Ныр иу мæйæ фылдæр рацыд, горæт Мариуполь æрхъулайы куы бахаудта, уæдæй. Æмæ абоны бон дæр нырма фашисттæ ныхмæ лæууынц уæрæсейаг æфсæддонтæм. Хъыгагæн, горæт штурмæй сисыны рæстæджы, бирæ хæстонтæ фæмардис нацистты къухтæй æмæ се ‘хсæн ис ирон лæппутæ дæр. Æфсæддон эксперттæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй Мариуполы хæстон архæйдтытæ банымайæн ис, куыд иууыл хъазуатондæрыл историйы, æмæ ацы хабæртты фæдыл фæстæдæр фыст æрцæудзæнис чингуытæ æфсæддон уæлдæр ахуыргæнæндæтты курсанттæн. Уæдæ уæрæсейаг æфсæддонтæ цæмæн æвзарынц зындзинæдтæ ацы горæт фашистон лæгсырдтæй асыгъдæг кæнгæйæ?

Мариуполы нырма дзæвгар фашисттæ ис, кæцытæ хъазуатонæй тох кæнынц, сæхи уацары раттыныл нæ разы кæнынц, уымæн æмæ сын уыйбæрц фыдракæндтæ арæзт ис, æмæ сæ фæндаг комкоммæ ахæстонмæ у. Ныридæгæн сæ ассыдтой цæрæн кварталтæй æмæ бамбæхстысты завод «Азовсталь»-ы территорийы, сæхимæ ‘ввахс бацæуын нæ уадзынц. Куыд зонæм, афтæмæй ацы промышленнон комплекс у тынг егъау – йæ фæзуат у дыууæ Цхинвалы бæрц æмæ дзы ис тынг бирæ арæзтæдтæ. Ацы завод арæзт æрцыд Советон Цæдисы рæстæджы æмæ дзуапп дæтта карз эксплуатацион домæнтæн, – ома хæсты рæстæджы хъуамæ авиаци æмæ  сармадзанты ныхмæ фæлæууыдаиккой йæ къултæ. Æгæрыстæмæй ма йын атомон бомбæ дæр бирæ зиан не ‘рхастаид, завод уæддæр йæ куыст кодтаид дæлзæххы.

Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы заводæн йæ иу хай ис дæлзæххы – суанг 8 уæладзыджы онг. Ис дзы арæзт тынг бирæ тоннелтæ, кæцытæ хæццæ кæнынц горæты алы къумтæм æмæ ма йæ фарсмæ уæвæг дыууæ заводмæ. Раздæр дзы цы арæзтæдтæ уыдис, уый зындгонд у, фæлæ фæстаг 30 азы дæргъы ам фысымиуæг кодтой АИШ-ы æфсæддон специалисттæ æмæ бæрæг нал у, цытæ ма фæарæзтой сусæгæй. Ис ахæм информаци, ома дзы уæвынад кæны НАТО-йы сусæг объект биолабораториимæ æмæ спецоперацийы рæстæджы йæ кусджытæ нал аирвæзтысты «Азовсталь»-æй.

Уацары цы хæстонтæ бахауд националон батальон «Азов» æмæ хуымæтæг украинæйаг салдæттæй, уыдоны ныхæстæм гæсгæ 25 февралы заводмæ æрцыдысты 3 мин хæстоны, кæцыты рахуыдтой заводы директор Ринат Ахметовы «гвардионтæ». Уыдон хæстон архæйдтыты хайад нæ истой, горæтмæ дæр никуы рахызтысты хæцынмæ, – æрмæстдæр фидар кодтой заводмæ бахизæнтæ, арæзтой фидæрттæ, сæхи цæттæ кодтой штурммæ. Æгæрыстæмæй, бæрæг нæу бæстонæй, уыцы 3 мин хæстоны украинæгтæ сты æви фæсарæйнаг бæстæты æфсæддонтæ. Ис ахæм информаци, ома «Азовсталь»-ы хъахъхъæнынц французаг фæсарæйнаг легионы кадрон æфсæддонтæ æмæ НАТО-йы сæрмагонд нысаниуæджы хæстонтæ. Канд хуымæтæг хæстонтæ дзы нæй, фæлæ ма заводы баззадис америкæйаг инæлар-лейтенат Роджер Клотье дæр, кæцы у НАТО-йы сурзæххон æфсæдты командæгæнæг. Уый æдде ма дзы ис бирæ афицертæ АИШ, Канадæ, Герман, Франц, Итали, Турк, Швеци, Польшæ æмæ Грецийæ.  Уæдæ Францы президент Макрон, æвæццæгæн, æнæхъуаджы не стыхст æмæ Путинмæ æрвылбон уымæн дзырдта, цæмæй гуманитарон коридор радтой Мариуполæй.

