2-æм февралы Симферополы уыдис базарадон-экономикон, зонадон-техникон æмæ культурон æмгуыстады фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Хъырымы Республикæйы министрты советы ‘хсæн Сразыдзинад реализаци кæныны фæдыл Иумæйаг кусæгон къорды фыццаг рабадт.

Хуссарирыстойнаг хайы сæргълæууæг уыд Иумæйаг кусæгон къорды æмсæрдар, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæг – РХИ-йы Финансты министр Тадтаты Дзамболат.

Хъырымы хайы æрдыгæй та – Иумæйаг кусæгон къорды æмсæрдар, Хъырымы Республикæйы министрты советы сæрдары хæдивæг – УФ-йы Президенты цур Хъырымы Республикæйы æдзухон минæвар Георги Мурадов.

Боны фæткмæ гæсгæ рабадты хайадисджытæ сфидар кодтой Иумæйаг кусæгон къорды уагæвæрд. Æрныхас кодтой 2023-2025 азты базарадон-экономикон, зонадон-техникон æмæ культурон æмгуыстады фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Хъырымы Республикæйы министрты советы ‘хсæн Сразыдзинад реализаци кæныны фæдыл мадзæлтты план сæххæст кæныныл.

Æруынаффæ кодтой иумæйаг куысты здæхтытыл: хъæууон хæдзарад, æддагэкономикон архайд, сæудæджерад, туризм, зонад, ахуырад, культурæ, физикон культурæ æмæ спорт, æнæниздзинад хъахъхъæнын, æхсæнадон бастдзинæдтæ æмæ республикæты ‘хсæн транспортон бастдзинады фадгуытыл.

Базарадон-экономикон, зонадон-техникон æмæ культурон æмгуыстады фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Хъырымы Республикæйы министрты советы ‘хсæн Сразыдзинад реализаци кæныны фæдыл Иумæйаг кусæгон къорды уæнгтæ Симферополы сæ къухтæ æрфыстой Суагъæйыл. Ивгъуыд азы уый фидар æрцыд Петербургы æхсæнадæмон экономикон форумы.

«Иумæйаг кусæгон къорды фембæлдтытæ сты æхсæнхицауадон æмархайды æнцонвадат формат. Мах серьезонæй æрныхас кодтам не ‘фсымæрон, хæларадон ахастытæ куыд рæзынц, ууыл. Нæ къухтæ æрфыстам дыууæ документыл. Фыццаг документ у техникон – нæ куысты регламент, къамис ауадзыны фæлгæттæ æвдисæн. Сæйраг документ та у æмгуыстады фæдыл дыууæ республикæты ‘хсæн Сразыдзинад сæххæст кæныны фæдыл кусæгон къорды иумæйаг рабадты Суагъæ», – банысан кодта Георги Мурадов.

Тадтаты Дзамболат журналисттæн радзырдта рабадты хатдзæгты тыххæй.

«Фыццаг рады мæ фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын Хъырымы Республикæйы сæргълæууæг Сергей Аксенов æмæ нæ коллегæтæн Георгий Мурадовы сæргълæудæй хъарм химæрайсты тыххæй. Мах æруынаффæ кодтам дыууæварсон сразыдзинад сæххæст кæныны планыл. Уыдон сты дæс егъау здæхты, 33 мадзалы, кæдон мах фæд-фæдылонæй реализаци кæндзыстæм. Иу-дыууæ мæйы æмгъуыдмæ хъуамæ бакусæм Хуссар Ирыстоны фæлхасгæнджыты цы конкретон товарон позицитæ цымыдис кæны, уыдоныл. Мах ма банысан кодтам Хъырыммæ цы товартæ ласдзыстæм. Хуссар Ирыстон бацымыдис кодта Хъырымы агросæудæджерадон технологитæ, æнæниздзинад хъахъхъæнын, культурон фадгуыты æмгуыстадмæ», – банысан кодта Тадтаты Дзамболат.

Уый ма загъта, зæгъгæ, республикæ цæттæ у Хуссар Ирыстоны культурæйы бонтæ ауадзыны тыххæй Хъырыммæ йæ делагаци арвитын, афтæ ма Хъырымы делегаци райсынмæ дæр.

Тадтаты Дзамболат куыд фехъусын кодта, афтæмæй хъырымаг коллегæтæ фæндон бахастой, цæмæй Цхинвал æмæ Симферополы ‘хсæн автобусон бастдзинад сорганизаци кæной.

«Хъырымы æрдыгæй ацы фарстыл бакуыстой. Мах дæр фарстыл бакусдзыстæм æмæ фехъусын кæндзыстæм йæ цæттæдзинады тыххæй. Нырма уал ныхас цæуы сæрдыгон сезонон рейсты тыххæй», – загъта Тадтаты Дзамболат.

Георги Мурадов куыд банысан кодта, афтæмæй фидæны маршруты рæстæгон фæлгæттæ уæрæх æрцæудзысты майæ сентябрмæ, домындзинад куы уа, уæд.

Базарадон-экономикон, зонадон-техникон æмæ культурон æмгуыстады фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Хъырымы Республикæйы министрты советы ‘хсæн Сразыдзинад реализаци кæныны фæдыл Иумæйаг кусæгон къорды фыццаг рабадты хатдзæгты тыххæй хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг, Хицауады Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты рæзты министр Тадтаты Дзамболат фембæлд Хъырымы Республикæйы сæргълæууæг Сергей Аксеновимæ.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.