Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы бæрнон хæстæ æххæст кæнгæйæ, ирон хæстонтæ сæ хиуыл æнæауæрдгæйæ æвдисынц æнахуыр сгуыхтдзинæдтæ. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй Сергей Меняйло паддзахадон хорзæхтæ радта сæрмагонд æфсæддон операцийы се ‘фсæддон хæс æххæст кæныны рæстæджы ирон хæстонтæй уæлдай тынгдæр чи фесгуыхт, уыдонæн. «Во славу Осетии»-йы майданæй хорзæхджын æрцыдысты медицинон службæйы дæлбулкъон Махъоты Хазби æмæ дæлбулкъон Тæболты Артур.

 

РАЙСТА СУВОРОВЫ МАЙДАН

РЦИ-Аланийы Комгæроны хъæуккаг Тыбылты Тимур хорзæхджын æрцыд Суворовы майданæй сæрмагонд æфсæддон операцийы равдисгæ хъæбатырдзинæдты тыххæй. Сæрыстыр дæ стæм! – хъусын кæны Комгæроны хъæууон администраци.

 

САККАГ ЫН КОДТОЙ ГЕОРГИЙЫ ДЗУАР

Горæт Цхинвалы цæрæг Джиоты Сослан Нугзары фырт хорзæхджын æрцыд 4-æм къæпхæны Георгийы дзуарæй Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы равдисгæ хъæбатырдзинад æмæ удуæлдайдзинады тыххæй.

 

ХОРЗÆХДЖЫН ÆРЦЫД СЫГЪДÆГ ГЕОРГИЙЫ ОРДЕНÆЙ

Ирыстойнаг хæстон Харебаты Алан Зурабы фырт хорзæхджын æрцыд 4-æм къæпхæны Сыгъдæг Георгийы орденæй сæрмагонд æфсæддон операцийы карз тохты рæстæджы хисæрмагонд æхсардзинад æмæ бæрзонд æфсæддон дæсныдзинад равдисыны тыххæй. 22-аздзыд хæстон сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы ис фыццаг бонтæй фæстæмæ.

 

РАВДЫСТА СГУЫХТДЗИНАД

Уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджыты къорд, кæцыйы сконды уыд ротæйы фельдшер, прапорщик Мурацаты Александр, æххæст кодта сæрмагонд хæслæвæрттæ цæрæн пункттæй сæ иуы районы. Бахæсгонд маршрутыл цæугæйæ, Александр хъæды бафиппайдта гæрзифтонг украинæйаг националистты къорды. Нацисттæ сæхи цæттæ кодтой уæрæсейаг æфсæдты фæсчъылдым диверсион архайдтытæ саразынмæ. Александр æвæстиатæй фехъусын кодта командирæн. Уавæ-рæн саргъ кæнгæйæ, къорды командир аскъуыддзаг кодта ныхмæлæууæгимæ тохы бацæ-уын. Афтæмæй уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæ бæрæг фæкъаддæр кодтой на-ционалистты хæстон фадæттæ. Тохы рæстæджы, Мурацаты Александр æхстыты бын эвакуаци скодта, чи фæцæф, уыцы хæстонты æмæ сын бакодта фыццаг медицинон æххуыс. Мурацайы фырты профессионалон архайдтытæ фадат радтой хæстон æмбæлтты цард бахъахъхъæнынæн.

 

«ХЪÆБУЛÆН» – «ВО СЛАВУ ОСЕТИИ»-ЙЫ МАЙДАН

Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы барамындæй «Во славу Осетии»-йы майданæй хорзæджын æрцыд бархион къорд «Алани»-йы хæстон Остъаты Рустам. Батальоны иууыл æвзонгдæр хæстон сæрмагонд æфсæддон операцимæ ацыд йæ фыд – батальон «Алани»-йы штабы хистæр Остъаты Русланы (йæ фæсномыг «Скиф») фæстæ. Рустамыл цæуы 17 азы.

 

ДЖИОТЫ ЛЕВÆН – ХЪАЙТАРДЗИНАДЫ ОРДЕН

Полицийы майор Джиоты Левæн цытджын уавæры хорзæх радта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Ирон хæстон хорзæхджын æрцыд УФ-йы Президент Владимир Путины Барамындæй йе ‘фсæддон хæс æххæст кæныны рæстæджы равдисгæ хъайтардзинад æмæ удуæлдайдзинады тыххæй. Запасы афицер Мæрзойты Олег куыд хъусын кæны, афтæмæй Фыдыбæстæйы раз егъау сты ирон хъайтары лæггæдтæ. Лев у Хъайтарон Дзæуджыхъæуккаг фистæг æфсады батальоны легендарон командир. Хорзæхмæ бавдыст æрцыд 2022 азы марты мæйы Херсоны æмæ Запорожьейы фронты равдисгæ сгуыхтдзинæдты тыххæй.

2022 азы 24 февралы æхсæвы, 58-æм армийы афицер, Хъайтарон Дзæуджыхъæуккаг фистæг æфсады батальонон-тактикон къорды командир, йæ дæлхайы акодта тохмæ. Хæцгæ-хæцын ацыдысты 300 километры æмæ сæхи сфидар кодтой Запорожьейы областы, кæцытæ систы Уæрæсейы ног арæнтæ æмæ абон дæр сты  уæрæсейаг гарнизонты къухты. Йæ батальоны хæцынц ахæм хъайтартæ, кæцыты зонынц æнæхъæн Ирыстоны. 2022 азы апрелæй фæстæмæ бирæнымæц видеоты æвдыстой ирон хæстоны («йæ фæсномыг Казбек»). Уæд техникон фæрæзтæй фыццаг æххуыс ацыд фронтмæ Ирыстоны адæмæй. «Казбек» у Джиоты Лев.

2022 азы 20-æм марты æндидзыд æрцыд телефонон бастдзинад фронты раззаг хаххимæ æмæ трубкæйæ райхъуыст батальоны командир Джиойы фырты хъæлæс: «Фидар мын ут!». Абон 8 мæйы фæстæ бацахсгæ арæнтæм  РЦИ-Аланийæ мобилизацигонд хæстонтæ куы бацыдысты, уæддæр раздæрау уавæр у тынг уæззау. Фæлæ Джиоты Лев операцийы фыццаг бонты йæ дæлхайы хæстмæ куы кодта, уæд та уавæр уыд бирæ хатты уæззаудæр.

Стыр бузныг де службæйы тыххæй хъæбатыр ирон хæстон. Арфæ дын кæнæм ахæм хорзæх дын кæй саккаг кодтой, уый тыххæй.

 

ЦГЪОЙТЫ ИГОРÆН – «СЛАВА ОСЕТИИ»-йы ОРДЕН

«Шторм-Осетия»-йы къорды командир Цгъой-ты Игорь хорзæхджын æрцыд «Слава Осетии»-йы орденæй. Хорзæх ын радта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Цгъойы фыртæн йæ фæсномыг у «Король». Орден ын саккаг кодтой  сæрмагонд æфсæддон операцимæ йæхи сæрмагонд хайбавæрды тыххæй. «Слава Осетии»-йы орден у Цæгат Ирыстон-Аланийы уæлдæр паддзахадон хорзæх. Цгъойты Игорь сæрмагонд æфсæддон операцийы хайад исы фыццаг бонтæй фæстæмæ.

Нæ уацх.