РАУÆРÆХГОНД ХЫГЪДОН ÆМБЫРД

Президент Гаглойты Алан хайад райста рауæрæхгонд хыгъдон æмбырды 2023 азы  Мидхъуыддæгты министрады архайды фæстиуджыты тыххæй.
Коллегийы куысты ма архайдтой Генералон прокурор Собаты Григори, республикæйы тыхон структурæты сæргълæуджытæ, Мидхъуыддæгты министрады разамынады сконд æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Хыгъдон æмбырды мидхъуыддæгты органты архайды æмæ фæстиуджыты тыххæй раныхас кодта Мидхъуыддæгты министры хæдивæг – министрады штабы хистæр Плиты Игорь.

Уый радзырдта, зæгъгæ, уæлдай хъусдард здæхт æрцыд фыдракæндтæ ма æруадзыны æмæ сæ раргом кæныны фарстмæ, уыцы нымæцы – Хуссар Ирыстоны территорийыл наркотикон æмæ психотропон фæрæзтæ æнæзакъонæй æрзылды тыххæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хыгъдон рæстæджы фыдракæндтæ раргом кæнын фæфылдæр 10 проценты. «Фыдракæндты 81,4 проценты раргом сты. 2022 азимæ абаргæйæ, уæд 98 фыдракæндæй раргом  70, ома, фæфылдæр 10 проценты», – загъта ведомствойы  министры хæдивæг.

Плиты Игорь ма банысан кодта, зæгъгæ, барадхъахъхъæнæг ведомствойы куысты уæлдай приоритетондæр здæхтытæй иу дарддæр дæр у наркотикон фæрæзты æнæзакъонон æрзылд.

«Ивгъуыд аз ацы фарсты фæдыл баконд æрцыд 11 уголовон хъуыддаджы. Уыдон хауынц республикæмæ «Габапентин»-ы препарат æмæ йæ аналогтæ  æнæзакъонæй æрбаласын æмæ сæ хъахъхъæнын, афтæ ма наркотикон фæрæзты контрабандæ æмæ сæ æнæзакъонæй пайда кæнын», – бамбарын кодта уый.

Æмбырды раныхас кодта Мидхъуыддæгты министр Гуыцмæзты Алан.

Уый банысан кодта мидхъуыддæгты  органты куысты æвæрццаг динамикæ, афтæ ма развæлгъау фæдæвзарæнты гъæд. Уыимæ иумæ Гуыцмæзты Алан раарфæ кодта мидхъуыддæгты министрады кусджытæн сæ куысты тыххæй æмæ банысан кодта барадон фæткы системæйы уæлдай нысаниуæгджындæр аспекттæ æмæ проблемæты тыххæй.

Уый загъта, зæгъгæ, æнæмæнгхъæуæг у уæлдай хъусдард æмæ тыхтæ наркотиктæ æмæ психотропон фæрæзты æнæзакъонæй æрзылдимæ тох кæнынмæ аздахын.

«Уый у сæйраг тæссагдзинад абоны боны. Зиан хæссы нæ фæсивæдæн, не ‘хсæнадæн. Уагъд æрцыд конкретон куыст æмæ йын ис бæрæг фæстиуджытæ. Фæлæ æххæстгæнæн æмæ закъондæттынадон хицауиуæгадæн ахсджиаг у ацы здæхты æнгомæй кусын, номхуындæй – наркотикон æмæ психотропон фæрæзты æнæзакъонæй æрзылды фæдыл мадзæлттæ фæкарздæр кæныны тыххæй архайгæ закъондæттынадмæ барасткæнинæгтæ бахæссыны тыххæй. Ацы ивындзинæдтæ хъуамæ æнæмæнгæй хаст æрцæуой», – загъта Президент.

Гаглойты Алан æрдзырдта программæ «Æдас горæт»-ы темæйыл. Уый банысан кодта, зæгъгæ, программæ нæ кусы æххæстбæрцæй æмæ цæмæй, барадхъахъхъæнджытæ цы проблемæтыл æмбæлынц, уыдон иуварс æрцæуой, уый тыххæй фæндон бахаста республикæйы разамынады ‘рдыгæй æмархайды тыххæй.

Президент ма банысан кодта барадхъахъхъæнæг органты  оптимизацийы темæ дæр. «Уый оптимизаци нæу, фæлæ пенсион кары чи ис, уыдоны закъондæттынадмæ гæсгæ пенсийы арвитын. Пенсион ифтонгад мидхъуыддæгты министрады кусджытæн æмбæлон у», – загъта уый æмæ ма банысан кодта, зæгъгæ, афтæмæй ахуырæй чи æрыздæхт, уыцы æвзонг специалисттæ сæхицæн ссардзысты куысты бынæттæ барадхъахъхъæнæг органты  кусджыты рæнхъыты.

Уымæй дарддæр ма, Гаглойты Алан фехъусын кодта, зæгъгæ, афоныл куыстмызд бафидыны проблемæ мидхъуыддæгты министрады кусджытæн скъуыддзаг у æххæстбæрцæй. «Сымах зонут уый, æмæ ацы фарст боны фæткы уыд алы мæйы райдианы дæр. Мæ рады, æз бахæс кодтон Финансты министрæн ацы фарст аскъуыддзаг кæнын. Январь, февраль æмæ иннæ мæйтæн мидхъуыддæгты министрады кусджытæн куыстмызд фыст цæудзæн æххæстбæрцæй», – загъта уый.

Йæ раныхасы кæрон Мидхъуыддæгты министрады кусджытæн Президенты бафæндыд æнтыстытæ сæ дарддæры куысты, афтæ ма æнæниздзинад, амонд æмæ фæрныгад.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.