Президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны рауагъдонтæн скъола каст фæуыны боны цытæн.

Республикæйы столицæйы театралон фæзуаты уагъд æрцыд бæрæгбонон концерт «Через терни к знаниям» хуссарирыстойнаг эстрадæйы артистты хайадистæй.

Арфæйы ныхæстимæ рауагъдонты раз раныхас кодта паддзахады сæргълæууæг.

«Алчидæр уæ, æвæццæгæн, хъуыды кæны йе скъолайы фыццаг дзæнгæрæг. Абон та фæстаг дзæнгæрæгимæ уæ скъола фæндараст кæны цардмæ. Сымах лæуут царды фæндаджы æвзæрсты раз, æмæ уыцы къахдзæф суыдзæн уæ ирд фидæны бæлвырдгæнæг. Рæстæг тагъд цæуы, уый хъуыды кæнут æмæ тырнут дуне базонынмæ æмæ фылдæр зонындзинæдтæ райсынмæ. Царды хорздзинæдтæй пайда кæнут æмæ ут амондджын!

Мæ фæдзæхст уын: кæмфæнды ма ахуыр кæнат, Райгуырæн бæстæ уæм алы хатт æнхъæлмæ кæсы. Хуссар Ирыстоны хъæуы профессионалтæ. Æмæ мæ ныфс ис, сымах фæстæмæ кæй æрыздæхдзыстут æмæ кæй архайдзыстут нæ рæсугъд паддзахады дидинæфтыды хæрзиуæгæн. Къухдариуæгад та, йæхи фарсæрдыгæй, архайдзæн, цæмæй æппæт фадаттæ араза сымахæн.

Мæ цæст уын уарзы æнтыстæ! Рæствæндаг!», – загъта Президент.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.