Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы фӕллойгӕнджытӕ зæрдиагæй архайынц ӕхсӕнадон хӕдзарады зӕххытӕ хӕрзгуыст бакӕнын ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы фӕндиаг тыллӕг ӕрзайын кӕныныл. Раст у, зӕхкусджытӕн нырма сӕ разы дзӕвгар къуылымпытӕ вӕййы, хъӕуӕг техникӕ кæй нæ фаг кæны,  уый аххосӕй. Хатт бафӕстиат вӕййынц хуым кӕнын ӕмӕ тауыны куыстытӕ, ныддӕргъвӕтин вӕййынц тыллӕг ӕфснайыны ӕмгъуыдтӕ. Фӕлӕ уӕддӕр, уыдӕттӕм нӕ кӕсгӕйӕ, зӕххы куыстыл иузӕрдион чи у, уыдон архайынц, цӕмӕй йӕ кусой ӕмӕ дзы исой хъӕздыг тыллӕг.

Джиоты Ацӕмӕз ивгъуыд азӕй райдыдта ӕфсирон культурӕтӕ тауын. Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ куы барухс вӕййы йӕ фыдӕбонӕй, уӕд ӕй уый ноджы тынгдӕр сразӕнгард кӕны дарддӕры архайдмӕ, йӕ бӕллиц ӕмӕ тырнындзинад вӕййы ноджы хуыздӕр фӕстиуджытӕ равдисын.

Ацы аз Джиойы фырт йӕ хуымзӕххы фӕдих кодта ӕртӕ хайыл ӕмӕ дзы ӕдӕппӕт байтыдта 35 гектары, уыцы нымӕцы фӕззыгӕнд мӕнӕу ӕмӕ хъӕбӕрхор фӕйнӕ 14 гегтары  ӕмӕ 7 гектары цъойы культурӕ.

Мӕлдзыгаты Ирбегӕн йӕ ныййарджытӕ фылдӕр ӕргом здӕхтой фосдарды куыстмӕ, уӕды хӕдзарады фосдарды ӕнтыстмӕ хастой сӕ аккаг хайбавӕрд. Хистӕрты хӕрзиуӕгон архайдӕн кӕстӕр дарддӕргӕнӕг куы уа, уӕд уый арфӕйаг у. Йӕ дзӕнӕттаг ныййарджыты фӕллойы фарныл фидар хӕцы Ирбег ӕмӕ кӕны куыд фосдард, афтӕ зӕххы куыст дӕр. Райста 10 гектары зӕххы фадыг ӕмӕ дзы байтыдта фӕззыгӕнд мӕнӕу. Хуым кӕ-нын ӕмӕ тауыны куыстытӕ сӕххӕст кодта йӕхи сӕрмагонд техникӕйы фӕрцы.

Зӕхгуыст ӕмӕ фосдарды къабӕзты райтынг кӕныныл ма хъӕуы фӕллойгӕнджытӕй но-джыдӕр кусынц ӕмӕ архайынц ӕндӕртӕ дӕр ӕмӕ уымӕй сӕ хайбавӕрд хӕссынц нӕ адӕмы иумиаг фӕрныгад сырӕзын кӕнынмӕ.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.