Нæ республикæйы скъоладзауты ’хсæн райдыдта Хуссар Ирыстоны чемпионат шахматтæй. Ерысты хайад исынц республикæйы иууыл цæттæдæр 18 æвзонг шахматисты, кæцытæ æвзæрст æрцыдысты æвзарæн турниры фæстиуджытæм гæсгæ. Фыццаг туры хъæзтытæ уагъд æрцыдысты шахматон клуб «Белая ладья»-йы. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм æмæ чемпионат уагъд кæй цæуы ног форматы. Ерыстæ фæуыдзысты майы мæйы. Сæ призон фонд та у 100 мин сомы.

«Ерысты ног формат стыр цымыдисдзинад æвзæрын кæны сывæллæттæм. Арæзт æрцыд хъæзтыты къæлиндар æмæ алчидæр зондзæн йæ ныхмæлæууæджы æмæ йын йæхи бацæттæ кæныны тыххæй уыдзæн дыууæ къуырийы. Мæ хъуыдымæ гæсгæ ацы ерыстæ тынг бандавдзысты сывæллæтты цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæныныл», — банысан кодта чемпионаты сæйраг тæрхонгæнæг Гæбæраты Ацæмæз.

ФУТБОЛ

Футболæй Уæрæсейы Фыццаг дивизионы 20-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» 2:1 хыгъдæй фæуæлахиз «Уфа»-йыл. Дзæуджыхъæуккæгты сконды расгуыхтысты Тадтаты Алексей æмæ Николай Гиоргобиани.

Ацы хъазты фæстæ «Алани» æрæмбырд кодта 38 очкойы æмæ турнирон таблицæйы цæуы дыккаг бынатыл.

Ацы хъазты фæстæ фыццаг дивизионы райдыдта зымæгон паузæ. Чемпионат сног уыдзæн 4-æм марты. Уæд «Алани» хъаздзæн Нижнекамскы «Нефтехимик»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз