15-æм февралы уыд Хицауады рабадт. Боны фæткы 15 фарстæй дарддæр уыд æртæ уæлæмхас фарсты дæр.

ФÆТКХАЛДЖЫТЫ ИВАР КÆНЫНЫ ФÆТК

Мидхъуыддæгты министр Гуыцмæзты Алан доклад сарæзта «Фæндагыл цæуыны фæтк фехалыны фæдыл административон æмæ уголовон бæрндзинады тыххæй» РХИ-йы закъоны проекты фæдыл.

Закъоны проект бакуыстой, юридикон æмæ физикон адæймæгтæ административон фæткхалæн ми куы саразой, уæд сæ административон ивары хуызы бафхæрыны нысанæн.

Административон ивартæ нысан æрцыдысты фæткхалынадмæ гæсгæ – цас серьезондæр уа фæткхалынад, уыйас фылдæр уыдзæн бæрндзинад.

Министры ныхæстæм гæсгæ, фæндагыл цæуыны фæтк халыны тыххæй иварты бæрц 2010 азæй фæстæмæ нæ фæивта.

«Ног закъоны проект фæахъаз уыдзæн административон æфхæрды эффективондзинадæн. Йæ реализаци æвзæрæрдæм нæ бандавдзæн республикæйы æмбæстæгты фæрныгадыл», – банысан кодта Гуыцмæзты Алан.

Хицауады уæнгтæ райстой закъоны проекты.

 

ÆНÆПИЛОТОН ТÆХÆН АППАРАТТЫ РЕГИСТРАЦИ

«Хуссар Ирыстонмæ кæй æрласынц æмæ сæ уæз 0,15 килограммы æмæ уымæй фылдæр кæмæн у, уыцы æнæпилотон тæхæн аппаратты хыгъды сæвæрыны фæтк сфидар кæныны тыххæй» Хицауады уынаффæмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл доклад сарæзта Хицауады Сæрдары хæдивæг – юстицийы министр Джиоты Алан.

Уый бамбарын кодта, зæгъгæ, регистраци хъæуы æнæпилотон тæхæн аппаратты се ‘ппæты дæр, стæхæн уæзмæ нæ кæсгæйæ. Регистраци хъуамæ цæуой æнæпилотон тæхæн аппаратты пультты номыртæ дæр.

Аппаратты хыгъды сæвæрыны кæнæ сæ хыгъдæй сисыны тыххæй хъусынгæнинаг æрвыст цæудзæн Хъахъхъæнынады министрадмæ æмæ Паддзахадон æдасдзинады комитетмæ.

Джиоты Алан банысан кодта, зæгъгæ, уынаффæйы райсты тыххæй паддзахадон бюджеты нæ бахъæудзæн уæлæмхас хæрдзтæ.

Ивындзинæдтыл сразы сты Хицауады уæнгтæ хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн.

 

ФÆФЫЛДÆР УЫДЗÆН ЦÆРЫНÆН ХЪÆУÆГ МИНИМУМЫ БÆРЦ

Экономикон рæзты министр Хъотайты Сæрмæт доклад сарæзта 2023 азы цыппæрæм кварталæн цæрынæн хъæуæг минимум сфидар кæныны фæдыл.

Министр куыд бамбарын кодта, афтæмæй цæрынæн хъæуæг минимум иу удæн фæфылдæр 1558 сомы бæрц (10,28 проценты) æмæ ссис 16715 сомы. Куыстхъом цæрджы-тæн цæрынæн хъæуæг минимум та фæфылдæр 1665 сомы (10,27 проценты) æмæ ссис 17879 сомы, пенсиисджытæн – 1246 сомы (10,1 проценты) æмæ  схызт 13580 соммæ, æнахъомтæн – 1684 сомы (10,51 проценты), уый та ссис 17708 сомы.

Министр куыд бамбарын кодта, афтæмæй социалон-демографион къордтæн цæрынæн хъæуæг минимум фæфылдæр, фæлхасадон товарты аргъ кæй фæфылдæр, уый тыххæй, уыцы нымæцы фæлхасгæнджытæн æнæмæнгхъæуæг цы продукттæ сты – ссад, æйчытæ, æх-сыр, халсæрттæ, дыргътæ, дзидза, уыдон.

