Нӕ горӕты милицийы управленийы ӕнахъомты фӕдыл хайады кусджытӕ сӕ хистӕр Гатайты Лалийы сӕргълӕудӕй фембӕлдысты Цхинвалы фыццӕгӕм скъолайы хистӕркъласонтимӕ. Милицийы инспектортимӕ ма ӕмбырдмӕ фӕуазӕг сты РХИ-йы Парламенты минӕвӕрттӕ, Ӕнӕниздзинады ӕмӕ Ахуырад ӕмӕ зонады министрадты кусджытӕ. Ахуырдзаутимӕ ма ӕрбацыдысты сӕ директор Гобозты Русудан ӕмӕ сӕ ахуыргӕнджытӕ дæр.

Мадзалы нысан уыд рæзгæ фæлтæры фæткхалæн цаутæй æмæ æвзæр уагахастæй бахизын. Ахуырдзаутӕн æмбарын кодтой тамако дымын, карз нозт нуазын, наркотиктӕй пайда кӕнын, антиӕхсӕнадон митӕ кæнын сын тынг кӕй ӕндавынц сæ фидӕныл.

Гатайты Лали йӕ раныхасы банысан кодта, интернет ӕвзӕрырдӕм кӕй ӕндавы скъоладзауты цӕттӕдзинадыл, ахуырдзаутӕй бирӕтӕн сӕ уагахаст кӕй нӕ бӕззы ӕмӕ ӕвзӕр дзыхӕй кӕй фӕдзурынц, скъолайы дисциплинӕ кӕй фехалынц ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Инспектор ӕрӕмбырдуӕвджытӕн бамбарын кодта, фæткхалæн цаутæ æмæ фыдракæндтæ саразыны фæстиуæгæн æнæфхæрд кæй ничи баззайдзæн.

«Сымахæй 14 азы кæуыл нæ цæуы, уыдоны тыххæй бæрндзинад хæссынц уæ ныййарджытæ. Уый фæстæ та алчидæр йæ алы къахдзæфæн дæр йæхæдæг дзуапп дæтты, суанг уголовон хъуыддаджы онг. Æмæ уæ фидæны цæмæн хъæуы проблемæтæ? Абон исты æдылы ми куы саразай, уæд дын цæрæнбонтæм дæ царды фæндагыл цæлхдуртæ æвæрдзæн. Цæмæй сомбон фæсмойнаг ма уат, уый тыххæй абоны бон хъуыдыгæнгæ архайут, уæ ныййарджыты æмæ ахуыргæнджытæм хъусут. Сымах кары æмбаргæтыл нымад цæуынц æмæ æвзæрдзинад хорз хъуыддæгтæй хъуамæ хицæн кæнат», – зæгъы Гатайты чызг.

Парламенты депутат æмæ политикон партийы сæрдар Бесаты Зитæ йæхирдыгæй радзырдта ахуырдзаутæн, ома ныры дуджы фæсивæдæн бирæ уавæртæ ис раздæрмæ абаргæйæ, æмæ дзы хъуамæ пайда кæнат.

«Сымах сабыр дуджы хъомыл кæнут, ис уын бирæ фадæттæ ахуыр кæнынæн, царды размæ цæуынæн. 90-æм азтæм куы абарæм ныры дуг, уæд цæхгæр хицæн кæны уавæр – уæды рæстæджы фæсивæд æцæгæйдæр уыдысты хæстон рæстæджы хъомыл сывæллæттæ. Æгæрыстæмæй сын æдæрсгæ скъоламæ цæуыны фадат дæр нæ уыд. Сымахæн уæ ныййарджытæ алцыдæр аразынц, цæмæй мацæуыл тыхсат уæ ахуыры рæстæджы, æмæ хъуамæ архайат, цæмæй сæ зæрдæхудты ма бацæуат. Уат сын стыр ныфс. Сымах не хсæнадæн, æгас Ирыстонæн стут сæ размæцыды бындур», – банысан кодта Бесаты Зитæ.

Ныхасы ма рацыд дохтыр-нарколог Джиоты Эллæ æмæ уый та æрдзырдта наркотикты тæссагдзинадыл, цахæм хуызтæ вæййынц, куыд бандавынц адæймаджы æнæниздзинадыл, цахæм методтæй хос кæнынц наркоманийæн, куыд баст сты наркомани æмæ æвзæрдзинад.

«Наркомани фыццаджыдæр у тынг тæссаг низ æмæ ма йын стæй хосгæнæн дæр зынтæй ис. Абоны бон нырма иу эффективон метод дæр нæй ацы низимæ стох кæнынæн. Уымæ гæсгæ уæ курæг дæн, цæмæй дзы уæхи хизат, кæд æмæ уæм цымыдисдзинад æвзæрын кæна, ома йæ иу хатт бафæлварон, зæгъгæ, уæддæр», – бамбарын кодта дохтыр.

Кæронбæттæны скъолайы директор бузныджы ныхæстæ загъта уазджытæн ахæм хъæугæ профилактикон мадзал ауадзыны фæдыл.

Ахæм фембæлдтытæ ауадздзысты иннæ скъолаты дæр.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.