Сæудæджерадон зонæ «Азовсталь»-ы сабыр цæрджыты фæстæ цы  нацисттæ æмбæхстысты, уыдоны тыххæй æппынæдзух дзырдтой, зæгъгæ, амæлдзысты, фæлæ сæхи уацары нæ ратдзысты. Уыдон, зæгъ, тох кæндзысты фæстаг сулæфты онг. Уыдон, дам, иууылдæр сты хъайтартæ. «Азовсталь»-ы раздæры директор банысан кодта, зæгъгæ, «Азов»-ы хæстонтæ Бресты фидары хæстонтæй хъæбатырдæр сты. Бресты фидары хæстонтæ, дам, цъус рæстæг – аст бонæй фылдæр нæ бафæрæзтой, фæлæ, зæгъ, уыдон алцæмæн дæр фæразондæр разындысты. Фашистты куыд хъуамæ абарай Бресты фидары легендарон хъахъхъæнджытимæ. Уый фыдракæнд у!

Бресты фидары немыцаг тыхæйисджытæ хъуамæ бацахстаиккой, сæ планмæ гæсгæ, 8 сахатмæ, фæлæ историйы диссагæн чи баззад, Райгуырæн бæстæйы уыцы хъæбатыр хъахъхъæнджытæ фашистты ныхмæ тох кодтой цасдæр рæстæджы дæргъы, кæд æххормаг æмæ дойныйæ мардысты, уæддæр. Бресты фидар уымæн ссис æнæбасæтгæдзинад æмæ фидардзинады символ. «Умираю, но не сдаюсь». Ацы зынгæ ныхæстæ фыст æрцыдысты 1941 азы 20-æм июлы. Нысан цæуы, зæгъгæ, сæ ныффыста æфсæддон службæгæнæг Федор Рябов, кæцы фæмард Бресты фидары 1941 азы. Ацы фидар йæхимæ райста знæгты фыццаг цæф, хъахъхъæдтой йæ 30 нацийы хатты хæстонтæ. Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджытæ æрмæст нæмгуытæй нæ мардысты, фæлæ дойныйæ дæр. Фæлæ уыдон хъæбатырæй хæцыдысты, кæд фашисттæм фыл-дæр хæстон техникæ уыд, уæддæр, æмæ афтæмæй мардысты. Фашистон Герман цы хæцæнгæрзты хуызтæй пайда кодта æрбабырсыны рæстæджы, ахæмтæ нæма уыд Сырх æфсадмæ. Советон адæмы æцæг хъайтардзинады цæвиттонтæ бирæ сты. «Умираю, но не сдаюсь» – уый ссис тохы æмæ уæлахизы символ.

Бандерайы фæдон фашисттæ та кæй ныхмæ хæцыдысты, чи сæ мардта. Цалдæр хатты сын гуманитарон къæлидор куы сарæзтой УФ-йы Президент Путины бардзырдмæ гæсгæ, уæд.

Кæй зæгъын æй хъæуы, адæймагмæ тынг хъыг кæсынц «Азовсталь»-ы чи æмбæхст, уыцы фашистты, нацистты, фыдгæнджыты Бресты фидары Советон Цæдисы хæстонтимæ кæй абарстой, уый, фæлæ цы нæ бон у. Нæ цуры куы дзырдтаиккой ахæм мæнг ныхæстæ, уæд сын аккаг дзуапп бæргæ радтаиккам, фæлæ… Радзырдтаиккам сын Бресты фидары хъайтарты сгуыхтдзинæдты тыххæй, науæд сæ истори бынтондæр ферох ис.

Æдæппæтæй украинæйæгтæй сæхи уацары радтой 2439 адæймаджы. Се ‘хсæн уыд 78 сылгоймаджы. «Азов»-ы нацистты афтæхуыйнæг командир Денис Прокопенкойы комбинаты территорийæ раластой сæрмагонд згъæрджын машинæйыл, йæ сырдон фыдракæндты тыххæй йын Мариуполы цæрджытæй амарынæй кæй тарстысты, уымæ гæсгæ. Уый загъта: «Барвæндæй  йæхи уацары чи радта, уыцы дезертиртæ æмæ хæстонтæй хъайтартæ ма аразут. Уыдон равзæрстой худинаджы фæндаг».

