Налцыччы уагъд æрцыд 2002 азы гуырд спортсменты ‘хсæн Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионат стъолы теннисæй. Командон ерысты РЦИ-Аланийы теннисисткæтæ бацахстой 3-аг бынат. Командæйы æнтыстмæ стыр хайбавæрд бахаста хуссарирыстойнаг спортсменкæ Кокойты Амандæ.    Бронзæ майдантæ рамбулыны тохы Ирыстоны минæвæрттæ 3:1 хыгъдæй рамбылдтой Дагъыстаны командæйы.

«Командон ерысты алы командæйы дæр вæййы æртæ адæймаджы. Фæлæ чемпионаты хæдразмæ фæрынчын нæ командæйы хъазджытæй сæ иу æмæ уый аххосæй нæ ацыд Налцыкмæ. Уымæ гæсгæ командæйы баззад æрмæстдæр дыууæ теннисисткæйы. Ахæм уавæры та уагæвæрдмæ гæсгæ хъазт райдайы 0:1 хыгъдæй уыцы командæйы пайдайæн, кæцыйы архайынц æртæ хъазæджы дæр. Фæлæ уæддæр уымæ нæ кæсгæйæ нæ командæйы уæнгтæ сæхи равдыстой хорз æмæ сын бантыст Дагъыстаны командæйы рамбулын», – банысан кодта РХИ-йы Стъолы теннисы федерацийы президент Джиоты Мириан. 

Ерыстæм Кокойты Амандæйы бацæттæ кодтой Джиоты Мириан æмæ Уалыты Иринæ.

Ныр хуссарирыстойнаг æв-зонг теннисисттæ сæхи цæттæ кæндзысты 2005 азы гуырд спортсменты ‘хсæн Цæгат Кав-казы Федералон зылды чемпи-онатмæ, кæцы уагъд æрцæудзæн марты мæйы.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.