Терроризм бирæтæм нырыккон фæзынд кæсы, фæлæ теракттæ уыдис рагзаманты дæр. Зæгъæм, 1881 азы Санкт-Петербурджы теракты фæмард император Александр II – революцион организацийы минæвæрттæ йын йæ цуры срæмыгътой бомбæ. Азфыстыты иууыл фыццаг террористон къордыл та банымадтой дзуттаг секта «сикари», ома, «хъамаджынтæ» (ацы сектайы уæнгтæ-иу семæ хастой цыбыр хъаматæ искæй амарыны фæндимæ). Сæхи хуыдтой патриоттæ, маргæ та кодтой, дзуттаг хъæздыджытæй-иу ромæгтимæ чи бангом ис, уыдоны. Ныры дуджы ахӕмты схуыдтаиккой «террористтæ».

Терроризм зианхæссæг у цыфæнды æхсæнадæн дæр æмæ фыццаг дунеон хæстæй фæстæмæ йæ ныхмæ æмархайдæй тох кæнын райдыдтой бирæ бæстæтæ. Абон дæр террористты фæрцы иуæй-иу политиктæ сæ бæллицтæ сæххæст кæнынц, сӕ конкурентты аиуварс кӕнынц, сӕ сыхаг бæстæты сабырад фехалынц æмæ сын сæ хъомысад æрлæмæгъ кæнынц. Афтæ рауад 1917 азы Октябры революцийы рæстæджы. ИНО-йы организаци терроризмы ныхмæ тох йæ сæйраг хæсыл нымайын райдыдта, фæлæ абоны онг сæ бон нæу уавæр хуыздæрырдæм фæивын.

Кæд раздæр террористтæ фыдми саразынмæ идеологон кæнæ патриотон æнкъарæнтимæ цыдысты, уæд ныр та терактты фылдæр хай саразынц кæнæ æхцайыл, кæнæ та политикон дивидендтæ райсыны охыл. Æрæджы «Крокус Сити Холл»-ы цы террористон акт уыд, уый дыууæмæ дæр хауы – террористтæ йæ сарæзтой æхцайыл, сæ кураторты та хъуыдис политикон нысанæн, ома сæ фæндыд иуæй æхсæнад фæтæрсын æмæ схæццæ кæнын, иннæмæй та – Уæрæсейы разамынады се ‘мбæстæгты цæсты бафтауын æмæ сæ сæ фæндоныл сразы кæнын.

 

Чи уыдысты «Крокус Сити  Холл»-ы лæгмартæ?

Хуымӕтӕг адӕймӕгтӕ – сӕ цардмӕ сын куы ӕркӕсай, уӕд  ницӕмӕй рахатæн ис, тугмондӕгтӕ кӕй сты бинонты хицӕуттӕ, сӕ иуӕн цыппар сы-вӕллоны, дыууӕйӕн фӕйнӕ кæстæры, цыппӕрӕм та бынтон ӕрыгон  – 19-аздзыд сӕрӕлвынӕг. Террористты хӕрзгӕнджыты дӕр сбӕлвырд кодтой – фыд Исроил ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты, Аминчон ӕмӕ Диловар Исломовтӕ, бахызтысты террористон къорды скондмӕ ӕмӕ фыдгæнджытæн ӕххуыс кодтой, радтой сын хæдтулгæ. Фӕстӕдӕр ма ӕрцахстой 32-аздзыд Алишер Касимовы – уый та сын цæрæнбынат самал кодта.

Террористты ӕмӕ сӕ хӕрзгӕнджыты хъысмӕт ныр ис тӕрхондоны къухты. Дызæрдыггаг нæу – ацы адæмхуыз цъаммартæ ӕнӕмӕнг цӕрӕнбонтӕм уыдзысты ахӕстоны. Слестгӕнджытӕ куыд рабӕрӕг кодтой, афтӕмӕй фыд ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты зонгӕ уыдысты теракт саразыны пъланимӕ ӕмӕ уӕд уыдонӕн дӕр, ӕвӕццӕгӕн, цӕрӕнбонтӕм ахӕстоны сбадыны тӕрхон рахӕсдзысты. Ацы хъуыддаджы ма ноджы сбӕлвырд кӕндзысты ног фигурантты дӕр ӕмӕ дзы чи цас аххосджын разына, уымӕ гӕсгӕ ӕфхӕрд баййафдзысты.

