Зымæджы рæстæджы Хуссар Ирыстоны районты хæххон хъæуты уæлдай тынгдæр сарæх вæййынц бирæгътæ. Тугдзых сырдтæ лæбурын райдайынц, хъæдмæ хæстæг цы хъæутæ ис, уыдоны цæрджыты хæдзарон фосмæ.

Æрæджы та Знауыры районы Калеты хъæуы бирæгъ бацыд хæдзары кæртмæ æмæ аргæвста дзæргъы. Уый фæстæ та йæ амæттаг бакодта хъыбылтæ æмæ роды. Æмæ уый фыццаг хатт нæу, ахæм фыдбылызтæ бирæгъ алы аз дæр ракæны  хъæуы цæрджытæн. Хъæубæсты цæрджытæ бахатыдысты Балтайы хъæуы цæрæг, егерь Плиты Лаврикмæ, цæмæй сын баххуыс кæна æмæ сæ фервæзын кæна ацы тугдзых сырдæй. Плиты Лаврикмæ стыр фæлтæрддзинад ис, уайтагъд сбæрæг кодта бирæгъы фæд, йæ бацæуæны йын сæвæрдта къæпхæн æмæ дыккаг бон тугдзых сырды къæпхæн æрцахста. Афтæмæй хъæуы цæрджытæ фервæзтысты бирæгъы æхсæвыгон лæбурдтытæй.

Канд Знауыры районы хъæуты нæ цæуы ахæм цаутæ. Ахæм хъæстытæ цæуы æндæр районты хъæутæй дæр. Уыдон куыд зæгъынц, афтæмæй хъæдмæ хæстæг хъæутæм æрмæст бирæгъ нæ лæбуры, фæлæ ма хъæддаг куыйтæ, æрсытæ, рувæстæ дæр. Цы зиан æрхæссынц, уый чысыл нæу. Ивгъуыд аз Цхинвалы районы хъæутæй сæ иуы бирæгъы амæттаг фесты гал æмæ хъуг. Сæ дыууæ дæр хызтысты сæрвæтты. Галы бахордтой, хъуг ма бæргæ алыгъд фæлæ бирæгъы хæстыты фæстиуæгæн уый дæр дыккаг бон амард. Вæййы афтæ дæр, æмæ фос аивæрзынц тугдзых сырдтæй, фæлæ уый фæстæ уыдонæн бахъæуы хос кæнын.

Ветеринарон службæты кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй тугдзых сырдтæ сты алыгъуызон низ парахатгæнджытæ дæр – гæбæрниз, трихиннелез, æрраниз. Уыцы низтæ тæссаг сты адæймаджы цардæн дæр. Тæссаг у, цы хъæутæм цæуынц, уым бынæттон цæрæгыл дæр куы фæхæцой, уымæй. Ахæм цаутæ дæр иу æмæ дыууæ хатт не ‘рцыд. Специалисттæ куыд амонынц, афтæмæй тугдзых сырд уый цы кæртмæ баивæрза, уым хъæуы дезинфекци кæнын.

Адæмы тыхстдзинад уынгæйæ 2011 азы арæзт æрцыд «Цуанонты æхсæнад», сæрдарæй йын урæд æрцыд Букуылты Чермен. Уыцы æхсæнад архайы, фæлæ сын уæддæр уый бæрц уавæртæ нæй, цæмæй æгас республикæйы территорийыл аххæссой. Бирæгъыл цуан кæнын та æнцон нæу. Физикон хъаруйæ æххæст уæвынæй дарддæр цуаноны фæхъæуы транспортон хæрдзтæ бакæнын, нæмгуытæ самал кæнын, цуанонæн ма æнæмæнгхъæуæг сты спецификон дзаумæттæ дæр. Уыдон та цуанон хъуамæ балхæна йæхи фæрæзтæй. Кæд æмæ цуанон амара сырд, уæд æй хъæуы æхцайы фæрæзтæй сразæнгард кæнын. Цуанонты æхсæнады уæнгтæн сæ бон иу сезонмæ 50-70 бирæгъы онг амарын, æмæ уый та чысыл ахъаз нæу, цæмæй тугдзых сырдтæй хызт уой цæрджытæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.