Сабаты, 19-æм октябры нæ горæты 2-æм астæуккаг скъолайы уыд æцæг бæрæгбон.  Скъолайы кæртæй дардмæ хъуыст ахуырдзауты хъæлдзæг хъæлæба æмæ зæрдæйæн æхцондзинад хæссæг музыкæйы зæлтæ. Уыцы бон ахуырадон уагдоны уагъд æрцыд цымыдисон акци – базар «Адæймаг æмæ æрдз», зæгъгæ. Мадзалы хайад райстой 1-11 кълæсты ахуыр-гæнинæгтæ. Уагдоны кæрты алкæцы къласæн дæр уыд йæхи стъол, цыран сывæллæттæ равæрдтой алыгъуызон продукци-уæййæгтæ. Ахуырдзаутæй иутæ сныв кодтой алыгъуызон нывтæ, бирæтæ хъæдæрмæгæй сарæзтой алыгъуызон фигурæтæ æмæ сæ æз-фæраздæронæй уæй кодтой æлхæнджытæн. Афтæ ма базармæ скъоладзаутæ æрбахастой алыгъуызон адджинæгтæ. «Мæ мад мын скодта адджын гуылтæ. Æрбахастон сæ æмæ сæ равæрдтон нæ къласы стъолыл. Цыбыр рæстæгмæ уыдонæй иу дæр нал аззад. Æхсызгонæй сæ балхæдтой, базармæ чи æрбацыд, уыдон. Ме ‘мкъласонтæй сæ иу та базармæ æрбахаста къухæй быд цъындатæ æмæ уыдоны дæр уайтагъд балхæдтой», – радзырдта нын 6-æм «б» къласы ахуырдзау Къæбулты Сергей.

Скъоладзауты зæрдæмæ афтæ тынг фæцыд базар кæнын æмæ сæ алчидæр тырныдта йæ продукци срекламæ кæнынмæ, цæмæй йын тагъддæр ауæй уыдаид. Ахуырадон уагдоны директор Михаилиди Ольгайы ныхæстæм гæсгæ 2019-2020 азтæ 2-æм скъолайы расидт æрцыдысты Экологийы азтæй. «Ахæм уынаффæ райстой скъолайы биологи æмæ географийы ахуыр-гæнджытæ. Октябры мæйæ суанг майы онг не скъолайы уагъд цæудзысты алыгъуызон экологон мадзæлттæ, акцитæ. Ацы мæй план кæнæм  акци «Зеленый росток» ауадзын. 80 бæрзбæласы фæнд кæнæм Хуыбылты Валерийы номыл ног паркы ныссадзын. Уый фæстæ та план кæнæм нæ горæты æндæр районты дæр алыгъуызон бæлæстæ ныссадзын. Æз мæхæдæг дæр дæн биологийы ахуыргæнæг æмæ æппынæдзух сывæллæттæн амонын нæ горæты сыфтæрджын бæлæстæ фылдæр кæй хъæуы, уый. Абон ацы акци сорганизаци кодтам, цæмæй иу чысыл уæддæр æрбамбырд кæнæм финансон фæрæзтæ талатæ балхæныны тыххæй. Иннæ ахæм сывæллæттæ сæхæдæг кæй бафыдæбон кодтой, уый сын фæахъаз уыдзæн экологимæ фылдæр хъусдард аздахынæн. Уыимæ сæхæдæг сæ продукцийæ цы æхцатæ æрбамбырд кæной, уыдонæй талатæ куы балхæнæм æмæ сæ куы ныссадзæм, уæд сæм хуыздæр зилдзысты, цымыдис кæндзысты, куыд рæзынц, уымæ. Ный-йарджытæ дæр сæхи равдыстой активонæй. Уыдон аразынц акттæ, цыран нысан кæнынц, кълæстæй чи цас æхца æрæмбырд кодта, уый. Æниу хъуыддаг æхцаты мидæг нæй, махæн нæ бон уыд ацы акци æнæ ауадзгæйæ дæр сывæллæттæм бахатын, цæмæй æрдз хъахъхъæныны тыххæй æрбамбырд кодтаиккой æхцайы фæрæзтæ. Фæлæ дзы сæхæдæг хайад кæй райстой, уый сын тынг фæахъаз уыдзæн æрдзыл аудынæн. Афтæ ма уал-дзæджы фæнд кæнæм стыр акцитæ «Чистый родник» æмæ алфæмбылай дуне чъизи кæныны темæйыл масштабон флешмобтæ ауадзын. Ацы акцитæм хайад райсынмæ хуынд æрцæудзысты æндæр скъолатæ дæр. Сывæллæттæ хъуамæ æмбарой, махæн нæ бон кæй у нæ горæт нæхи тыхтæй цъæхвæлыст скæнын. Иннæ ахæм, ноджы ма йæ зæгъон, сывæллæттæ сæхи къухтæй бæлæстæ куы ныссадзой, уæд сæм зилгæ дæр кæндзысты. Иудзырдæй, кæд нæ фæнд сæххæст кæнын нæ къухты бафта, уæд не скъолайы ахæм акцитæ уагъд цæудзысты традицион æгъда-уæй», – радзырдта Ольга Михаилиди.

Скъолайы директор куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ йæм ахæм акци ауадзыны идейæ фæзынд, нæ республикæйы цы велозгъорд уагъд æрцыд, уый фæcтæ. Мæхи цæстæй, федтон, зæгъгæ, адæм, кæм не ‘мбæлы, ахæм рæтты сæ брон кæй калынц æмæ афтæмæй кæй чъизи кæнынц экологи, уый. «Тынг зын мын уыд ахæм нывтæ уынын.  Сæрдыгон каникулты фæстæ биологийæ мæ фыццаг урок дæр уыд ацы проблемæимæ баст». Йæ ныхæстæм гæсгæ дарддæр дæр уагъд цæудзысты экологиимæ баст алыгъуызон мадзæлттæ, конференцитæ, фотоконкурстæ, видеороликтæ.

Уæдæ 2-æм астæуккаг скъола равдыста хорз хъæппæрис экологи фæхуыздæр кæныны тыххæй æмæ хорз уаид æндæртæ дæр сæ куы бафæзмиккой, уый.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.