Инæлар Плиты Иссæйы райгуырæн боны цытæн

Арвыл стъалытæ куыд ис, афтæ ис зæххыл дæр. Æрмæст уыдон вæййынц хуымæтæджы адæймæгтæ, фæлæ сæ саразгæ хæрзиуджытæй сæхицæн скæнынц æнæмæлгæ ном.

25-æм ноябры Цхинвалы 9-æм скъола банысан кодта Ирыстоны æмæ Монголы адæмон республикæйы номдзыд хъайтар Плиты Алыксандры фырт Иссæйы райгуырæн бон. Мадзал бацæттæ кодтой æмæ ауагътой организатор Танделаты Галя, ахуыргæнджытæ Сиукъаты Мария æмæ Зозуля Беллæ, скъолайы 3-æм къласæй 11-æм къласы онг ахуыргæнинæгты иу къордимæ. Мадзалмæ хуынд æрцыдысты ацы скъолайы рауагъдонтæ, ныртæккæ республикæйы парламенты депутаттæ Чилæхсаты Владимир æмæ Тъехты Алан.

Райдайæны айзæлыдысты Хуссар Ирыстоны гимны зæлтæ æмæ мадзалмæ æрбацæуджытæ Плиты Иссæйы бюсты раз сæвæрдтой дидинджытæ. Мадзаламонджытæ Санахъоты Алинæ æмæ Гæбæраты Владислав цыбыртæй радзырдтой Плиты Иссæйы биографи. Ахуыргæнинæгты хъуыдымæ гæсгæ Плиты Иссæйы биографийы уæлдай цымыдисондæр у, Иссæйæн йæ фыд Канадæмæ куыстагур куы фæцыд, уæд Иссæйыл 9 азы йедтæмæ нæма цыдис, фæлæ йæхимæ райста бинонты нæлгоймаджы хæстæ æмæ сæ æххæст кодта куырыхон нæлгоймагау. «Кусынмæ арæхс æмæ йæм зивæг макуы кæн! Лæг у!», — уыд Алыксандры фæдзæхст Иссæйæн æмæ-иу бахъуыды рæстæджы Иссæ æрымысыд фыды фæдзæхст.

«Алыксандры бæллиц уыд йæ цоты ахуыры къахыл слæууын кæнын, æмæ йæ сæххæст кæныны тыххæй фæцыд Канадæмæ дæр æхца самал кæнынмæ, фæлæ хъысмæты фæндон та æндæргъуызон уыд; бабын ис шахтæйы аварийы рæстæджы. Кæд йæхицæн нæ бантыст, уæддæр ын йæ бæллиц сæххæст кодтой йе ’фсымæртæ Сæрæби æмæ Муссæ. Барвыстой Иссæйы Цæгат Ирыстоны реалон ахуыргæнæндонмæ. Фæстæдæр Иссæ каст фæцис Ленинграды кавалерион скъола, æмæ ма уый фæстæ та цалдæр ахуыргæнæндоны райста æфсæддон цæттæдзинад», — дзырдта мадзаламонæг.

Стыр Фыдыбæстæйон хæст Плийы фырты æрæййæфта булкъоны цины. Ахуыргæнинæгтæ бæстонæй æрдзырдтой Плийы фырты хæстон фæндæгтыл. Радзырдтой, Иссæ тас куыд нæ зыдта, кæй уыд кæддæриддæр фронты раззаг хаххыл, æмæ-иу кæд йе ’мхæстонтæ сæвзæргæ зын уавæртæй хатгай рахизыны фадæттæ нæ уыдтой, уæд-иу Иссæйæн та уый нæ уыд зын.

Ахуыргæнинæгтæ аив бакастысты Иссæйы номыл фыст æмдзæвгæтæ. Дзырдтой, йæ ном кæй у æнæмæлгæ, цæрдзæнис, цалынмæ Ирыстон цæра, уæдмæ. Иссæйы хуызæн хъайтартæ арæх кæй не сты æмæ сыл хъæуы зарджытæ кæнын, сæ номыл сын алыгъуызон мысæн мадзæлттæ аразын. «Плиты Иссæйы ном хæссы не скъола дæр йе ’рбайгомæй нырмæ æмæ уымæй мах стæм сæрыстыр. Кæддæриддæр тырндзыстæм, цæмæй макуы фегад кæнæм Иссæйы ном æмæ нæхæдæг та суæм нæ Иры хъайтартæн аккаг фæдонтæ», — радзырдта скъолайы ахуыргæнинаг.

Ахуыргæнинæгтæ ма радзырдтой Иссæйы æмхæстонты мысинæгтæ Иссæйы хъæбатырдзинæдты тыххæй. «Цавæр лæджы мыггаг у, тæссагдæр кæм уа, йæ къах æй уырдæм хæссы!» — дзырдтой уыдон.

«Уыцы лæджы миниуджытæй мæм æппæтæй диссагдæр кастис, хæсты цæхæры йæхи куыд дардта, уый. Ницы хуызы стыхстаид. Цыфæнды зын сахат дæр, цыма æппындæр ницы тас у, афтæ уыдис йæ бакаст. Иу хатт ныл Белорусийы райдыдтой бомбæтæ згъалын. Лæг ма йæ сæр кæм фæцафтаид, уый нал зыдта. Зæхх фæркгай хаудис, арв батар нæ сæрмæ. Иссæ та йæ «Виллис»-ы капотыл бадтис æмæ картæйыл цыдæртæ агуырдта. Йæ цыппæртыл æм бабырыд афицертæй сæ иу æмæ йын балæгъстæ кодта, цæмæй йæхи бааууон кæна. Иссæ йæм бынмæ æркаст æмæ йын загъта: «Чи уыдис уыцы зондджын æмæ дæу хæрзиуæджы аккаг чи скодта? О… мæхæдæг куы уыдтæн. Рагацау лæвæрд дын фæцис, æнхъæлдæн!» — радзырдта мадзаламонæг Козлова Евгенияйы мысинæгтæй.

Мадзалы цыды ма ахуыргæнинæгтæ акафыдысты Иссæйы уарзондæр кафт «Хонгæ», «Симд», «Чызджыты кафт» æмæ æндæртæ. Аив сæххæст кодтой патриотикон зарджытæ, æмдзæвгæтæ.

ХУЫГАТЫ Миленæ