Таджикистаны ӕмбӕстӕгтӕ террористон акт сарӕзтой Украинӕйы спецслужбӕты разамынадæй. Ӕмӕ украинаг спецслужбӕтӕ та сӕ алы къахдзӕф дӕр барынц ныгуылӕйнаг кураторты хӕслӕвӕрдтимæ. Ахӕм хъуыдыйыл лӕуд сты уӕрӕсейаг эксперттӕ æмæ ма суанг ныгуылӕн бӕстӕты цæрджытæй дӕр бирӕтӕ.

Цы нысан кӕны цӕрӕнбонтӕм ахӕстоны сбадын

Уӕрӕсейы иууыл карздӕр ӕфхӕрдыл нымад цӕуы цӕрӕнбонтӕм ахӕстонмӕ арвитын. Ахӕм фыдгӕнджытӕ ӕрвыст ӕрцӕуынц, сӕрмагонд режимимæ колонитӕм. Уӕрӕсейы ахæмтæ ис  авд. Раздӕр аст уыдысты, фӕлӕ 2019 азы Свердловскы областы «Черный беркут» сӕхгӕдтой. Иууыл нырыккондӕр колонийыл дзы нымад у Хабаровскы крайы ИК-6 «Снежинка». Ахӕстӕттӕй алкӕйдӕр фӕфӕнды ардӕм бахауын, хуыздӕр уавӕртӕ дзы кӕй ис, уый тыххӕй.

Раздӕр хастой амарыны тӕрхон дӕр, фӕлӕ кӕддӕрты-иу слест кӕныны рӕстӕджы кӕронмӕ бӕлвырд кæй не ‘рцыдис фыдгӕнӕг ӕмӕ-иу рӕстаг адӕймаджы кæй амардтой, уымæ гæсгæ 1997 азы марыны тæрхоныл моратори сæвæрдтой.

Цӕрӕнбонтӕм ахӕстонмӕ арвитынц уӕззау фыдракӕндтӕ саразджыты. Уымӕн ӕмӕ уыдон нымад ӕрцӕуынц ӕхсӕнадӕн тӕссаг гоймӕгтыл ӕмӕ сын изоляци саразынц. Фӕлӕ фыдгӕнджытӕн уӕддӕр законы фӕлгӕтты баззайы ссæрибар уæвыны гæнæнтæ, зæгъæм, бирӕ азты дӕргъы йӕхи хорз куы дара, раст фӕндагыл куы ныллӕуа ӕмӕ йӕ рӕдыдтытыл куы ӕрфӕсмон кӕна, уӕд. Фӕлӕ ахæм факттӕ Уӕрӕсейы историйы тынг стӕм хатт уыдысты – ӕдӕппӕт суæгъд кодтой æрмæст ӕхсӕз адӕймаджы. Статистикӕ  куыд ӕвдисы, афтӕмӕй цӕрӕнбонты ахӕстоны сбадыны тӕрхон кӕмӕн рахӕссынц, уыдонӕн сӕ фылдӕр 3-7 азмӕ сӕхи амарынц, не сразы вӕййынц сӕ хъысмӕтыл. Зынгӕ цӕцӕйнаг террорист Салман Радуевы 2000 азы ӕрцахстой ӕмӕ йӕ арвыстой цӕрӕнбонтӕм ахӕстонмӕ. 2002 азы амард колонийы ӕмӕ йын йӕ мард ласынмӕ йӕ хиуӕттӕй цӕугӕ дӕр ничи ныккодта.

 

Кӕй бафхӕрынц афтӕ карзӕй

Динон, национ æфсонæй искӕй амарыны фӕнд чи скӕны, ахӕмтӕн рахӕссынц цӕрӕнбонтӕм ахӕстоны сбадыны тӕрхон. Барадхъахъхъӕнӕг органты, тӕрхондоны, слестгӕнджыты кусджыты, паддзахадон ӕмӕ ӕхсӕнадон архайджыты чи амары, террористон архайд чи кӕны, уыдон дӕр баййафынц карз ӕфхӕрд. Уымӕй уӕлдай ма паддзахады ӕдасдзинадӕн тӕссаг чи у æмæ диверсанттимӕ чи сразы вæййы, уыдон дӕр баййафынц ахӕм карз ӕфхӕрд. Ӕрӕджы фыццаг хатт наркотикты тыххӕй цӕрӕнбонтӕм ахӕстонмӕ арвыстой иу адӕймаджы. Абоны бон дыууӕ мин адӕймагмӕ ‘ввахс сты цӕрӕнбонтӕм ахӕстоны тӕрхонимӕ.

