Фæстаг азты сырдтæ – арс, бирæгъ, хъæддаг куыйтæ (шакалтæ), арæх фæлæбурынц канд хæххон хъæуты цæрджыты фосмæ нæ, фæлæ ма горæтмæ хæстæг цы хъæутæ ис, уырдæм дæр. Арæх аргæвдынц фос хæдзæрттæм æввахс. Ивгъуыд къуыри Знауыры районы Балтайы хъæуы арс аргæвста дзæргъ. Хъæуы цæрджытæй сæ иу дзæргъы утæхсæн хъæрмæ ралыгъд, сырд æй куы федта, уæд æй фæуагъта. Нæлгоймагмæ æхсæнгарз нæ уыд, фæлæ йæ амондæн хъæуы цæрджытæй цалдæрæй ралыгъдысты фæдисы. Семæ цы цуанон уыд, уый сырдыл рæйын райдыдта æмæ уый дæр йæхи хъæдмæ байста.

Дыккаг бон та Ожорайы хъæуы арс ныппырх кодта мыды чыргъæдтæ. Уыцы бон ма Калеты хъæумæ хæстæг фендæуыд арсы фæдтæ. Æмæ уый фыццаг хатт нæу. Ивгъуыд аз дæр ацы хъæуы хъæддаг сырдты амæттаг баисты дзæргъ æд хъыбылтæ æмæ род. Хъæубæсты цæрджытæ бахатыдысты Балтайы хъæуы цæрæг хъæдгæс Плиты Лаврикмæ, цæмæй сын баххуыс кæна æмæ сæ фервæзын кæна ацы тугдзых сырдтæй. Фæлæ бæрæг куыд у, афтæмæй Знауыры районы хъæдтæ Нагутни æмæ Бухары комы иу хай нымад цæуынц тобæгонд зонæйыл æмæ дзы нæй арс амарыны бар. Арс хъахъхъæд цæуы закъонæй, йæ амарыны тыххæй нысан у ивар.

Канд Знауыры районы цæрджытæ нæ, фæлæ ма ахæм хъæстытæ цæуы Цхинвалы районы хъæутæй дæр. Дменисы хъæуы ивгъуыд аз хæдзары кæрты арс бахордта дыгæрдыг. Вæййы афтæ дæр æмæ фос хизынц сæрвæтты, тугдзых сырдтæ æмæ сæ фыййауы раз аргæвдынц.

Ветеринарон кусджытæ куыд зæгъынц, аф-тæмæй хъæддаг сырдтæ сты алыгъуызон низ парахатгæнджытæ – гæбæрниз, трихиннелез, æрраниз. Уыцы низтæ цæттæ сты адæймаджы цардæн дæр. Тæссаг у цы хъæутæм цæуынц, уым бынæттон цæрджытыл дæр куы бахæцой. Ахæм цаутæ дæр иу æмæ дыууæ хатты не ‘рцыд.

Адæмы тыхстдзинад уынгæйæ Æрдзон ресурсты комитеты фæндон рахастой, цæмæй амарой ахæм тугдзых сырдты, кæцытæ зиан хæссынц адæмæн æмæ адæмон хæдзарадæн.

«Нæ хъæуты цæрджытæ рагæй фæстæмæ дæр фосдарды куыст кæнынц. Уыдонæн та сæ фыддæр знаг у бирæгъ. Раздæр-иу бирæгъ кæд дзæгъæл фосыл нæ ауæрста, уæд фæстаг аз та лæбуры комкоммæ хъæумæ. Хъыгагæн, арс дæр æргом цæуын райдыдта хъæдæй æддæмæ. Цалынмæ адæмы къухы æхсæнгарз уыд, уæдмæ хъæуты цæрджытæ архайдтой сæхи сырдтæй бахъахъхъæныныл.

Гæззаты Юри куыд зæгъы, афтæмæй июны мæйы аналогон цау уыд Куайсайы дæр. Арс сæрвæты бахордта род. Уымæй дыууæ бон фæстæдæр та уæныг. «Нæ комитеты уæнгтæ бынаты йæ фæдмæ гæсгæ куыд сбæрæг код-той, афтæмæй арс уыд егъау. Тæссаг уыд фосы фæдыл хъæумæ дæр цæуын куы райдыдтаид, уымæй. Уымæ гæсгæ цуанонтæн бар радтам, цæмæй йæ фехсой. Дыууæ къуыри йæ фæстæ цуан кодтой æмæ йæ амардтой».

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.