Æрæджы, горæт Пятигорскы йæ куыст фæци Цæгат Кавказы федералон зылды æрвылазон фæсивæдон форум “Машук”. Уым республикæйæ архайдтой 120 лæппу æмæ чызджы. Иннæ азтæй хъауджыдæр, юбилейон, дæсæм форум цыд æртæ радæй. Организаторты ныхасмæ гæсгæ, фæсивæдон лагеры куысты æмгъуыд фæдæргъвæтиндæр кодтой, форумы архайджыты нымæц зынгæ кæй фæфылдæр, уый хынцгæйæ. Ацы аз грантты фондмæ дæр бахастой фылдæр æхца – 115 милуан сомы. Дæс азмæ форумы арфæйаг архайд айхъуыст æппæт бæстæйыл дæр. Алы аз дæр йæ архайджыты размæ рахæссы цымыдисаг ахуырадон æмæ рухстауæн программæтæ, алы регионты æрыгон фæлтæрæн вæййы хуыздæр базонгæ уæвыны фадат, кæрæдзи фæлтæрддзинадыл сахуыр кæнын, вæййы сын зонадон лекцитæ, мастер-класстæ, хиирхæфсæн мадзæлттæ… Ахсджиаг фембæлдтытæ сын, æнæмæнг, вæййы Цæгат Кавказы разамонджытимæ. Сæрмагонд ныхасы аккаг у, курдиатджын фæсивæд форуммæ ахсджиаг проекттæ кæй бацæттæ кæнынц, уый дæр. Уыцы проекттæн сæ хуыздæртæ райсынц паддзахадон гранттæ.   

Ацы аз Цæгат Ирыстоны фæсивæд презентацимæ бавдыстой 170 социалон нысаниуæджы проекты. Форумы æртæ фæлтæры архайджытæн сæ проекттæй 49 райстой паддзахадон гранттæ 50 – 500 мин сомы аргъ. Цардуаджы алы къабазы проектты темæтæ сты: “Центр детской психологии и развития речи”, “Животноводство на горных территориях”, “Пошив национальной одежды”, “Изысканные шоколадные изделия” “Мраморные статуэтки” æмæ бирæ æндæртæ. Экспертты нымадмæ гæсгæ, проекттæй ис ахæмтæ, царды тынг ахсджиаг чи у. Зæгъæм, Къубалты Сослан райста грант 500 мин сомы. Уыдон йæ зæрды бахардз кæнын ис, электросамокаттæ саразыныл. Самокаттæн арæзт æрцæу-дзæн сæрмагонд чысыл автоматизацигонд станцæтæ æмæ кæй хъæуа, уый сæ уырдыгæй исдзæн лæвар, стæй дæ куынæуал хъæуа, уæд сæ фæстæмæ радт. Ома, машинæты бæсты кæй фæнда, уыдон цæудзысты ацы ног техникæйыл. Уыдон хорз ахъаз уыдзысты экологийæн æмæ фæндæгты змæлд машинæтæй фæ-къаддæр кæнынæн.

Илурты Хъазыбег райста грант 300 мин сомы йæ проектæн “Жемчужина в красках”, зæгъгæ. Йæ нысан у “Нарты эпос” иронау æмæ уырыссагау рауадзын мин экземплярæй. Чиныг фæлгонц уыдзæн диссаджы иллюстрацитæй. Уыдон байуардзысты скъолатæ, сывæллæтты хæдзæрттæ æмæ библиотекæтыл. Автор куыд зæгъы, афтæмæй Нарты эпос никуы зæронд кæны, уый у этикон кодекс, нæ удварны культурæ æвдисæг, кæцы нæм æнусты сæрты æрхæццæ. Уымæ гæсгæ бацархайын хъæуы, цæмæй ноджыдæр цæрæццаг уа.

 Журналист Къораты Жаннӕ йæ проект “Медиа-чиныг”-æн  грант райста 250 мин сомы. Йæ зæрды ис ирон æмæ уырыссаг æвзагыл фыст, нæ культурæ, традицитæ чи æвдисы, ахæм аивадон чингуытæн цыбыр афæлгæстытæ, видео – роликтæ саразын. Уыдонмæ гæсгæ, алкæй бон дæр уыдзæн чиныджы мидис ахæм видео – нывтæм гæсгæ æнцонæй бамбарын.

Кæй зæгъын æй хъæуы, фæсивæдæн сæ фæндтæ царды рауадзынæн æххуыс хъæуы, фæлæ уæддæр сæйраг гранттæ не сты. “Машук”, фыццаджыдæр, у зонындзинæдтæ райсæн фæз, хорз адæмтимæ базонгæ уæвын, дæ рейтинг фæфылдæр кæнын, исты ног дæсныйад бафæлварын æмæ бирæ æндæртæ.

Уæдæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр ныфс ба-вæрдта, кæддæриддæр кæй уыдзæн курдиатджын фæсивæды фарсмæ æмæ сын сæ фæндтæ царды уадзы-нæн ахадгæ æххуыс кæй кæндзæн. 

                                                         Нæ  уацх.                                                   

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.