Стыр Уæлахизы бонæй кæд къуырийæ фылдæр рацыд, уæддæр нырма дæр нæ республикæйы уагъд цæуынц алы-гъуызон мадзæлттæ ацы ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын бæрæгбоны цытæн.

Уæлхаизы бон цытджын æгъдауæй банысан кодтой нæ горæты Æвзæнгты республикон библиотекæйы кусджытæ сæ директор Тототы Ленæйы сæргълæудæй. Уыдон цымыдисон мадзал бацæттæ кодтой нæ горæты скъола-интернаты 7-11-æм кълæсты хъомылгæнинæгтимæ сæ ахуыргæнæг Цоциты Галинæ æмæ хъомылгæнæг Гаглойты Сæлимæты сæргълæудæй.

Бæрæгбонон мадзал байгом кодта библиотекæйы директор Тототы Ленæ. Уый, йе ‘рхонгæ уазджытæн раарфæ кæныны фæстæ, цыбыртæй æрдзырдта ацы уæлахиз советон адæмы къухты цы аргъæй бафтыд, уый тыххæй. Афтæ ма банысан кодта ирон хæстонтæ ацы тугкалæн хæсты цы стыр хъайтардзинæд-тæ равдыстой, сæхицæн цы кады ном скодтой, уый тыххæй.

Ирон сахъ фæсивæд дæр араст сты тохы быдырмæ æмæ дæрæн кодтой цыфыддæр знаджы стыр хъæбатырдзинæдтæ æвдисгæйæ. Ирон хæстонтæ хæсты æппæт фронтты сæ кады фæд ныууагътой, сæ нæмттæ фыст æрцыдысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты историйы.

Сывæллæттæ радзырдтой ирон адæмы легендарон фырт Цоциты Васяйы тохвæндаджы æмæ сгуыхтдзинæдты тыххæй. Уый æмбисондæн баззад йæ хъæбатырдзинадæй. Йæ ном зындгонд у рухстауæг æмæ æхсæнадон архайæг Баситы Чабæханæн. Чабæхан иттæг хорз зыдта уырыссаг æмæ немыцаг æвзæгтæ дæр. Хæст куы  райдыдта, уæд æвзонг чызг ныууагъта йæ куыст. Немыцæгтæ Алагир куы бацахстой, уæд райдыдтой пропагандон куыст кæнын. Фæндыд сæ газет ирон æвзагыл мыхуыр кæнын, цыма ирон адæм се ‘вварс сты, афтæ. Базыдтой, Чабæхан хорз кæй зоны немыцаг æвзаг, уый. Æрбакодтой йæ комендатурæмæ, загътой йын, зæгъгæ, ды кæсыс немыцагау Шиллеры чингуытæ æмæ дын æнцон уыдзæн немæ газет уадзын. Фæлæ уый, йæ адæмыл гадзрахатæй рацæуыны бæсты, равзæрста кади-мæ мæлæт. Хъæбатыр сылгоймаджы монолог ирон æвзагыл бакаст, уырыссаг чызг Ткаченко Дианæ. Уый афтæ зæрдæмæхъаргæйæ бакаст, мæлæты фæндагыл лæуд чи уыд, уыцы Чабæханы монолог, раст цыма сæ разы æцæг артист лæууы. Дианæмæ хъусгæйæ бирæты цæстытæ баумæл сты.

«Хъæбулы мæлæт, дам, арс дæр нæ фæразы, фæлæ ирон мад бафæрæзта, арсæй тыхджындæр разынд. Гæзæдæнты авд æфсымæры мад ссис легендарон! Нæ хъустыл ауайынц йæ судзæггаг ныхæстæ: «Мæ зæрдæйы – авд нæмыджы… авд фыдæхы… авд хъарæджы… авд ингæны… Хъорсеуы Едиаты сыхæй Тедеты Паулейы хæдзарæй хæстмæ ацыдысты авд фырты æмæ ма дзы сæ фыды уæзæгмæ уæззау цæфтимæ æрæздæхтысты æрмæстдæр дыууæйæ.  Тохы быдыры ма  бабын сты Рукъы хъæуы Плиты Папело æмæ Олен-кайы фондз хъæбулы дæр», – дзырдтой ахуыргæнинæгтæ.

Тедеты зынгхуыст фондз æфсымæры тыххæй радзырдта хъорсеуаг Тедеты Альберт. Скъоладзаутæ зарæг «Журавли»-йы зæлты бын бакастысты  æмдзæвгæ «Хърихъхъуппытæ». Ахуыргæнинæгтæ нæ ферох кодтой хæсты рæстæджы йæ куыстуарзондзинадæй адæмæн диссагæн чи баззад, уыцы сылгоймаг Плиты Мартайы дæр. Уый уыд Рукъы колхозы сæрдар. Марта, йæ бирæ лæггæдты уæлдай, сæрмагондæй лæвæрттæ арвыста Сталин, Ворошилов, Буденный æмæ Тимошенкойæн. 1944 азы колхоз Плиты Иссæйæн фронтмæ арвыста бæх, цухъхъа æмæ басыллыхъ. Плиты чызг хорзæхджын æр-цыд бирæ хорзæхтæй, – дзырдтой ахуырдзаутæ.

«Фыдлæг æмæ фыдрæстæгæн бирæ цæрæнбон нæ вæййы. Æрбалæууыд 9-æм май… Уæлахизы бон! Фæцис тугкалæн хæст. Ныммард йæ лæгæты фашистон сырд, ныхъхъус сты сармадзантæ æмæ  сфæйлыдта Уæлахизы тырыса». Уæлахизы боныл йæхи фыст æмдзæвгæ бакаст Плиты Серго. Сывæллæттæ бакастысты Калоты Хазбийы балладæ «Кард», Гаджиты Георгийы «Ирон фæсивæды зарæг», Козаты Исидоры æмдзæвгæ «Ды мын зæгъыс» æмæ æндæртæ. Равдыстой сценкæтæ. Скъола-интернаты 7-æм къласы ахуырдзау Дзукъаты Сослан хорз сæххæст кодта зарæг «Катюша». 7-æм къласы ахуырдзаутæ, хо æмæ æфсымæр Бæгъиаты Ангелинæ æмæ Георги тынг хорз акафыдысты ирон кафт.

Мадзалы организатортæ æмæ хайадисджытæн бузныджы ныхæстæ загътой Дриаты Нателæ æмæ Джусойты Клавдия. Куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр Тототы Ленæ скъоладзуатæн балæвар кодта ирон æмæ уырыссаг авторты чингуытæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.