Алы хъомылгæнæджы дæр фæнды, цæмæй йæ кæстæр уа æнæниз, цайдагъ кæна царды раст фæндагыл, фæлæ æнтыст, хъыгагæн, алкæйы къухты нæ бафты. Нæ абоны скъоладзаутæй бирæтæ урокты фæстæ атагъд кæнынц алыгъуызон секцитæ æмæ кружок-тæм. Бирæтæ дыууæ раны дæр фæархайынц. Иу нæ, фæлæ сæ цæуын бахъæуы цалдæр мадзалмæ. Ахæм уавæр сывæллоны æнæниздзинад æмæ ахуырфæразондзинадыл куыд æндавы, уый тыххæй нæ уацхæссæг ныхас кодта, ацы фарсты компетентон чи у, цалдæр ахæм специалистимæ. 

Сывæллæтты поликлиникæйы хайады сæргълæууæг Хæныкъаты Ларисæ: 

– Алы хъомылгæнæджы-ныййарæджы сæйрагдæр хæс у, цæмæй йæ сывæллон рæза æнæнизæй.  Уыимæ ма скъоламæ дæр хъуамæ цæуа цæттæйæ. Сывæллон фæразон у, цæйнæфæлтау йæ рæстæг уынгты æнæхъуаджы сафа, фæлтау уæт хъуыддагыл хæст. О, фæлæ урокты фæстæ чысыл ма аулæфа, афтæмæй цæуа цалдæр ранмæ, æххæст кæна алыгъуызон хæстæ, уый нæу раст.  Нæ фыдæлтæ цæйау дзырдтой: «Чидæр, дам, дыууæ тæрхъусы ахста æмæ дзы иу дæр не ’рцахста». Сывæллонæн йе ‘нæниздзинады фæстæ скъола у йæ сæйрагдæр хæс. Уым ын æнтыст куы уа, уæд гæнæн ис æмæ цæуа, тынгдæр цæмæ цымыдис кæны, ахæм, мадзæлттæм. Зонын хъæуы, сывæллоны тыхæй, кæугæ кæдæм кæнай, уый уарзгæ дæр нæ бакæндзæнис æмæ йын  æнтыст дæр нæ уыдзæнис.

Горæты поликлиникæйы терапевт, РХИ-йы сгуыхт дохтыр Цхуырбаты Виолеттæ:

– Æвзонг адæймаг истæмæ куы фæ-тырны, уæд уый у раппæлинаг хъуыддаг. Урокты фæстæ спорты хуызтæм чи цæуы, уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, фидар кæнынц се ‘нæниздзинад. Аивады йæхи чи фæлвары, уыдон та рæзын кæнынц сæ арæхстдзинад. О, фæлæ куыд дохтыр, афтæ мæ бон зæгъын у, æмæ бирæ хъомылгæнджытæ сæ кæстæртыл кæй æвæрынц стыр уæз. Зонын ахæмты, кæцытæ сæ кæстæрты скъолайы фæстæ акæнынц дыгай, æртыгай секцитæ, кружоктæ æмæ хи цæттæгæнæн мадзæлттæм. Уый раст нæу æмæ хорзæй дæр ницы ратдзæнис. Уыимæ ма мæ банысан кæнын фæнды уый дæр, æмæ хъуамæ хъахъхъæд цæуа сывæллоны сæрмагонд гигиенæ. Хъуамæ улæфа фаг, афоныл æмæ иу рæстæджы хæра, хидæйдзагæй ма лæууа дымгæмæ…

Дæсæм скъолайы ахуыргæнæг Хъæц-мæзты Мæдинæ:

– Скъоладзау урокты фæстæ чысыл ма баулæфа, йæ уроктæ ахуыр кæнын ма райдайа, æмæ афтæмæй цалдæр ранмæ цæуа, æз ахæм ахуыргæнинæгты ныййарджытимæ арæх тызмæгæй фæныхас кæнын. Уымæн æмæ цалдæр мадзалы хайад чи райсы, изæры фараст, дæс сахатмæ хæдзармæ чи нæ бафты, уыцы скъоладзау ма цы хъуамæ хъуыды кæна, уроктыл цы базыдта, уыдонæй. Стæй ма уыцы афон фæлладæй цы хъуамæ сахуыр кæна?

Фæзæгъынц, сывæллон фæразон у. Æз дæр, афтæ чи хъуыды кæны, уыдоны æвварс дæн, фæлæ абон скъоладзауы цард, архайд æмæ уавæртæм хъæуы лæмбынæгдæр æркæсын. Иуæй-иу скъоладзаутæ, райсом скъоламæ куы æрбацæуынц, уæд сыл фæзыны, фаг кæй нæ бафынæй кодтой. Уымæн æмæ сæм сæ ныййарджыты æрдыгæй нæ вæййы æмбæлон хъусдард. Куы сæ схуыссын кæнынц, уæд уыдон райсынц сæ телефонтæ æмæ фæхъазынц уыдонæй. Ахæм сывæллæттæ та цы сахуыр кæнынц, уый сæ,цалдæр боны фæстæ рох дæр фæвæййы.

Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт дохтыр Джыгкайты Валентинæ:

– Цæмæй хорз специалист рацæуай, дæ дын æнтыст уа, уый тыххæй, скъоладзау, фыццаджыдæр, хъуамæ æххæст кæна йе скъолайон хæстæ. Дæсныйæдтыл хæлæф кæнын нæ хъæуы, æмæ йæ сывæллоны урокты фæстæ цалдæр ранмæ чи кæны, уыдон раст нæ кæнынц. Уый мæгуырауæрдæм æндавы се ‘нæниздзинадыл. Ахæм æвзонг адæймагæн фæстæдæр зындзинæдтæ фæзындзæн йæ ахуыры дæр.

Хуссар Ирыстоны физкультурæ æмæ спорты сгуыхт кусæг Гатыгкоты Васили:

– Ахæм проблемæ мæнæн дæр зындгонд у. Раздæр скъоладзаутæн уыйбæрц фадæттæ дæр нæ уыд. Ныр фæзынд бирæ алыгъуызон сфæлдыстадон, спортивон секцитæ æмæ кружоктæ, фæлæ уый афтæ нæ нысан кæны, æмæ дзы сывæллон бирæ рæттæм хъуамæ цæ цæуа. Уыдис афтæ, æмæ скъоладзау æрбацыд тренировкæмæ æмæ цыдæр хæс сæххæст кæныны фæстæ райдыдта тыхсын, йæ бон аразын ницыуал уыд. Арæх ахæм уавæры аххосаг вæййы, скъоладзауæн урокты фæстæ басихор кæныны рæстæг кæй нæ вæййы, æххормагæй кæй æрбацæуы, уый. Ныр мæ хъус дарын æмæ сæ алы хатт дæр бафæрсын, алчи дæр сæ басихор кодта æви нæ, уымæй.

Раздæр тренировкæтæм цыдысты, кæй фæндыд, уыдон. Уымæй дарддæр ма ис ме-дицинон хо дæр æмæ исты æххуыс куы бахъæуы, уæд æй бакæны афоныл. 

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.