Æрæджы та интернеты тыгъдады апарахат видеоæрмæг, кæцыйы æнæххæст кары сывæллон æгъатырæй нæмы йæхи цахъхъæны. Не ‘мбæстæгтæ уайтагъд райдыдтой тæрхон кæнын, азымджын кодтой куыд ныййарджыты, афтæ ма ахуыргæнджыты æмæ сывæллæтты хъуыддæгты фæдыл службæты. Æмæ иуæй раст сты – æхсæнад разы нæу ахæм цаутыл æмæ домы уавæр рараст кæнын алкæмæйдæр.

Уæрæсейы æмæ æндæр бæстæты социалон хызæгты ахæм видеоæрмæджытæ арæх ис фенæн, фæлæ нæ чысылнымæц æхсæнадыл  ахæм хуызы информаци тынг бандавы. Æвæццæгæн, кæрæдзийæн иууылдæр зонгæтæ, æмбæлттæ æмæ хиуæттæ кæй стæм, уый тыххæй.

Æмбæлон службæтæ уайтагъд сбæлвырд кодтой хылгæнджыты æмæ се ‘хсæн хъаугъа цы аххосæгтæм гæсгæ рауад, уый. Милицийы æнахъомты хъуыддæгты фæдыл хайады кусджытæ бабæрæг кодтой дыууæ сывæллоны дæр, семæ аныхас кодтой, ома, закъоны фæлгæтты цы æмбæлдис, уый сарæзтой. Нæ баззадысты рохуаты сæ ныййарджытæ дæр – уыдонимæ дæр аныхас кодтой æмæ сæ бафæдзæхстой, цæмæй сæ сывæллæттæм сæ хъус хуыздæр дарой. Æниу, иуæй-иу ныййарджытæ сæ сывæллæттæй хъомылкæнинагдæр вæййынц æмæ уыдонимæ та куыд архайгæ у? Ныййарджытæ сæ ныййарæджы хæстæ æмбæлонæй куы нæ феххæст кæнынц, уæд сæйраг уæз æрцæуы  ахуыргæнджытыл, сывæллæтты хъуыддæгты фæдыл службæтыл æмæ æхсæнадыл.

Уымæй уæлдай ма горæты милицийы управленийы æнахъомты фæдыл хайады кусджытæ сæ хистæр Гатайты Лалийы сæргълæудæй фембæлдысты Цхинвалы фыццæгæм скъолайы хистæркъласонтимæ. Хайад дзы райстой ахуыргæнджытæ дæр æмæ ма мадзалмæ фæхуыдтой уæгъдибар хъæбысхæсты тренер Тыбылты Гамлеты дæр. Спорты тренеры фæхоныны нысан уыд, цæмæй æрыгон фæлтæрæн хуыздæр бамбарын кæна спорты пайдадзинад, ахуырдзинады æндæвдад царды размæцыдыл æмæ адæймаджы уагахасты фæстиуджытæ.

«Сымах стут уæ бинонты æмæ уæ мыггаджы ныфс, сæ фидæн. Æмæ уæ уагахаст куы нæ бæзза, уæд уымæй уæхидæр худинаг кæнут æмæ уыдоны дæр. Курæг уæ дæн, исты спорты секцимæ бацæут – пайдайæ дарддæр дзы зиан ницы фæкæндзыстут», – бамбарын сын кодта Тыбылты Гамлет.

Гатайты Лали йæхирдыгæй æрдзырдта æнахъомты æнæмбæлон уагахасты бæрндзинадыл æмæ цахæм æфхæрд баййафынц закъоны фæлгæтты, уыдæттыл. Уымæй уæлдай ма сын сæ зæрдыл æрлæууын кодта, карз нозтытæ æмæ электрон тамако зианхæссæг кæй сты адæймаджы æнæниздзинадæн.

«Æнæххæст кары сывæллæттыл æвзæрырдæм тынг æндавынц криминалон субкультурæ, интернет-сайттæ зианхæссæг информациимæ æмæ дуджы æндæр фæзындтæ. Уыдон сывæллоны хъуыдыкæнынад фæивынц, бандавынц ын йæ психикæйыл æмæ уый фæстиуæгæн раст фæндагыл нал фæцæуы, галиу митæ кæнын райдайы, никæмæуал фæхъусы, свæййы æхсæнадæн тæссаг гоймаг. Уымæ гæсгæ уæ фæдзæхсын, цæмæй цы аразат, ууыл хъуыды кæнат. Ахæм чысылтæ нал стут æмæ уæ царды тыххæй уæхæдæг хæсдзыстут бæрндзинад. Мах бынтондæр нæ фæнды искæй ахсын, нæдæр искæй сывæллоны хыгъдмæ хæссын. Фæлæ уыимæ иумæ æнæхафт, фыдуаг, антиæхсæнадон уагахаст никæмæн ныббардзыстæм. Уе ‘дылы митæй фидæны уæхицæн уæ фæндæгтæ сæхгæндзыстут æмæ ма стæй фæсмон кæндзыстут. Хъусут уæ хистæртæм, уæ ахуыргæнджытæм æмæ уын махæрдыгæй дæр уыдзæн æрмæстдæр æххуыс», – загъта Гатайты Лали.

Ахуыргæнджытæ раарфæ кодтой мадзалы организатортæн æмæ загътой, зæгъгæ нæ ныфс ис скъоладзауты уагахаст хуыздæрмæ фæивынæй. Ахæм фембæлдтытæ хистæркъласонтимæ уагъд æрцæудзысты нæ республикæйы æппæт скъолаты дæр.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.