Ацы бонты «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-ы кусджытæ цалцæг кæнынц, Дзауы районы Цъоны хъæуы цы трансформатор ис, уый. Районы бирæ хъæутæ электроэнергийæ­ ифтонг цыдысты ацы трансформаторæй. Æрæджыйы тæрккъæвдаты рæстæджы йæ ныццавта арв æмæ фехæлдис. Ныр æхсæзæм бон Цъон, Ерцъо, Синагур, Теделет æмæ ма ноджы цалдæр хъæуы цæрджытæ баззадысты æнæ электроны рухсæй æмæ æййафынц зындзинæдтæ.

Электрохызæджы кусджытæ йæ саразыныл архайынц цалдæр боны, фæлæ сын нырма нæ бантыст проблемæ аиуварс кæнын. Цъоны хъæуы цæрджытæ куыд загътой, афтæмæй электрохызæджы кусджытæ трансформатор саразынмæ æрбацыдысты æвæстиатæй, фæлæ дзы иу хай хъуыдис раивын. Нæ сæм разындис сæрдæн æрмæг дæр. Афтæмæй нырма дæр трансформатор цалцæг не ‘рцыдис. Кусынц ыл дарддæр…

Энергоресурсы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй июны мæйы æмбисы цы тыхдымгæтæ æмæ ихуардтытæ уыдис, уыдон тынг разиан кодтой Ленингоры районы хъæуты энергохызæгтæн дæр. Уыдонмæ дæр нæ уыд электроэнерги. Иуæй-иу хæххон хъæуты та электроэнергийы æлхъывдад уыд лæмæгъ, цæрджытæн фадат нæ уыд электроифтонгадæй пайда кæнынæн. Электрохаххы цæджындзтæ дæр ранæй рæтты афæлдæхтысты. Ныр сæ раивтой æмæ сын сæ бынæтты ныссагътой бетон цæджындзтæ.

«Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-ы генералон директор Къæбысты Ацæмæз радта комментаритæ ацы уавæры тыххæй æмæ загъта:

– Мах алыхатт дæр архайдзыстæм, цæмæй нæ фадæттæм гæсгæ æнæ электроэнерги иу хъæу дæр ма баззайа. Зымæгон бонты дæр нæ кусджытæ афоныл сæ куыст бакæнынц. Фæлæ нæ республикæйы бирæ ис ахæмтæ, кæцытæ бахардзгонд электроэнергийы тыххæй сæ фиддонтæ нæ фидынц. Хъæууон цæрджытæ цæрынц ахæм ныфсытимæ, зæгъгæ, махмæ дæр æрбауадздзысты газ. Фæлæ цæмæй республикæ æмткæй газификаци æрцæуа, уый тыххæй мах хъуамæ фæхуыздæр кæнæм фиддонтæ фидыны дисциплинæ. Уый хауы куыд адæммæ, афтæ куыстуæттæ æмæ уагдæттæм дæр. Мах бакуыстам электроэнергийæ ифтонг кæныны фæдыл бадзырдтыл. Уыцы барадон документмæ гæсгæ сфидар кæндзыстæм физикон æмæ юридикон цæсгæмтты хыгъдтæ. Сæрмагонд приборты руаджы басгардзыстæм сæудæджерадон объекттæ æмæ куыстуæттæ, афтæ ма хæлцадон магазинтæ æмæ хисæрмагонд секторты. Басгæрсты фæстиуджыты фæдыл дæтдзыстæм информаци. Къамис ма бакусдзæн ахæм мадзæлтты комплексыл куыд æмбæстæгты алыгъуызон категориты базæтæ саразыныл, уыцы нымæцы социалон æгъдауæй æнæхъахъхъæд адæмыл, кæцытæн хицауад радта бар льготæтæй пайда кæнынæн.

Къæбысты Ацæмæз ма банысан кодта, электронымайæнтæй ифтонг кæй æрцæудзысты абоненттæ се ‘ппæт дæр, уыцы фарстайыл. Уый, зæгъгæ, ахъаз уыдзæн электрохæххытыл электроэнерги дæттыны рæстæджы технологон сæфтытæ фæкъаддæр кæнынæн æмæ бахардзгонд электроэнергийы тыххæй фиддонтæ та афоныл фидынæн.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.