Сывæллæтты хæрзаудæн фонд «Подари крылья»-йы президент Цхуырбаты Татьянæ фонды кусджытимæ иумæ сорганизаци кодта онкологион æмæ ма æндæр низтæй рынчын сывæллæттæн баххуыс кæныны тыххæй акци, кæцы уагъд цæудзæнис 6-æм марты сылгоймæгты дунеон бæрæгбоны фæлгæтты.

Мадзалмæ куыд цæттæ кæнынц æмæ фонд кæмæн хъуамæ баххуыс кæна, уый тыххæй дунеон агентад «Спутник»-ы пресс-центры журналисттæн радзырдта фонды президент. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй хæрзаудæн фонд «Подари крылья» дарддæр кæны йæ куыст. «Фæнды мæ зæгъын уый æмæ фондæн презентаци куы уыдис, уæдæй нырмæ ацы хъуыддагыл цæуы стыр куыст. Мах баххуыс кодтам цалдæр сывæллонæн. Кæмæн дзы йæ фæндаггæгты хæрдзтæ бафыстам, кæмæндæр та йæ медицинон басгæрст æмæ анализты хæрдзтæ. Стыр хъыгагæн, нæ хъусдарды бын чи сты, уыдонæй иу чысыл лæппу нал фервæзт, фæлæ-иу ын мах йæ хоскæнынæн рахицæн кодтам æхцайы фæрæзтæ. Низ æгъатыр у æмæ нæ хъæуы кæрæдзи фарсмæ æрбалæууын. Афтæ куы уа, уæд та бирæ æнцондæр вæййы тох кæнын. Ног азмæ дæр нæ Президент Бибылты Анатоли æмæ РХИ-йы паддзахадон автоинспекцийы хистæр Джиоты Аланы æххуысæй ауагътам бæрæгбонон акци æмæ махæн фадат уыдис, цæмæй Ног азы бæрæгбоны размæ азылдаиккам æмæ лæвæрттимæ бацыдаиккам сывæллæттæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, сывæллæттæ тынг фæцин кодтой Митын дада æмæ сын уый цы лæвæрттæ æрхаста, уыдоныл. Сывæллæттæ дæр æмæ сæ ныййарджытæ дæр уыцы бон уыдысты амондджын, сæ фарсмæ кæй æрбалæууыдыстæм æмæ сын сæ рыстыл кæй риссæм, уый тыххæй. Æмæ уый æцæгдæр афтæ у, чысыл хъусдард дæр рынчынæн æгæрон æхцондзинад хæссы», – загъта Цхуырбаты Татьянæ.

Æрæджы фондмæ бахатыдысты Битеты Сабинæйы бинонтæ, кæцы дыууæ азы размæ бахауд аварийы, хъæуы йын нырма цалдæр операци саразын æмæ курынц финансон æххуыс. Сывæллонæн та, куыд гæнæн ис, афтæмæй хъæуы æвæстиатæй  операци саразын. «Мах уадзæм акци æмæ цы æхцайы фæрæзтæ æрбамбырд кæнæм, уыдонæй баххуыс кæндзыстæм Сабинæйæн. Æрæджы Мегафонимæ бафыстам сразыдзинад æмæ нын радтой sмs-тæ ‘рвитынæн номыр 000757 дзырд «хорз»-имæ, цæмæй не ʻмбæстæгтæн фадат уа æххуыстæ арвитынæн. Иу sмs-ы аргъ та у 33 сомы. Мæнмæ гæсгæ, ацы суммæ никæмæй фæрисдзæнис æмæ се ‘ххуысы къух фæдаргъ кæндзысты, абон æххуысагур чи сты, уыцы бинонтæн. Уымæй дарддæр ма бакодтам æфснайæн банчы картæ дæр æмæ йæм адæм æрвитынц æхцайы фæрæзтæ. Зæгъын мæ фæнды уый æмæ Ирыстоны адæм кæй разындысты гуманон æмæ хæларзæрдæ. Уыдон активонæй хайад исынц ацы хъуыддаджы æмæ сын, уавæрæй пайда кæнгæйæ, зæгъын стыр бузныг.

Хъуыды ма кодтам, зæгъгæ, нæ акци куыд фæцымыдисондæр кæнæм æмæ дунеон агентад «Спутник»-имæ иумæ организаци кæнæм хæрзаудæн фоторавдыст «Лица добра», зæгъгæ, ахæм номимæ. Акци уагъд æрцæудзæн киноконцертон зал «Чермен»-ы 6-æм марты. 8-æм марты бæрæгбоны хæдразмæ кæй цæуы, уый тыххæй сфæнд кодтам нæ рæсугъд æмæ зæрдæхæлар чызджыты къамтæ сисын æмæ сæ фойейы равæрын. Кæй зæгъын æй хъæуы, къамтæ цæудзысты æлхæд хæрзаудæны нысанæн. Уымæй дарддæр ма дзы фæнд кæнæм къухæй арæзт мигæнæнты армука ауадзын, кæцыйы хайад исдзысты куыд сывæллæттæ, афтæ хистæр кары адæмæй къухджын æмæ курдиатджын чи сты, уыдон. Æппæт уыцы æхцаты фæрæзтæ комкоммæ дæр ацæудзысты сывæллæтты æххуысæн», – банысан кодта Татьянæ.

Фонд «Подари крылья»-йы президент ма куыд радзырдта, афтæмæй сын стыр æххуыс кæнынц нæ республикæйы ведомствотæ, æмæ сæрмагондæй та Президент Бибылты Анатоли. Уый æрвылмæй дæр йæ мыздæй рахицæн кæны бæлвырд суммæ фондæн. Фондæн ма æххуыс кæнынц Цхуырбаты Таняйæн йе мбæлттæ дæр, кæцытæ цæрынц Мæскуыйы, афтæ ма нæ республикæйы цæрджытæ. Ацы хъуыддаджы стыр ахъаз у интернет дæр, уый фæрцы Уæрæсейы цæрæг ирон адæмæн   фадат ис се ‘ххуысы къух фæдаргъ кæнынæн.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.