Фыццаг дӕс азы фыдгӕнӕг ахӕстоны фӕбады карз уавӕрты, стӕй йӕ уагахаст ӕмбӕлон куы вӕййы, уӕд ын йӕ уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнынц. Камерӕты фӕбадынц дыгӕйттӕй, фӕлӕ фыдгӕнӕг тынг тӕссаг куы уа, уӕд фӕбады иунӕгӕй. Бон сӕ иу хатт ракӕнынц тезгъо кӕнынмӕ. Фынӕй, хӕргӕ, кусгӕ, – сæ «царды» алы уысм дæр æрвитынц графикмӕ гӕсгӕ.

Нӕлгоймагыл тӕрхоны рӕстӕджы 65 азы куы цӕуа, уӕд ын закъонмӕ гӕсгӕ нӕй цӕрӕнбонтӕм тӕрхон рахӕссын. Сылгоймӕгты ӕмӕ 18 азы кӕуыл нӕма цӕуы, уыдоны дӕр не ‘фхӕрынц цӕрӕнбонтӕм ахӕстоны сбадыны тӕрхонӕй. Стӕй ма фыдгӕнӕг слестгӕнджытӕн куы ӕххуыс кӕна, йӕхӕдӕг куы бацӕуа барадхъахъхъӕнӕг органтӕм, кӕнӕ фыдракӕнд кӕронмӕ куы нӕ райхалой, уӕд дӕр не ‘рвитынц цӕрӕнбонтӕм ахӕстонмӕ. Фӕлӕ ацы хъуыддаг террористтӕм, маньяктӕм ӕмӕ педофилтӕм нӕ хауы.

 

Мæлæты тæрхон рахæссын: хъæуы æви нæ?

Уӕрӕсейы ӕхсӕнады ис афтӕ хъуыдыгӕнджытӕ, ома террористтæм ахсты амарыны тӕрхоны моратори сисын хъӕуы. Ацы фарсты фӕдыл эксперттӕ фесты дыууӕ дихы ӕмӕ дзы алчидӕр ӕмбарын кӕны йӕ рӕстдзинад.

1996 азы Уӕрӕсейы Федераци бахызт Европӕйы Советы организацимӕ ӕмӕ сӕ ӕрдомдтой, цӕмӕй амарыны тӕрхоныл бакӕной моратори. 1997 азы 16 апрелы Уӕрӕсе амарыны тӕрхоны фӕдыл мораторийы тыххӕй йæ къух æрфыста суагъæйыл. Ам банысан кӕнын хъӕуы уый ӕмӕ «моратори» нысан кӕны, рӕстӕгмӕ кӕй нӕй амарыны тӕрхон рахӕссын, фӕлӕ амарыны тӕрхон уӕвынад кӕны уголовон кодексы. Моратори куы сисой, уӕддӕр «Крокус Сити Холл»-ы террористтӕн нал рахæсдзысты мæлæты тæрхон.

УФ-йы Паддзахадон Думӕйы дӕр сӕрмагондӕй ӕрдзырдтой ацы темӕйыл ӕмӕ йӕ Сӕрдар Вячеслав Володин банысан кодта, зӕгъгӕ, моратори аивыны тыххӕй референдум нӕ хъӕуы, фӕлӕ Конституцион тӕрхондоны уынаффӕ. Юридикон зонæдты доктор Михаил Федотов куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй моратори айсыны хъуыддаг уавӕрыл хорзӕрдӕм ницӕмӕй бандавдзӕн. «Фыццаг уал уый ӕмӕ террористты фӕстӕ амарыны тӕрхон рахӕссын домдзысты ӕндӕр фыдгӕнджытӕн дӕр. Дыккаг та уый ӕмӕ амарыны тӕрхон рахӕссыны фӕстӕ растгӕнӕн ницӕмӕнуал уыдзӕн. Ома цалдӕр азы фӕстӕ куы рабӕрӕг уа, кӕй амардтой, уый ницы гӕнӕг уыд, уӕд дарддӕр куыд? Амарыны тӕрхоны моратори сисын кӕй фӕнды, уыдон ма ацӕуӕт ӕмӕ ахӕстӕтты уавӕртӕ фенӕт, ӕндӕра йӕ нӕ бамбариккой, цӕрӕнбонтӕм ахӕстоны бадын карздӕр ӕфхӕрд кӕй у амарынӕй, уый».

  ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.