10-æм марты 135 азы сæххæст фыццаг ирон профессионалон композитор æмæ дирижер, музыкæзонæг, этнограф, Хуссар Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-ы бындурæвæрæг Галаты Барисы райгуырдыл.   Уый ма у ирон композиторон скъолайы, Хуссар Ирыстоны фыццаг музыкалон скъолайы бындурæвæрæг, фольклорист,  фыццаг ирон симфонион уацмысты-поэмæты автор. Афтæ ма у аивадон кинонывты  композитор,  уыцы нымæцы кинематографийы шедевр – киноныв «Фатимæ»-йы композитор, фыццаг академион куыст «Ирон адæмон зарджытæ»-йы автор дæр. Ацы чиныг саразыныл куыста 30 азæй фылдæры бæрц. Æрмæг æмбырд кодта Ирыстоны алы къуымты æрзилгæйæ, ныффыста зарæггæнджыты зарджытæ, стæй сæ ракодта нотæтæм æмæ сæ сарæзта чиныг

10-æм марты зынгæ композиторы райгуырæн бон банысан кодтой Галайы фырты хæдзар-музейы. Уырдæм æрбацыдысты РХИ-йы Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, Россотрудничествойы минæвæрттæ Тъехты Тамерлан æмæ Тъехты Спартак, зонад-иртасæн институты минæвæрттæ, зынгæ нывгæнæг Хъотайты Григорийы фонды сæрдар Хъотайты Еленæ, нывгæнæг Гаглойты Васили, Абайты Васо æмæ Семены æввахс хион Абайты Фатимæ æмæ æндæртæ.

Уазджытæн хæдзар-музейы экскурси сарæзта Галайы фырты культурæйы фонды директор Гаглойты Лианæ æмæ æмбындурæвæрæг Гæбæраты Андрей. Уый фæстæ ацыдысты Згъудеры уæлмæрдмæ æмæ дидинджытæ сæвæрдтой композиторы ингæныл. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Галаты Барис æмæ йæ цардæмбал Ататы Нинæйы ингæнтæм æввахс ис Тыбылты Алыксандры ингæн дæр æмæ ууыл дæр сæвæрдтой дидинджытæ. Хъысмæт сæ се ‘нусон бынаты дæр æрбаиу кодта. Номхуындæй Тыбылты Алыксандр фæхуыдта Галаты Барисы Хуссар Ирыстонмæ. Цардысты тынг хæларæй.

Уæлмæрдæй æрыздæхгæйæ, бацыдысты паддзахадон ансамбль «Симд»-ы бæстыхаймæ æмæ уым дæр Галайы фырты бюстыл сæвæрдтой дидинджытæ.

Уый фæстæ Галаты Барисы хæдзар-музейы уыд гом дуæртты бон. 10-æм марты экскурсийы бирæ уазджытæ бацыд композиторы хæдзар-музеймæ. Уыдонæн равдыстой Галаты Барисыл режиссер Албегаты Артур цы кинонывтæ систа, уыдонмæ. Дыккаг бон, 11-æм марты та хæдзар-музеймæ æрбацыдысты Колыты Аксойы номыл паддзахадон аивæдты лицейы ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыргæнæг Цхуырбаты Жаннæйы сæргълæудæй Уыдон равдыстой концерт Барис Алыксандры фырты мысынады тыххæй. Бакастысты видео-концерт «Галаты Барис æмæ йæ ахуыргæнинæгтæ»-мæ. Пушкины уынджы хæдзар-музейы раз ныссагътой дидинджытæ æмæ  туятæ.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ 7-æм марты та композиторы хæдзар-музейы уазджытæ кæй уыдысты Цхинвалы бирæпрофилон колледжы студенттæ  æмæ Цхинвалы 8-æм сабидоны кусджытæ Джиоты Агуындæ æмæ  Хуыгаты Иринæйы сæргълæудæй. Фысымтæ сæ уазджыты базонгæ кодтой хæдзар-музеимæ дæр æмæ Гæбæраты Никъалайы 100 азы юбилейы цытæн равдыстимæ. Дыууæ дæр сты Ирыстоны сæрыстырдзинад, афтæ ма цыдæр рæстæджы куыстой иу институты дæр. Уыимæ ма баст сты хæстæгдзинады тæгтæй дæр. Никъала уыд композиторы сиахс æмæ Барис Александры фыртæн йæ цардæмбал куы фæзиан  æмæ йæхæдæг та уатон рынчын куы уыд, уæд æм кастысты Гæбæрайы фырт æмæ йæ бинонтæ. 1-æм март у – Гæбæраты Никъалайы мысæн бон æмæ 10-æм март та – Барис Алыксандры фырты райгуырæн бон. Дыууæ дæр æмгуыстад кодтой Абайты Васоимæ. Хæдзар-музейы ис ацы æртæ  стыр гоймаджы иумæ ист къам. Колледжы студенттæ дидинджытæ ныссагътой хæдзары размæ  цы æнгузы бæлас ис, уый бын, кæцыйы йæ рæстæджы ныссагъта Гæбæраты Никъала. Колледжы директор загъта йæ фæндон, зæгъгæ,  агрономон факультет гæнæн ис  æмæ æмцегад (шефство) райса дыргъдоныл, кæцыйæн бын æрæвæрдтой ацы дыууæ зынгæ адæймаджы. Галаты Барисы фæстæ та дыргъдонмæ зылд Гæбæраты Никъала.