Иу мæйы дæргъы  Украинæйы хицауад алы амæлттæй архайынц, цæмæй «Азовсталь»-æй раирвæзын кæной æрхъулайы бахауæг хæстонты, фæлæ сын уæрæсейаг æфсæддонтæ уыцы фадат нæ дæттынц. Цалдæр хатт бахъавыдысты æрхъула ратонынмæ, горæт Николаевæй сæм цыдысты æххуысмæ, æхсæз хатты сын æрæппæрстой вертæхæгтæ, иу хатт та сæм батонынмæ хъавыд нау, фæлæ йæ æрдæгфæндагыл æрурæдтой. Æппæт ацы архæйдтытæ адæймаджы кæнынц иу хъуыдымæ, – завод æмбæхсы вазыгджын информаци. Æндæра Зеленский йæ адæмыл æмæ йæ хæстонтыл иу уысм дæр никуы мæт кодта æмæ ныр цалдæр мин хæстоны тыххæй афтæ цæмæн стыхстис.

Мариуполы æфсæддон гарнизон уыд иууыл фидардæр æмæ йæ хæстонтæ та уыдысты иууыл цæттæдæр. Æдæппæт уыдысты 30 мины бæрц æмæ ма уыдоны æдде се ‘хсæн уыд тугмондаг националон батальон «Азов», кæцыйы хæстонты нымæц та уыд 10 минæй фылдæр. Хæстон архæйдтыты фæстиуæгæн украинæйаг æфсæддонты фылдæр хай куынæг æрцыдис æмæ ма абоны бон «Азовсталь»-ы хъахъхъæнынц 3-4 мин хæстоны бæрц. Фæлæ дзы фæсарæйнаг æфсæддонтæ цас ис, уый бæрæг нæу. Завод штурм кæнын зын хъуыддаг у æгæрыстæмæй сæрмагонд нысаниуæджы къордты æфсæддонтæн дæр. Уымæ гæсгæ ныр хъуыдыйаг у, дарддæр цы хъæуы саразын, уый. Ис сыл æрæппарæн егъау бомбæтæ æмæ завод æд хæстонтæ скуынæг уаид, фæлæ ацы промышленнон комплексы кусынц дæсгай мин граждантæ, кæцытæ фидæны æгуыст баззайдзысты. Стæй дæр ахæм хъæугæ завод ныппырх кæнын никæй фæнды. Æввахс рæстæджы, æвæццæгæн, æрсиддзысты химикон æфсæдтæм æмæ сæ уыдон æнæмæнг рабырын кæндзысты сæ хуыггæмттæй.

«Азовсталь»-ы чи куыста, уыдон дзурынц, зæгъгæ, заводы рухс куы нæ уа, уæд уыцы дæлзæххон объектты 3 этажæй дæлæмæ уæвæн нæй – уæлдæф дзы нал фæциркуляци кæны æмæ адæймаг ныххуыдыг вæййы. Цыдæр рæстæгмæ гæнæн ис æмæ ныххизай быниау, фæлæ дæ фæстæмæ схизын тагъд бахъæудзæн. Стæй ма вентиляцион шахтæты схизæнтæ æхгæд куы æрцæуой, уæддæр дзы уæлдæр этажты дæр туаггуыр нал фæфаг кæны æмæ йæ мидæг уæвæг адæм тыхсын райдайдзысты. Ис гæнæн, æмæ сæм уа сæрмагонд туаггуыры аппараттæ, фæлæ уыдон дæр цасы фаг хъуамæ уой. Ацы заводы бадджытæ сæхи хорз бацæттæ кодтой – ис сæм бирæ хæлц, фаг нæмыг, хæрзарæзт бæстыхæйттæ. Сæ бон бауыдзæн ам цалдæр мæйы дæргъы цæрын, фæлæ сын уыйбæрц рæстæг чи ратдзæнис. Сæ хъысмæт æввахс бонты аскъуыддзаг уыдзæнис æмæ æнæмæнг нæу æмæ сæ иууыл маргæ акæной. Химикон æфсæдтæ не спайда кæндзысты исты маргæй, фæлæ сæм бауадздзысты, зæгъæм, ахæм газ, кæцы адæймаджы тынг хуыфын кæны, кæнæ дзы цæстытæ риссынц, æмæ бар-æнæбары бырын райдайдзысты хæрдмæ.

Уæдæ æмбæрстгонд у, Мариуполь афтæ тынг цæмæн хъахъхъæдтой украинæйаг хæстонтæ æмæ хурныгуылæйнаг политиктæ. 2014 азы Мариуполы аэропорты арæзт æрцыдис ахæстон «Библиотека», зæгъгæ, æмæ йын йæ ахæстæтты та хуыдтой «чингуытæ». 8 азы дæргъы мингай адæймæгтæ æбæрæг сæфт фесты канд горæт Мариуполæй нæ, фæлæ ма æгас Украинæйæ. Ахæстоны кусджытæ-иу ахст адæмы тæрсын кодтой стыр ныккæндæй, ома, уырдыгæй удæгасæй ничиуал раздæхы. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы ахæстон комкоммæ баст уыд «Азовсталь»-ы биолабораториимæ, цыран адæмыл уагътой алыгъуызон эксперименттæ. Æппæт ацы хъуыддæгты хайад истой НАТО-йы специалисттæ æмæ уымæ гæсгæ Уæрæсейы нæ фæнды «Азовсталь»-ы бындуронæй ныппырх кæнын. Хъуамæ дзы ссарой исты бæрæггæнæнтæ æмæ уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, хурныгуылæйнаг «демократон» бæстæтимæ æндæрхуызон ныхас кæнын хъæудзæнис Путины.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.