Уæрæсейы дыууæ регионы тугæйдзаг хуыцаубоны хабар райхъуыст 23-æм июны.

Дагъыстаны территорийыл æбæрæг адæймæгтæ террористон æгъдауæй бабырстой горæттæ  Дербент, Махачкала æмæ фæндагон-патрулон службæйы блокпостмæ. Расидт æрцыд контртеррористон операцийы режим. Фыдгæнджытимæ тохы фыццаг бацыдысты пъали-цæгтæ. Куыд цалдæр азы размæ, афтæ та ныр дæр, номхуындæй  сæхи царды аргъæй бахъахъхъæдтой сабыр цæрджыты цард. Ахæм фæдзæхст мидхъуыддæгты министрады кусджытæн Дагъыстан æмæ Уæрæсейы хъайтар, лейтенант Магомед Нурбагандов ныууагъта: «Работайте, братья!».

23-æм июны изæры нæлгоймæгты гарзджын къорд бабырста Дербенты синагогæ æмæ чырыстон аргъуанмæ, афтæ ма Махачкалайы фæндагон-патрулон службæйы постмæ. Аргъуаны фыдмардæй амардтой протоиерей Николай Котельниковы. Уый 40 азы службæ кодта Дербенты чырыстон аргъуаны.  Дербентмæ та æрцыд Севастополæй…

Изæры 19 сахатмæ æввахс террористтæ фехстой фæндагон-патрулон сужбæйы пост.

Дагъыстаенæй Паддзахадон Думæйы депутат Гаджиев нымайы, зæгъгæ, республикæйы теракты æрхъуыдыгæнджытæ сты Украинæ æмæ НАТО-йы спецслужбæтæ. Террористты ‘хсæн уыдысты Дагъыстаны Сергокалининскы районы сæргълæууæг Магомед Омаровы дыууæ фырты æмæ йæ хæрæфырт дæр, афтæ ма ММА-йæ спортсмен Гаджимурад Кагиров. Æхсæз террористы дæр куынæг æрцыдысты.

Дагъыстаны сæргълæууæг Меликов фехъусын кодта, зæгъгæ,  оперативон-фæдагурæн мадзæлтты фæрцы сбæлвырд кæндзыстæм афтæхуыйнæг «спящий ячейка»-тæ.

Фæстаг информацимæ гæсгæ, террористты къухæй фæмард сты  20 адæймаджы бæрц, уыдонæй  17 сты барадхъахъхъæнджытæ. Хъыгдард баййæфтой 44 адæймаджы, сæ фылдæр – 37 адæймаджы сты барадхъахъхъæнæг структурæтæй.

Дагъыстаны расидт æрцыд æртæбонон фыдох.

 

Севастополь

Хуыцаубоны, 23-æм июны Украинæ баллистикон ракетæтæ ATACMS-тæй ныццавта Севастополы курортон бынæттæ – Учкуевка æмæ Любимовкайы. Сæйраг цæфтæ райста Учкуевка. Атакæйы фæстиуæгæн фæмард сты фондз адæймаджы, уыцы нымæцы æртæ сывæллоны. Фæцæфтæ сты 151 адæйма-джы. Фондз сывæллоны бахаудысты реанимацимæ. Фæстæдæр сæ аластой Мæскуымæ. Сабитæй иу уыд горæт Магаданы мэры хæдивæджы 9-аздзыд чызг. Уый йæ ныййарджытимæ уыд пляжы.

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады официалон минæвар Мария Захарова банысан кодта, зæгъгæ, Мæскуы домдзæн дунеон организациты реакци сабыр цæрджыты амæлæты тыххæй.

«Уыдон конкретон адæймаджы амарын нæ фæнд кодтой, уыдон нысангондæй цавтой сабыр цæрджыты. Не ‘мбæстæгтæй кæцыфæнды адæймаджы амæлæт дæр у трагеди. Мах хъуамæ саразæм алцыдæр, цæмæй сæдас кæнæм нæ территори. Уый тыххæй къухты хъуамæ бафтой сæрмагонд æфсæддон операцийы нысæнттæ», – загъта сенатор Андрей Климов.

Æмбæрстгонд у иу хъуыддаг, АИШ æмæ НАТО Украинæйы къухтæй хæцынц Уæрæсейы ныхмæ æмæ сæ бон йæ басæттын кæй нæу, уымæ гæсгæ ницæуыл æлгъ кæнынц, пайда кæнынц алыгъуызон чъизи фæрæзтæй æмæ афтæмæй цæгъдынц сабыр цæрджыты.

Знаджы фæнды Уæрæсейы адæмты ‘хсæн паникæ байтауын, фæлæ сæ фæндæй ницы рауайдзæн! Ныртæккæ адæмы хъæуы уæлдай консолидаци равдисын. Уымæн æмæ дзырд цæуы нæ иумæйаг райгуырæн бæстæ – Уæрæсейыл. Уæрæсейы хорз фидæныл баст у Хуссар Ирыстоны фидæн дæр. Уый æмбаргæйæ, ирон хæстонтæ сæ хъæбатырдзинадæй цæстæвæрæн фесты сæрмагонд æфсæддон операцийы.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.