Киев æмæ Ныгуылæны ацы цауы равдыстой афтæ, цыма уыдоны эвакуаци кæнынц, кæцыйы фæстиуæгæн æрбаздæхдзысты Украинæмæ. Кæд лæгмартæ афтæ дзырд-той, зæгъгæ, сын нал дæр хæринаг уыд, нал дæр дон æмæ хæцæнгæрзтæ, уæддæр уый раст нæу. Уæрæсейаг æфсæддон уацхæссæг Дмитрий Стешин æмæ æндæртæ сæхи цæстæй федтой, фыдгæнджытæ сæ фæстæ алыгъуызон хæринæгтæ æмæ хæцæнгæрзтæ кæй ныууагътой, уый. Æгæрыстæмæй, зæгъ, сæ фынгыл йеугæф дæр уыд. Уацайрæгтæ семæ рахастой сæ хæринæгтæй, афтæ ма наркотикон буарадтæ дæр, кæцытæй уыдон пайда кодтой æппынæдзух дæр. Уый афтæ кæй у, уый бæрæг у, уым цы бирæнымæц шприцтæ æппæрст уыд, уымæй дæр.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты Хъырым хъахъхъæныны рæстæджы  1942 азы майы мæйы Керчæй радон хатт фæстæмæ куы алæууыдысты, уæд рагон Аджимушкайскаг дуркъахæнты кæй бамбæхстысты 10 мин советон салдаты бæрц æмæ 5 мин сабыр цæрæджы онг. Уыдонæн сæ фылдæр фæмард сты знагимæ карз тохты. «Зæххыбын гарнизон» уым фæцис 1942 азы 16-æм майæ 30-æм октябры онг, ома 6,5 мæйы. Фашисттæ сæ хъæстæ кодтой фæздæгæй, спырх-иу сын кодтой сæ рахизæнтæ. Нæ сын уыд нæдæр уæлæдарæс, нæдæр дон, нæдæр хæринаг, нæдæр хостæ, фæлæ уæддæр сæхи уацары нæ радтой. Уæдæ куыд гæнæн ис æмæ лæгмарты, фашистты ахæм хъæбатыр хъахъхъæнджытимæ абарай.

Куыд уыдзæн сæ хъысмæт уацайрæгтæн. Сæ фылдæр хай бахаудзæн æфсæддон уацайрæгты бахъахъхъæныны фæдыл Женевæйаг конвенцийы нормæты бынмæ. Уыдоны хъысмæт фæбæрæг уыдзæн æввахс рæстæджы, гæнæн ис æмæ сæ баивой кæд æмæ уыдон хайад нæ истой æфсæддон фыдракæндты, уæд. Фыдгæнджытæ цалынмæ сæхи уацары нæ радтой, уæдмæ сæ уæлæдарæсæй раппæрстой уæлхуыдтæ, асастой сæ телефонтæ, планшеттæ æмæ ноутбуктæ. Фæдагурджыты бахъæудзæн бирæ бакусын. Иууыл стырдæр фыдракæндтæ чи сарæзта, уыдонæн стæрхон кæндзæн Донецкы Адæмон Республикæйы трибунал. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ дыууæ республикæйы дæр кæй нæ аивтой мæлæты тæрхон. Уымæ гæсгæ уацайрæгтæ бæллынц, цæмæй бахауой Уæрæсейы территоримæ, Уæрæсейы мæлæты тæрхон ивд кæй æрцыд, уымæ гæсгæ. Ныртæккæ уацайрæгтæй иутæ, иууыл уæззаудæр цæфтæ сты Новоазовскы рынчындоны. Донецкæн йæхи мидæг дæр сын бынæттæ рахицæн кодтой цалдæр рынчындоны. Куыд дзурынц, афтæмæй иууыл «цымыдисондæр» уацайрæгтæ та ныридæгæн сты Таганрог æмæ Ростовы специалон уагдæтты æмæ уым дæттынц æвдисæндзырдтæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.