Ацы акцийы не ‘мбæстæгтæ активон хайад кæй исынц, уымæ гæсгæ ныр та уагъд цæуы республикон масштабы. Ӕрмæст хуы-мæтæг цæрджытæ нæ, фæлæ ма се ‘ххуысы къух æвæрæз бинонтæм фæдаргъ кодтой депутаттæ, политикон партитæ, амалиуæггæнджытæ. Кæд æмæ раз-дæр организаторты фæндыд, цæмæй баххуыс кæной æрмæстдæр профилактикон хыгъды чи лæууы, уы-донæн, уæд сын ныр фæзынд фæрæзтæ æмæ уавæртæ, цæмæй æгас республикæйы цыбыркъух бинонты сывæллæтæм фæкæсой скъоламæ сæ бацæттæ кæнынмæ.

Йе ‘ххуысы хай чи бакодта, уыдоны номхыгъд ахызт сæдæйæ, æмæ æхцаты фæрæзтæ та 300 мин сомæй фылдæр баисты. Уымæй уæлдай ма сæм лæвары хуызы хæссынц алыгъуызон уæлæдарæс, дзабыртæ, хызынтæ, къæнцыларон дзаумæттæ æмæ афтæ дарддæр.

«Иу сылгоймаг нæм æрбахаста 18 ног костюмы, кæцытæ иттæг хорз сты скъоламæ дарынæн, иннæ та нын дæс скъоладзауы сифтонг кодта къахыдарæсæй. Мах уый æнхъæл нæ уыдыстæм æмæ акцийы уыйбæрц адæм райсдзæнис хайад. Стыр бузныг сæ стæм, ахæм æнæмæнгхъæуæг æмæ хæрзиуæгон хъуыддагмæ кæй нæ фæзивæг кодтой», – зæгъы горæт Цхинвалы милицийы управленийы æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы хайады сæргълæууæг Гатайты Лали.

Ацы акци аххæсдзæнис суанг ног ахуыры азы райдианмæ æмæ уæдмæ скъоладзаутæ ифтонг хъуамæ æрцæуой æнæмæнгхъæугæ дзаумæттæй. Блогер Гуыбеты Зæринæ куыд зæгъы, афтæмæй алы бон дæр ацæуынц сывæллæттимæ исты дзаумæттæ æлхæнынмæ.

«Мах сын развæлгъау бафæрсæм сæ ныййарджыты æмæ ба-зонæм, цы сын хъæуы балхæнын, æмæ стæй сывæллæттимæ ацæуæм дуканитæм. Дуканигæстæ нæ куы базонынц, цы хъуыддагыл лæуд стæм, уæд ныл баузæлынц, бирæ дзаумæттæ нын раттынц лæвар, кæнæ та асламдæр аргъыл», – загъта Гуыбеты чызг.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.