъуыстон, æмæ мын куы загътой, фалæмæ ацæуынæн фадат фæзындис æмæ цæуын хъæуы, уæд æз нæ разы кодтон, фæлæ æвæн­донæй ацыдтæн. Зары хъæуы мыл амбæл­дысты Мурат æмæ нæ сыхæгты иннæ лæппутæй чидæр­тæ. Сæ дарæс уыдис скъуыд­тæ æмæ цъы­фæйдзæгтæ. Куыд мын радзырдтой, аф­тæмæй, кæм æрбынат кодтой, уырдæм хæстæг знаджы хæдтæхæг бомбæтæ æрæп­пæрста, ныппырх ис сæ алфæмблай иууылдæр, сæхæ­дæг ма амбæхстысты хъæдты æмæ афтæмæй аирвæзтысты æрмæстдæр сæ рад­тæг Хуыцауы фæрцы», – радзырдта Маринæ.

Фæсхæст Ирыстон цадæггай æндидзын ра­й­дыдта, фæлæ уавæр дарддæр куыд уыдзæнис, уый бæлвырд нæма уыд. Мураты та хъуы­дис  йæ бирæ бинонты фæдарын, йе ‘ртæ хъæ­булы сæ къахыл слæууын кæнын. Уыдис æм фидæны фæндтæ æмæ тырныдта сæ сæххæст кæнын­мæ, фæлæ…

Уыд уалдзыгон бон, 30-æм мартъи. Мурат рацыд Дзæуджыхъæуæй æмæ  Тъбеты хъæуы фæзилæны онг куы æрхæццæ ис, уæд уым æгъатыр сау мæлæт æрбалæууыд йæ размæ  æмæ йын аскъуыдта йæ цардбæллон уд…

Цымæ цы фæндтæ кодта уыцы бон йæ цардмондаг уд! Уымæй размæ цалдæр боны æгъуыссæг æхсæвтæ арвыста æмæ йæ чизоны аулæфын фæндыд, фæлæ æрыгон тæлтæг лæппу йæ фæллад ницæмæ æрдардта æмæ рафардæг ис йæ хъуыддæгты фæдыл…

Ныууагъта цæргæ-цæрæнбонтæм рыстзæр­дæйæ йæ ныййарджыты, йæ æнафоны идæдз Мæлдзыгаты Вандæйы, фыды рæвдыд æмæ узæлдæй чи нæ бафсæстысты, уыцы æртæ æна­хъом хъæбулы – Дианæ, Радик æмæ Владæйы. Уæд Радикыл æхсæз азы дæр нæма цыдис, фæлæ фырт æмæ фыд царды рæхыстæй баст сты, фыды комулæфтæй дæр фырт тых æмæ зонд фæисы, загъдæуы, чысыл Радикæн нал фаг кодта уыцы тыхдæттæг ныййарæг æмæ йæ тынг мысыдис. Бирæ æгъуыссæг æхсæвтæ арвыстой бинонтæ, чысыл Радик-иу йæ фыды куы æрымысыдис æмæ – иу йæ кæуынæй куы нал æнцадис, уæд. Иуахæмы сæ бахъуыд дохтырты æххуыс дæр. Маринæ йæ мысинæгты куыд зæгъы, афтæмæй-иу уый слæууыд йæ фыды нывы раз æмæ – иу куыдта сусæгæй.

Маринæ æмæ Федя сæ маст иумæ дих код­той æмæ сын уыдис æнцондæр. Фæлæ – та Маринæйыл ногæй сæмбæлди арвы цæф – Федя йæ хъæбулы амæлæты фæстæ цалдæр азы ахаста рынчын æмæ æрæджы уый дæр ахицæн йæ цардæй.

6-æм апрелы Мурат банысан кодтаид йæ 45 азы юбилей, йæ бинонтæ та бацæттæ кодтаиккой цины фынг, йæ бирæ æмгæрттæ та йæ уæлхъус бæргæ æрбалæууыдаиккой, фæлæ йæ хъысмæт рауад æндæргъуызон. Ныр та Мураты райгуырæн бон йе ‘ввахс адæм банысан кæндзысты цæрæнбоны куывдтытæ кæнгæйæ нæ, фæлæ, стыр хъыгагæн, йæ рухс ном ын аргæйæ…

Æмæ рухсаг у, Мурат…  Дзæнæты уæд дæ бынат…

ХУЫГАТЫ Миленæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.