Фæззæджы æмæ уалдзæджы райдианы зæхкусæгæн иууыл ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæгдæр сты тауыны куыстытæ бакæнын. Ацы æнæаргъæвгæ хæс зæрдыл даргæйæ, Ленингоры районы хæдзарадтæ кусынæн бæзгæ бонтæй фæпайда кæнынц хæдзардзинæй æмæ сын уый фæстиуæгæн бантысы дзæвгар культурæтæ байтауын.

Афтæ та рауад сæ фæллойадон архайд ивгъуыд фæззæджы дæр æмæ  уæд байтыдтой 300 гектары фæзуатыл.  Февралы мæйы дæр сын сæ къух арæзта боныгъæд æмæ та уæд дæр тракторон бригадæйы уæнгтæ æрæвнæлдтой хъæбæрхоры культурæ тауынмæ, ацы рæстæджы та  æдæппæт байтыдтой 200 гектары.

Бригадир Габиты Хвича куыд загъта, уымæ гæсгæ иууыл иумæ фæззыгæнд мæнæу æмæ хъæбæрхор Цъинагар, Гъдулет, Орчъосан æмæ æндæр хъæуты быдырты байтыдтой 500 га. Зæгъын хъæуы, æрмæст механизатортæ ууыл не ‘рлæудзысты, фæндыд сæ марты мæйы дæр тауыны куыстытæ кæронмæ ахæццæ кæнын, фæлæ æгæр карз бонтæ кæй кодта, уый аххосæй куыстытæ æрлæууыдысты.

Ныр та боныгъæд фæхуыздæр æмæ уый фадат дæтты куыстытæ кæронмæ фæуынæн. Мæр уал ссур æмæ тауынæввонг у Цъинагары быдырты æмæ ацы уалдзыгон хъарм бонты механизатортæ æрæвнæлдтой сæ куыстмæ.  Фæззæгæй фæстæмæ механизатортæ дзæвгар куыстытæ бакæнынц, уыцы нымæцы мæр афæлдахын, хырыз кæнын, стæй техникæ куыстæввонг æркæнын, æртаг рæстæгыл самал кæнын æмæ æндæртæ. Æппæт банысангонд куыстыты сæхи активонæй æвдисынц механизатортæ Хуриты Зураб, Дриаты Звиад, Габиты Радик, Гусойты Валери, Дриаты Джемал, Мæргъиты Илья, Хуыбылты Тамаз æмæ бригадир Габиты Хвича йæхæдæг.

                                                                          ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.