Фыццаг хатт каратæйæ Хуссар Ирыстоны спортивон историйы æрцыд ахсджиаг цау. Нæ республикæйы каратистты æмбырдгонд командæ хайад райста Дунейы чемпионаты алы стилон каратэйæ. Фыццаг рахызтæй уыдонæн уыдис стыр æнтыст. Куыд федтам, афтæмæй хуссарирыстойнаг спортсментæ систы дыууæ сыгъзæрин æмæ дыууæ брон-зæйон майданты хицæуттæ Лолоты Артур æмæ Дудайты Доннæ систы Дунейы чемпионтæ.

Лолоты Артур тох кодта 72 кг уæзы категорийы. Фыццаг рахызтæй дæр уый æнцонтæй рамбылдта йæ ныхмæлæууæджы. Иннæ тохты та уый йæ ныхмæлæуджыты нокауты арвыста æмгъуыдæй раздæр. Йæ тренер Хъуылымбегты Мамед куыд зæгъы, афтæмæй Артур хорз базыдта йæ ныхмæ-лæуджыты тохы манерæ æмæ йын æнцон-тæй бантыст рамбулын.

Дудайты Доннæ та тыхджындæр разынд 55 кг онг уæзы категорийы 14-15- аздзыд спортсменкæты ‘хсæн. Фыццаг фембæлды Дудайты чызг æмгъуыдæй раздæр фæуæлахиз йæ ныхмæлæууæгыл. Йæ тренер Созаты Владимиры ныхæстæм гæсгæ йын радон тохы уæлахиз лæвæрд æрцыд тæрхонгæнджыты уынаффæмæ гæсгæ. Фыццаг бынат бацахсыны тохы Доннæйы ныхмæлæууæг уыдис уæрæсейаг каратисткæ. Карз тохы фæстиуджытæм гæсгæ тæрхонгæнджытæ аскъуыддзаг кодтой Доннæйы архайд тыхджындæр кæй уыд æмæ йæ банымадтой уæлахиздзауыл.

Доннæ хайад иста ахæм дисциплинæйы, куыд «Æххæст контакт», зæгъгæ.

Бестауты Азæмæт æмæ Пухаты Алан та бронзæйы призертæ систы 64 кг æмæ 90 кг уæзты категориты.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æппæт стилон каратэйæ дунейы чемпионат уагъд кæй цыд фыццаг хатт æмæ дзы хайад кæй райстой 1500 спортсмены Уæрæсейæ, Китай, Япон, Турк, Швеци, Польшæ, Серби, Камерун, Нигери æмæ æндæр бæстæтæй.

Нæ уацх.

БОКС

Дзæуджыхъæуы спортивон галуан «Ма-неж»-ы уагъд æрцыдысты Советон Цæди-сы дыууæ хатты Хъайтар, Монголты Адæ-мон Республикæйы Хъайтар Плиты Иссæ-йы номарæн «А» къласы Æппæт-уæрæ-сейон ерыстæ боксæй. Ерысты иууыл уæз-заудæр уæзы категорийы (+91 кг) аккаг ны-хмæлæууæг нæ разынд цхинвайлаг Бе-къойты Вадимæн. Тренер Бестауты Чер-мены хъомылгæнинаг финалы фембæлд Курскы областы минæвар Михаил Должен-ковимæ. Фыццаг раунды Азæмæтæн бан-тыст йæ ныхмæлæууæджы нокдауны ар-витын. Фæлæ Долженковæн йæ бон ссис тох адарддæр кæнын æмæ кæронмæ бафæразын. Афтæмæй Бекъойты Азæ-мæт фæуæлахиз тæрхонгæнджыты уын-аффæмæ гæсгæ.

Ирыстоны боксы скъолайы минæвæрт-тæй ма ерысты уæлахиздзаутæ систы Тигран Согоян (60 кг), Хаситы Дмитри (64 кг), Дзукъаты Давид (75 кг) æмæ Хетъеты Роланд (91 кг). Æвзист майдантæ рамбылд-той Гæззаты Тамерлан (56 кг), Роберт Ме-дзерянц (64 кг), Чилæхсаты Сæрмæт (69 кг) æмæ Тадтаты Сæрмæт (81 кг). Бронзæ май-дантæ та фесты Къодзаты Азæмæт (60 кг), Хуыдиаты Алихан (60 кг), Къарджиаты Бат-радз (69 кг), Саманты Георги (75 кг), Шейх Магомедов (81 кг) æмæ Къудухты Артуры (91 кг).

ДЗЮДО

Япойнаг Осакайы кæронмæ бахæццæ дзюдойæ «Большой шлем»-ы фæстаг турнир. Ерысты хайад райстой дунейы бæстæтæй 500 спортсменæй фылдæр. Турниры +100 кг уæзы категорийы УФ-йы спортивон кад хъахъхъæдта фæсивæды ‘хсæн 2018 азы Европæйы чемпион, ацы аз Бакуйы уагъдцæуæг «Большой шлем»-ы турниры æвзист призер Тасойты Инал. Уымæн ныр бантыст сыгъзæрин майдан рамбулын.

Фыццаг тохы уал фæуæлахиз Хъыргъыс-таны спортсмен Краковецкийыл. Дарддæр йæ ныхмæлæуджытæ уыдысты япойнæг-тæ. Нырма уал рамбылдта Кагеуруйы. Æрдæгфиналы тыхджындæр уыд Кагавайæ. Финалон тохы та цæттæдæр разынд Отайæ æмæ афтæмæй ссис турниры уæ-лахиздзау.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.