Æрæджы Дзæуджыхъæуы Архитекторты цæдисæн цы фембæлд уыд, уым ныхас цыд горæты историон æмæ архитектурон хуыз бахъахъхъæныны тыххæй. Архайдтой дзы Архитекторты цæдисы сæрдар Алыккаты Руслан, йæ уæнгтæ Болиаты Руслан, Козырты Олег, «Арт-Кавказы» фонды сæрдар Николай Хлынцов, культурон бынтæ бахъахъхъæныны комитеты эксперт Олег Каракишев æмæ иннæтæ.

Æмбырды архайджытæ се ‘ргом аздæхтой историон æмæ культурон хæзнаты уавæрмæ. Алыккаты Руслан куыд бафиппайдта, афтæмæй бирæ æгæнонтæ сафынц ахæм объектты æддаг хуыз, рацаразынц сæ сæхи куыд фæнды, афтæ, сæ историон хуыз сын аивынц, афтæмæй Хуссар Уæрæсейы рæсугъддæр горæттæй иуы культурон хуыз сæфы.

«Нæ хæс у историон цыртдзæвæнтæ агурын, куыд хъахъхъæд цæуынц, уый сбæлвырд кæнын. Уый фæстæ паддзахад закъоны бындурыл хъуамæ сфидар кæна сæ бахъахъхъæныны проект. Уæд ахæм бæстыхæйттæн нал уыдзæн нал дæр калæн, нæдæр сæм бафтауæн уыдзæн, нæдæр рацаразæн æмæ се ‘ддаг хуыз аивæн», – загъта Алыккаты Руслан.

Дарддæр, æмбырды архайджытæ æрлæууыдысты историон бæстыхæйтты реставраци скæныныл сæ фыццаг хуызы проекттæм æмæ зæронд къамтæм æркæсгæйæ. Уыдонæн та хъæуы лицензион специалисттæ æмæ стыр фæрæзтæ. Саразæн сын ис  æрмæстдæр федералон бюджеты æххуысæй. Раздæр бацæттæ хъæуы регионалон программæ æмæ бацархайын, цæмæй йæ федералон проектмæ бахæссой.

Æмбырды архайджытæ куыд банысан кодтой, афтæмæй цæттæ сты Дзæуджыхъæуы зæронд хуыз бахъахъхъæнынмæ, кæй фехæлдтой, уыцы бæстыхæйтты æмæ истори æмæ культурæйы цыртдзæвæнтæ сæ раздæры хуызмæ æркæнынмæ. Фæлæ уал уый тыххæй хъæуы федералон проектмæ бахауын.

Уымæй дарддæр, Цæгат Ирыстоны разамынд хъавы ног закъоны проект сфидар кæнынмæ. Нырма уал бахатыдысты куыстуæтты организациты, дуканиты разамонджытæм, цæмæй, кæм кусынц, уыцы объекттыл цы англисаг фыстытæ ис, уыдон раивой ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæм. Уыимæ, ивд хъуамæ æрцæуой хæдзæрттыл фыст уынгты нæмттæ ногтæй. Уыдон дæр хъуамæ уой ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Уынгты æмæ транспорты æрлæууæнты æндæр æвзæгтыл цы рекламæтæ ис, уыдон айсыныл дæр цæуы ныхас. Сæ бынаты сæвæрæн уыдзæн нæхи мадæлон æвзагыл фыст рекламæтæн. Закъон куы сфидар кæной, уæд уый æххæст кæнын уыдзæн алкæйы хæс дæр.

Бынæттон администрацийы Архитектурæйы управленийы хицауы хæдивæг Хабæты Константин куыд фæнысан кодта, афтæмæй уый у рæстæджы домæн. Ис ын патриотон нысаниуæг, мадæлон æвзагмæ гуырын кæны уарзондзинады æнкъарæнтæ.

 

ÆМГУЫСТАДЫ  БАСТДЗИНÆДТÆ

Дунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас» дарддæр уæрæх кæны йæ æмгуыстады бастдзинæдтæ. Цæмæй Ныхас æцæг æхсæнадон æмæ адæмæн пайдайы организаци суа, уый тыххæй бирæ аразы йæ ног сæрдар, Ирыстоны нымад лæг, Парламенты депутат Уататы Зелим.

Æрæджы та ахæм æмгуыстады бастдзинæдтæ сфидар кодтой Стыр Ныхас æмæ Цæгат Кавказы паддзахадон технологон университет (ГМИ). Уый фæдыл сæ къухтæ бафыстой Уататы Зелим æмæ, ацы уагдоны ректоры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хъамболты Дзамболат.

Ахæм æмгуыстадæн ис стыр хъомыладон нысаниуæг. Дыууæ фарс куыд баныхас кодтой, афтæмæй сæ зæрды ис, национ-культурон, патриотизм æмæ удварны традицитыл фæсивæды чи ахуыр кæна, ахæм иумæйаг мадзæлттæ аразын.

Уыимæ, институты бæстыхæйттæй иуы байгом уыдзæн Стыр Ныхасы структурон дæлхайад. Уымæн йæ нысан уыдзæн мадæлон æвзаг, не ‘гъдæуттæ, национ культурæ парахат кæнын. Лекцитæ дзы кæсдзысты Ныхасы комитетты разамонджытæ.

«Ацы фарстатыл рагæй дзырдтам, ныр æй хъуыддагæй царды рауадзын бафтыд нæ къухты. Фæнды нæ институты кусджытимæ иумæ фæсивæды хъомыладыл æмæ патриотон зондахастыл хуыздæрæрдæм сахадын. Ирыстоны хорз фæсивæд ис æмæ  сæ фарсмæ балæууæм, кæм хъæуа, уым сын баххуыс кæнæм. Æмгуыстады фæлгæтты ма нæ зæрды ис зонадон-практикон конференцитæ, форумтæ, тымбыл стъолтæ, викторинæтæ кæнын, кæцытæ баст уыдзысты мадæлон æвзаг ахуыр кæнынимæ, нæ истори, нæ культурæ, нæ традицитæ хуыздæр базонынмæ» – фæнысан кодта Стыр Ныхасы сæрдар.

Хъамболты Дзамболат дæр йæ раныхасы куыд загъта, афтæмæй  институты цур ахæм организаци скæныныл ныхас рагæй цыди.  Ныр алкæй дæр ныфс ис, Уататы Зелимы хуызæн уæздан лæг æмæ æцæг ирон патриоты къухты алцы саразын дæр кæй бафтдзæн.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.