СЪЕЗД – МАДÆЛОН ÆВЗАДЖЫ РÆЗТЫ ФÆДЫЛ

Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы фæндонæй фыццаг хатт Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты съезд. Архайдтой дзы республикæйы æмæ министрадты разамонджытæ, уæлдæр ахургæнæндæтты æмæ скъолаты  ахуыргæнджытæ 500 адæймаджы бæрц.

Битарты Вячеслав йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй цард размæ цæуы, ивынц дуджы домæнтæ, уыдонимæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыры процесс дæр. Хъæуы йæм ногдзинæдтæ бахæссын, инновацион предметтæй пайда кæнын. Фæлæ, сæйраджыдæр, бинонтæй аразгæ у æппæт дæр. Битары – фырт æрсидт  ахуыргæнджытæм æмгуыстадмæ: “Нæ фыдæлтæ нын цы хæзнатæ ныууагътой, уыдонæй сæйрагдæр у нæ мадæлон æвзаг. Уый руаджы фæзындысты Къостайы, Темырболаты æмæ иннæты æнæмæлгæ уацмыстæ. Бинонты фæстæ æвзаг бахъахъхъæныны стыр хæс æвæрд ис ахуыргæнджытыл. Зонын æй, зындзинæдтæ æвзарут, чысылмызд уын ис, фæлæ иугæр уæ къухмæ райстат рæзгæ сабитæ æмæ æвзаджы хъысмæт, уæд æй кæронмæ акæнут. Æз дæр уæ фарсмæ балæудзынæн æмæ иумæ бацархайæм нæ мадæлон æвзаджы рæзтыл. Уырны мæ, уæ къухы бафтдзæн аккаг æмæ курдиатджын фæлтæр схъомыл кæнын. Бузныг уын уæ зын æмæ арфæйаг куысты тыххæй”.

Республикæйы Сæргълæууæг ранымадта, ирон æвзаджы рæзтæн фæстаг азты цы арæзт æрцыд, уыдон: Алайнаг гимнази, ирон æвзаджы рæзты къамис, скъолатæн ирон ахуыргæнæн чингуытæ æмæ æндæртæ.

Съезды сфидар кодтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы цур ног национ – культурон рæзты программæ. Программæйы куыстæн разамынд дæтдзæн Битарты Вячеслав йæхæдæг. Программæйы сæйраг нысан уыдзæн ахуырады процессмæ цæстдарын.

Съезды ма раныхас кодтой республикæйы скъолатæй бирæ ахуыргæнджытæ сæ куысты зындзинæдтæ æмæ сæ фидæны планты тыххæй. Цалдæр ахуыргæнæджы сæ хорз куысты тыххæй хорзæхджын æрцыдысты Ка-ды грамотæтæй.

Съезд цыдис, Хаджеты Таймуразы æнæмæлгæ æмдзæвгæйы рæнхъытæй цы лозунг сарæзтой, уый бын:

Мæлæн дын нæй, мæ фыдæлты æвзаг –

Дæ зæронд мад у ацы зæххы къори,

Æмæ куы сæфай (ма зæгъæд ызнаг) –

Дæуимæ сæфы дунейы истори!

 

ÆРДЗОН ФЫДБЫЛЫЗТЫ НЫХМÆ

Ацы мæйы райдианæй республикæйы райдыдтой æрдзы хивæнд миты ныхмæ цæттæгæнæн мадзæлттæ. Бирæ нал хъæуы тæрккъæвдаты рæстæгмæ æмæ сыл цæттæйæ куынæ сæмбæлæм, уæд ивгъуыд азы трагедитæй тас у. Уæд тæрккъæвдаты аххосæй цæугæдæтты былтыл æвæрд зæронд дамбæтæ атыдтой, къæвдайы дон æмæ цæугæдæттæ баиу сты æмæ æрхастой бирæ зиæнттæ. Цалдæр хъæуы дур-дурыл нал ныууагътой, фæластой фосæй, тыллæгæй, фехæлдтой фæндæгтæ, хидтæ.

Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны Æрдзон авналæнтæ æмæ экологийы министрады специалисттæ бæрæг кæнынц цæугæдæтты уавæр, сæ былтæ сын фидар кæнынц, гидротехникон объекттæ бындуронæй цалцæг кæнынц. Фыццагдæр арæзт æрцыдысты Кировыхъæумæ æввахс Цымдоны æмæ Дзуарыхъæумæ æввахс Фыййагдоны былтæ, Фарныхъæу бахъахъхъæнынæн Терчы галиу фарс былфидаргæнæнтæ бындуронæй сцалцæг кодтой, Дур-Дуры æмæ Суадагдоны донвæдтæ сыгъдæггонд æрцыдысты.

Ныртæккæ министрады специалисттæ доны объекттæ иртасынц, стæй Æрыдоны, Урсдоны, Фыййагдоны, Сунжæйы, Хуымæллæджыдоны æмæ Джызæлдоны былфидаргæнæнты техникон уавæр бæлвырд кæнынц.

Æрдзон авналæнты министрадæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй амынд мадзæлттæ æрдзон фыдбылызтæй нæуæдз процентæй бахъахъхъæндзысты адæмы æмæ объектты æдасдзинад. Райсом цы хъæуы, уый абон куынæ саразай, уæд байрæджы уыдзæн.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.