АРМРЕСТЛИНГ

Хуссарирыстойнаг спортсмен Хæбæлаты Арсен ссис æвзæнгты ‘хсæн дунейы чемпион армрестлингæй. Ерыстæ уагъд цыдысты Румыны горæт Констанцайы. Арсен ерыс кодта рахиз къухæй. Уый архайдта 70 кг уæзы категорийы. Тренер Джиоты Валерийы хъомылгæнинаг акодта 11 тохы æмæ сæ алкæцыйы дæр йæ ныхмæлæуджытæй уыд тыхджындæр. Финалмæ цæугæйæ рамбылдта Турк, Казахстан, Гуырдзыстон æмæ Узбекистаны минæвæртты. Сæйраг тохы та рамбылдта УФ-йы иннæ минæвар Магомед Эльдаровы.

РХИ-йы армрестлингы скъолайы иннæ хъомылгæнинаг Дыгъуызты Миленæ та ерысты иууыл уæззаудæр уæзы категорийы бацахста 4-æм бынат. 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Ирон богалтæ Зассеты Арсæмæг æмæ Дзæгъиаты Сослан хайад исынц уæгъдибар хъæбысхæстæй дунеон турнир «Битва за тренера-преподавателя»-йы. Ерыстæ уагъд цæуынц дагъыстайнаг горæт Хасавюрты.

«Дзæгъиаты Сослан архайы 92 кг уæзы категорийы, Зассеты Арсæмæг та – 110 кг уæзы», – фехъусын кодта спортсменты тренер Коцты Тамерлан. Ацы аз Зассеты Арсæмæг ссис,18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн дунейы æмæ УФ-йы чемпион. Дзæгъиаты Сослан та 16 азы онг кæуыл цæуы, уыцы хъæбысæйхæцджыты ‘хсæн ссис Уæрæсейы чемпион.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.