66-аздзыдæй цардæй ахицæн зынгæ скульптор, Уæрæсейы нывгæнджыты цæдисы уæнг, РЦИ-Аланийы сгуыхт нывгæнæг Дзæнæгаты Зауырбег Чермены фырт. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы культурæйы министрад.

Дзæнæгайы фырт каст фæцис В.Суриковы номыл Мæскуыйы паддзахадон академион аивадон институт. Институт каст фæуыны фæстæ куыста йе скульптор фыдимæ, арæзта æппæтуæрæсеон равдыстытæ.

«Йе сфæлдыстадон индивидуалондзинад æвдисæг сты хисæрмагонд пластикон манерæ, таурæгъон стилмæ тырнындзинад арф национ дунеæмбарынадимæ. Дзæнæгаты Зауырбеджы зынгæдæр сфæлдыстадон æнтыстытæ сты «Кады мемориал»,  авторты къорды сконды  «Се службæйон хæстæ æххæст кæныны рæстæджы фæмардуæвæг мидхъуыддæгты министрады кусджыты мемориал», афтæ ма Беслæны «Хъынцъымы бæлас», – дзырдæуы ведомствойы хъусынгæнинаджы. 2015 азы Дзæнæгаты Зауырбег хорзæхджын æрцыд «Во славу Осетии»-йы майданæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.