 

ХАТЫРОН КРЕДИТТЫ ТЫХХÆЙ

Республикæйы чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн хатырон кредиттæ дæттынæн ахъаз кæныны фонды тыххæй Хицауады уагæвæрдмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй доклад сарæзта экономикон рæзты министр Хъотайты Сæрмæт.

Куыд бамбарын кодта, афтæмæй проект бацæттæ кодтой Фонды архайд фæхуыздæр кæныны тыххæй.

«Фонды тыххæй уагæвæрдæй цалдæр пункты аппарын хъæуы, уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны терри-торийыл цы закъондæттынад кусы, уым фыст нæй, паддзахадон бюдже-тæн æддейæ фондтимæ резервон фонд саразын, афтæ ма Фондыл фидар не сты, йæ финансон фидардзинадыл ын чи æндавы, ахæм функцитæ», – загъта Хъотайты Сæрмæт æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, Фонд йæхæдæг комкоммæ кредиттæ кæй нæ дæтты, уый тыххæй уыцы пунктты хъæуы сисын.

Ацы закъоны проектыл дæр сразы министрты кабинет.

 

СÆРМАГОНД ОБЪЕКТТЫ ÆППÆТ ФОРМÆТЫ ДÆР КРИТИКОНÆЙ АХСДЖИАГ ОБЪЕКТТÆМ ХÆССЫНЫ ФÆТК

Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ стихион æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны министр Гассеты Ибрагимы доклад та уыд «Сæрмагонд объектты æппæт формæты дæр критиконæй ахсджиаг объекттæм бахæссыны тыххæй» Хицауады уагæвæрдмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл.

Куыд бамбарын кодта, афтæмæй проектыл бакуыстой «Хуссар Ирыстоны цæрджыты æмæ территори æрдзон æмæ техногенон характеры уæлвæткон уавæртæй бахъахъ-хъæныны тыххæй» закъонмæ гæсгæ.

Министр банысан кодта, зæгъгæ, закъоны проект ахъаз уыдзæн сæрмагонд объектты æппæт формæты дæр критиконæй ахсджиаг объекттæм бахæссыны фæтк сфидар кæнынæн æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, проекты райст нæ бандавдзæн республикæйы бюджетыл.

Хицауады уæнгтæ ацы проект дæр сфидар кодтой.

 

СФИДАР КОДТОЙ ПЕНСИТÆ СНЫСАН

КÆНЫНЫ  ФÆТК

Хицауады Сæрдары хæдивæг – финансты министр Тадтаты Дзамболат доклад сарæзта, республикæйы таможнæйон органты чи кусы, уыдонæн æмæ сæ бинонтæн пенси-йы цæуæн азтæ (выслуга лет) банымайын, пенситæ снысан кæныны, компенсацитæ æмæ пособитæ радтыны  фæткы тыххæй уагæвæрдмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл.

Пенсион ифтонгад хаудзæн, Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагдзинад чи райста æмæ Уæрæсемæ æдзух цæрынмæ чи ацыд, фæлæ контракттæм гæсгæ Хуссар Ирыстоны таможнæйон органты чи куыста æмæ сæ бынæттæй кæй ссæрибар кодтой, уыдонмæ æмæ сæ бинонтæм.

Министрты кабинет закъоны проект сфидар кодтой хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн.

Хицауы уæнгтæ хорзыл банымадтой æндæр закъоны проекттæ дæр.

 

КАДРОН ИВЫНДЗИНÆДТÆ

Хицауады уæнгтæ сарæзтой кадрон ивындзинæдтæ дæр. Фæллойы æмæ социалон хъахъхъæнынады  министры фыццаг хæдивæгæй снысан кодтой Æлборты Радионы. Уый раздæр куыста РХИ-йы Юстицийы министры фыццаг хæдивæгæй.

Йæ бынатæй ссæрибар кодтой Знауыры районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Цхуырбаты Асланы йæхи куырдиатмæ гæсгæ.

ОСИАТЫ Индирæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.