Цыбыртæй композиторы биографийæ

Галаты Барис Алыксандры фырт райгуырд 1889 азы 10-æм марты Черноярскаяйы станицæйы ахуыргæнæджы бинонты ‘хсæн. Æхсæзаздзыдæй баззад сидзæрæй æмæ йæ хъомыл кодта йæ фыды æфсымæр, кæцы службæ кодта Петербургы. 9-аздзыдæй лæппуйы радтой Петербургы реалон ахуыргæнæндонмæ. Ахуыр кодта хорз. Активон хайад иста уагдоны оркестры, цагъта кларнетыл, фортепьянойыл, зарыд хоры. Ахуыргæнæндоны музыкалон ахуыртæн стыр нысаниуæг уыд лæппуйы дарддæры хъысмæты, сбæрæг ын кодтой йæ цардвæндаг – музыканты фæндаг. 1925 азы бацыд Бакуйы консерваторийы теоретикон факультетмæ, уый фæстæ та – Ленинграды централон музыкалон ахуыргæнæндонмæ. Каст æй фæцис 1931 азы. Ахуыры азты аивæдты историйы Ленинграды институты хæсæлæвæрдмæ гæсгæ-иу Галайы фырт цыд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонмæ – адæмон зарджытæ æрæмбырд æмæ ныффыссыны тыххæй. 40 азмæ уый дыууæ Ирыстоны ныффыста 700 зарæгæй фылдæр. Бахъахъхъæд документтæ æвдисæн сты уымæн æмæ дыууæ Ирыстоны дæр ахæм къуым нал баззад Барис кæм нæ уыд. Цы бирæнымæц зарджытæ æрæмбырд кодта, уыдон сты ирæтты монон культурæйы хæзнадоны нысаниуæгджын хай.

Уый ма у бирæнымæц симфонион, инструменталон, вокалон уацмысты автор, кæцыты сæххæст кодта йæхæдæг цы симфонион, хъисджын, духовон оркестртыл, ансамблтæ æмæ хортæ сарæзта æмæ къухдариуæгад кодта, уым. 1939 азæй уыд Композиторты цæдисы уæнг. Галайы фырт, кæцы нымад цыд Советон Цæдисы хуыздæр композитортæй сæ иуыл йæхæдæг схъомыл кодта зынгæ ирон композиторты фæлтæрты –  Гаглойты Зауыр æмæ Гæбæраты Ильяйы, Плиты Христофоры æмæ Хаханты Дудары, Æлборты Феликсы æмæ Хæбæлаты Зинæйы, æгæрыстæмæй, йæ ахуыргæнинаг Уасилы чысыл чызг Плиты Жаннæйы дæр федта фидæны гениалон композиторы æууæлтæ æмæ нæ фæрæдыд.

Æппæт йæ тыхтæ радта  ирон музыкалон культурæйы рæзтæн. 1932 азы байгом кодта Цхинвалы музыкалон скъола æмæ ссис йæ фыццаг директор, кодта ахуыргæнæджы куыст дæр. Уыцы аз байгом Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт, цыран Галайы фырт слæууыд аивады хайады сæргъ. 1933 азы, паддза­хадон театры цур организаци æрцыд академион хор æмæ Барис Алыксандры фырт ссис йæ разамонæг.

Кад  кодтой  Галаты Барисы  рухс  номæн

Хор æмæ оркестрæн цы зарджытæ бакуыста, уыдоны ‘хсæн сты «Додой», «Хъуыбады», «Чермены зарæг», «Чепена», «Софиайы зарæг», «Хазбийы зарæг» æмæ æндæртæ. 30-æм азты дыккаг æмбисы уый æппæт тыхтæй куыста кафты ансамбль саразыныл. 1939 азы хоры, оркестр æмæ хореографион æртæ коллективы иумæ бацæттæ кодтой фыццаг концертон программæ. «Симд»-ы сæргъ дирижер æмæ аивадон разамонæгæй лæууыд 14 азы дæргъы.

Райгуырæн бæстæ стыр аргъ скодта Галаты Барисы удуæлдай куыстæн. Саккаг ын кодтой дыууæ ордены. Хорзæхджын у бирæнымæц майдантæй. Лæвæрд ын æрцыд «Гуырдзыстоны аивæдты сгуыхт архайæг»-ы кадджын ном. Цардæй ахицæн 1975 азы. Лæг нал ис, фæлæ йæ ном цæрдзæн æнустæм цы хъæздыг бынтæ ныууагъта, уыдоны фæрцы.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.