Хӕхты цъуппытӕ фӕззӕг урс куы адарынц, уӕд бар-ӕнӕбары адӕймаг фенхъӕлмӕ кӕсы зымӕгмӕ. Быдырты ӕмӕ фӕз бынӕтты зӕхх нырма сур вӕййы, фӕлӕ хӕхтӕй фӕдымы уазал, уымæл дымгæ. Ахӕм афон нæ республикӕйы фӕндӕгтыл дӕр аваритӕ бӕрӕг фӕфылдӕр вӕййынц. Ӕмӕ уымӕн та йӕ сӕйраг аххосаг у, шофыртӕй чидӕртӕ нырма сӕрдыгон цӕлхытыл кӕй фӕцӕуынц, уый. Ӕмӕ цал хатты ӕрцыдис фыдбылыз. Ӕгӕрыстӕмӕй ма-иу дзы уды зиӕнттӕ дӕр уыд. Ӕрмӕст фӕстаг къуыри регистраци ӕрцыдис цалдӕр фӕндагон-транспортон цауы, кӕцыты аххосаг уыдысты сӕрдыгон цӕлхытӕ.

Цӕмӕй нӕм ахӕм фыдбылызтӕ къаддӕр уой, уый фӕдыл Хуссар Ирыстоны Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци уынаффæ рахаста, цӕмӕй Транскамы фӕндагыл уазӕлтты ӕрлӕу-димæ автомашинӕты сӕрдыгон цӕлхытимӕ мауал уадзой.

«Фыццаг миты ӕруардимӕ Транскамы фӕндагыл ӕдӕрсгӕ нал цӕуынц машинӕтӕ ӕмӕ уымӕн та йӕ сӕйраг аххосаг у, шофырты фылдӕр хай зымӕгон цӕлхытӕ кӕй нӕма бакодтой, уый. Ацы хъуыддаг стыр тӕссагдзинад ӕвзӕрын кӕны бӕлццӕтты ӕдасдзинадӕн ӕмӕ курӕг стӕм шофыртӕй, цӕмӕй ма халой фӕтк ӕмӕ фыдбылызы ма баппарой сӕхи дӕр ӕмӕ искӕй дӕр. Фӕндагон ӕдасдзинады инспектортӕ уромдзысты бархалджыты, ивар сӕ кӕндзысты ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ здахдзысты», – фехъусын кодта Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспектор Хаситы Александр.

Ахӕм мадзӕлттӕ ист цӕуынц ныр цалдӕр азы дӕргъы ӕмӕ у эффективон метод. Кӕд бирӕ шофыртӕ фӕхъаст кӕнынц, зӕгъгӕ мӕ фӕндагыл нӕ уадзынц цӕуын, уӕддӕр адӕмы ӕдасдзинад хъуамӕ уа сӕйраг бынаты. Бирӕ шофыртӕ бынтондӕр бӕрндзинад нӕ фӕхӕс-сынц ахӕм уавæрты ӕмӕ ныхас дӕр не ‘мбарынц, цалынмӕ  сӕ бафхӕрай, уӕдмӕ. Ӕмӕ иугӕр фыдбылыз куы ӕрцӕуа, уӕд ма йӕ бафхӕрынӕн нысаниуӕг ис?

Уӕрӕсейы Федерацийы 15 ноябрæй фӕстӕмӕ бар нал вӕййы сӕрдыгон цӕлхытыл цӕуынæн. Фӕлӕ ам ис нюанстӕ. Уымӕн ӕмӕ цӕгатварс регионты раздӕр ӕрзымӕг кӕны, стӕй хӕхбӕсты дӕр раздӕр фӕуазал вæййы. Уымӕ гӕсгӕ алы регион дӕр йӕхи бынӕттон уынаффӕмӕ гӕсгӕ рахӕссы фӕндон зымӕгон цæлхытæ бакӕныны тыххæй. Махмӕ дӕр хӕхбӕстӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ зымӕгон резинӕ цæлхытæ бакӕнын хъӕуы развӕлгъау, цӕмӕй ӕнӕнхъӕлӕджы фыдбылызы мачи бахауа.

Ӕмӕ цӕмӕн ис ахӕм стыр нысаниуӕг резинӕйӕн? Сӕрдыгон резинӕ куыд уазал кӕны, афтӕ хъӕбӕрӕй-хъӕбӕрдӕр кӕны ӕмӕ йын нал вӕййы фӕндаджы уӕлцъаримӕ рӕстмӕ бастдзинад. Ахӕм резинӕимӕ машинӕ шофыры коммӕ нал фӕкӕсы, цыма йыл цӕлхыты бӕсты лыжӕтӕ ис конд, уыйау фӕзилдух кӕны ӕмӕ ахауы фӕсвӕд. Ӕмӕ афтӕмӕй дӕ ныхмӕ цӕуӕг машинӕйыл куы сӕмбӕлай, уӕд та?

Фӕндагон-транспортон цауӕн уӕззау фӕстиу-джытӕ куы вӕййы, уӕд фӕагурынц, фӕндагон фӕткойтӕ чи фехӕлдта, уыцы шофыры. Ӕмӕ кӕд кӕцыдӕр шофыр аварийы ницы аххосджын у, фӕлӕ йӕ машинӕйыл ис сӕрдыгон цӕлхытӕ, уӕд ӕй зылынджыныл банымайдзысты ӕмӕ бӕрндзинад хӕсдзӕнис закъоны раз. Ахӕм уавæрты аххосджын шофырыл конд ӕрцӕуы уголовон хъуыддаг. Ӕмӕ, Хуыцау бахизӕд, ахӕм аварийы уды  зиан куы ӕрцӕуа, уӕд та?

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.