Æрдамонгæ

Ацы рагон ирон дзырд бирæ æмбарынадтимæ у баст, фæлæ сæйраджыдæр нысан кæны бынат, ома хæдзар, цæрæнуат. Æрдамонгæ хæдзар нысан кæны, нæлдых хæдзар, ома нæлстæг кæм ис, дзырды, уынафæйы бар æрмæстдæр нæлгоймæгтæм кæм хауы, ахæм хæдзар. Хæдзар-иу æрдамонгæ схуыдтой, Хуыцаумæ кувгæйæ-иу Хуыцауæй лæппу-гуырдтæ куы куырдтой, уæд дæр. Ома, ацы хæдзарæн дæ цæст нæлбындар гуырдтæ бауарзæд, хæдзар æрдамонгæ куыд уа.

Æхсинæг

Æхсинæг у маргъы мыггаг, æхсыргъуыз бæлон. Таурæгътæм гæсгæ-иу уæларвон зæдты зæххмæ æртæхын куы бафæндыд, уæд-иу æртахтысты æхсинджыты хуызы. Зæххыл-иу цы ран æрбадтысты, уым-иу бæстæ сæ рухсæй ныррух сис. Ахæм миниуæг уыд Донбеттырты æртæ хомæ дæр. Уыдон та-иу æхсинджыты хуызы батахтысты Нарты сыгъзæрин фæткъуы давынмæ.

Айгуыртæ æмæ сæ фесæфт

Айгуыртæ уыдысты, туг æмæ æхсырæй чи цард, ахæм адæм. Нарты кадджыты æмбæлæм ацы адæмы хаттыл. Уыдысты æнахуыр адæмы мыггаг, алцæмæй дæр хицæн кодтой иннæ знæмты ‘хсæн. Дардтой фос. Сæ фосы дæйгæ дæр кодтой æмæ сын сæ туг дæр нуæзтæй. Нæ ауæрстой адæймаджы фыд хæрыныл дæр. Алы майрæмбоны дæр хъуамæ нуæзтаиккой тугхæццæ æхсыр. Иу ахæмы ныббырстой Нартæм. Нартимæ фæхæцыдысты авд боны æмæ авд æхсæвы. Нартæ сыл фæтых сты, сæхимæ дзы кæй ныццагътой, уымæй уæлдай сын ныббырстой сæхимæ дæр æмæ сæ бындзагъд фæкодтой.

ÆРВАДИУÆГГÆНÆГ ИРОН  МЫГГÆГТÆ ХИЦÆН  ТАУРÆГЪТÆМ ГÆСГÆ

*Къуындуыхатæ – Кумукатæ

*Лагкутæ – Тускъатæ

*Магкæтæ – Тегкатæ – Хъайтмазтæ – Бидзинтæ

*Мадзатæ  – Ханетæ – Сырхаутæ – Майрæмсаутæ

*Къуындыхатæ – Мырзабегтæ – Есенатæ -Хъаныхъуатæ – Мамсыратæ – Ерыстаутæ – Тхостатæ – Ногъайтæ – Плитæ – Сырхаутæ – Скъиатæ

*Малитæ – Гардантæ – Бæлойтæ – Бзойтæ

*Малитæ – Къодзыртæ – Саутитæ – Бырнацтæ – Дзапартæ – Хлойтæ

*Малитæ – Сохитæ – Бæлойтæ

*Мамитæ – Хетæгкатæ

*Мамсыратæ – Есенатæ – Хъаныхъуатæ

*Мамсыратæ – Ерыстаутæ – Джераптæ – Сидахътæ

*Мамытатæ – Саухалтæ

*Мæлдзыгатæ – Таратæ

*Мæргъитæ – Пухатæ –     Хъуысæгтæ

Уырнæнтæ æмæ мæнгуырнæнтæ

Сывæллон уæззау рынчын куы уа, уæд æй авд боны ног æлвыд, æнæхсад къуымбилы тыхтæй куы фæдарай, уæд ын йæ низ айсдзæн.

 Цæмæй дæ сæр ма рисса, уый тыххæй, уалдзæджы фыццаг æрвнæрд куы фехъусай, уæд дæ сæр дурæй бахой æмæ зæгъ: «Мæ сæр дурæй хъæбæр дæр».

 Йæ дæндаг кæмæн рисса, уый йæ галиу къухæй йæ цонджы хъулыл хъæбысы ‘рдыгæй дадзиныл нуры куы сæвæра, æмæ йæ сырх æндахæй куы бабæдта, уæд йæ рыст ацæу-дзæн.

 Цæмæй дæ къæхтæ ма риссой, уый тыххæй Ног боны æхсæв æхсæвæр хæргæйæ æфсæйнаг  рæхысыл   сæвæр дæ къæхтæ.

 Рынчын цы фæнды тыхст куы уа, уæддæр ыл кæуын нæ фæтчы, йæ сæрыл цы зæдтæ тох кæнынц, уыдон мæ хъыг фæкæсдзæн æмæ йæ мæлæты æвджид фæуадздзысты.

 Цæмæй бызычъи фесæфа, уый тыххæй йæ ныхс, арты хуылыдз сугæй цы дон рахъары, уымæй.

Дзывгъисы фидар-лæгæт

Ацы æнахуыр рагон хæстон фидар ис Куырттаты комы. Фыццаг хатт ардæм чи бафта, уый йæ, гæнæн ис, хатгæ дæр ма ракæна. Уымæн æмæ фидары къултæ æмæ систæ æмхæццæ сты æнусон къæдзæхимæ. Ис æм сæрмагонд бацæуæнтæ, ис дзы авд фидары бæрц, кæцытæй алчи дæр у хицæн хъахъхъæнæн мæсыг. Ацы фидар Куырттаты комы бирæ хæттыты бахъахъхъæдта тыхгæнджытæй, бирæ таурæгътæ баззад уый тыххæй: иу заманы та тыхгæнджытæ йæ басæттын сфæнд кодтой. Тыхгæнджытæ нымæцæй бирæ фылдæр уыдысты, фидар-лæгæты чи бадт, уыдонæй. Фæлæ фидары бадджытæм хæринаг бирæ уыд, тыхгæнджытæн та хæлц бынтондæр нал уыд. Ацы хабар фидар хъахъхъæнджытæ куы базыдтой, уæд сын хъавæн бынæттæй хæрд ракалдтой. Тыхгæнджытæ хæринæгтыл нæ бафидыдтой, кæрæдзимæ фесты æмæ сæ кæрæдзи ныццагътой.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.