Хуссарирыстойнаг 10-аздзыд спортсмен Хъæцмæзты Александр нымад у йæ кары Уæрæсейы иууыл курдиатджындæр футболисттæй сæ иуыл. Æрæджы уый ссис турнир «Кубок Александра Мостового»-йы хуыздæр бомбардир. Александр хъазы мæскуыйаг футболон академи «Родина – Москва»-йы. Йæ тренер Хъазиты Алан куыд хъусын кæны, афтæмæй уый турниры фæлгæтты цы 6 хъазты акодта, уыдоны ныхмæлæууæг командæйы кулдуары бакъуырдта 18 пуртийы. Уый фæдыл ын лæвæрд æрцыд сæрмагонд приз.

Хъæцмæзты Александр ивгъуыд аз хуынд æрцыд Мостовойы номыл мæскуыйаг академимæ æмæ мæскуыйаг футболон академи «Родина – Москва»-мæ.

 

ХАЙАД РАЙСДЗЫСТЫ ГРАН-ПРИ «ИВАН ЯРЫГИН»-Ы

Ирон хъæбысæйхæцджытæ Сидахъты Зауырбег æмæ Найфонты Артур хайад райсдзысты Гран-при «Иван Ярыгин»-ы.  Ерыстæ уагъд фæцæуынц æрвылаз дæр. Уыдоны хайад райсыны бар ис – 2022 азы Уæрæсейы чемпионаты фыццаг фондз бынаты чи бацахста, Спартакиадæйы алы уæзы æртæ тыхджындæр богалы, афтæ ма ацы турниры ивгъуыд азы фыццаг æртæ номыры, «Поддубныйы къорд»-ы уæлахиздзаутæ æмæ призертæ,  Уæрæсейы чемпионаты финалисттæ, Уæрæсейы абсолютон уæзы чемпионаты æмæ Дмитрий Миндиашвилийы номарæн турниры финалисттæ.

Турниры хайад райсдзысты Иран, Казахстан, Хъыргъызтан æмæ Узбекистаны тыхджындæр богалтæ.

 

НЫМАД ÆРЦЫД ХУЫЗДÆР ХЪÆБЫСÆЙХÆЦÆГЫЛ

Спортуарзджыты хъуыдымæ гæсгæ 2022 азы иууыл хуыздæр хъæбысæйхæцæгыл нымад æрцыд Сидахъты Зауырбег. Уый тыххæй æрфарст уагъд цыд Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты федерацийы сайтыл æмæ социалон хызæг «ВКонтакте»-йы.

Зауырбег куыд зæгъы, афтæмæй йын тынг æхсызгон уыд спортуарзджыты ахæм хъуыды.

«Хъæбысхæсты хъуамæ дæ сæр куса, уый тыххæй йын æххуыс кæны ахуыр. Фæлæ сæйраг та у дисциплинæ. Æнæ дисциплинæйæ мæнæн ахæм æнтыстытæ нæ уыдаит», – банысан кодта Зауырбег.

Ивгъуыд азы Сидахъты Зауырбег æртæ хатты фæуæлахиз «Поддубныйы къорд»-ы.

ХУРИТЫ Батрадз