Историмæ куы акæсæм, уæд фенæн ис, нæ рыстзæрдæ адæм сæ царды фæндагыл бирæ хæттыты кæй уыдысты «æрдуйы хидыл» ауыгъд. Кæд  нæ не знæгтæ бирæ хæттыты хъавыдысты сыскъуынынмæ, нæ мæгуырдзинады уæлдай ма-иу ныл æрдз дæр рахæтыд, уæддæр, зындзинæдтæм æнæкæсгæйæ, æгæрстам размæ, рухс фидæнмæ. Æмæ Хуссар Ирыстоны ног историйы азфыссынады ахæм бонтæй сæ иу у 23 ноябрь – Æхсардзинад æмæ адæмон иудзинады бон.

 Уыцы бон – 1989 азы гуырдзыйы фашистон режим нæ горæтмæ æрбарвыста бирæминон гæрзифтонг æфсад, цæмæй ауадзой «сабырадон митинг». Фæлæ сæ размæ æрлæууыдысты хъæбатыр ирон лæппутæ афтидармæй æмæ не ‘рбауагътой «митингаразджыты» мидæмæ, кæд æмæ знæгтæ балбирæгътау нытыгуыр сты горæтмæ æрбахизæны Згъудеры дзуары бынмæ æмæ нæ аныхъуырынмæ хъавыдысты, уæддæр. Ацы цауты тыххæй æрвылаз дæр Джиуæргуыбайы кувæн бонтимæ фæнысан кæнæм Ирыстоны ныфсхаст сахъгуырдты бон дæр, кæцытæ 1989 азы æрæхгæдтой тугдзых сырдты фæндаг æмæ сæ нæ бауагътой сæ «сау митæ» бакæнын.

Ацы аз дæр та нысан æрцыд Æхсардзинад æмæ адæмон иудзинады бон, фæлæ иннæ азтау масштабон нæ уыд эпидемийы аххосæй. 23 ноябры горæтмæ æрбахизæны, хурскæсæн фарс ацы боны цытæн цы мемориал арæзт æрцыд, уым ауагъдæуыд бæрæгбонон мадзал æмæ дзы æрæмбырдуæвджытæ сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ. Ардæм æрбацыдысты бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли, Хицауад Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Бекъойты Геннади, хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ, Хуссар Ирыстоны УФ-йы минæвар Марат Кулахметов, 1989 азы æрцæугæ цауты хайадисджытæ, æхсæнады æмæ дзыллон-информацийы фæрæзты минæвæрттæ. Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй 23 ноябрь ссис Хуссар Ирыстоны адæмæн «иудзинады хос» æмæ уæдæй фæстæмæ слæууыдысты сæ сæрибардзинады сæрыл тох кæныны фæндагыл.

Æхсардзинад æмæ адæмон иудзинады историон бон

«Кæд æмæ уыцы цаутæ дыууæ боны йеддæмæ нæ ахастой, уæддæр сын нæ ног историйы ис стыр нысаниуæг. Уыцы бонæй фæстæмæ ирон адæм ноджы бангомдæр сты æмæ слæууыдысты тугдзых знæгты ныхмæ. 1989 азы 23 ноябры нæ зæхмæ æрбацыдысты «сабырадон митинг» аразынмæ, фæлæ уымæн йæ нысан бынтон æндæр уыд. Ахæм къахдзæфæй уыдон махæн æмбарын кодтой, ома, сымах ацы зæххыл ничи стут æмæ уын ныхасы бар дæр нæй. Æгæрыстæмæй ма, зæгъгæ, уæ сомбон дæр уæхи къухты нæй æмæ уын уæ хъысмæт дæр мах хъуамæ аскъуыддзаг кæнæм. Мæнæ ацы уынгæг бынаты агрессортæн сæ фæндаг æрæхгæдтой афтидарм ирон лæппутæ, сæ кæрæдзийы къухтыл ныххæцгæйæ, не ‘рбауагътой горæтмæ хотыхджын знæгты. Уыцы ныфсхаст лæппутæй ныры онг дæр сæрыстыр сты хуссарирыстойнаг адæм æмæ ахæм хъæбатырдзинад равдисыны факт фæстæдæр бафæзминаг ссис махæн, нæ кæстæр фæлтæртæн. Уыцы бонæй фæстæмæ райдыдтам тох кæнын нæ хæдбардзинадыл æмæ уыцы хъæбатыр лæппуты фæрцы нæ къухты бафтыд, сæдæ азы цæмæ бæллыдыстæм, уый –  ссæрибар стæм Гуырдзыстонæй», – загъта Президент.

Бæрæгбонон мадзалы æхсæнадон фæтк æмæ адæмы æдасдзинад хъахъхъæдтой барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ, фæндæгтæ та рæстæгмæ æрæхгæдтой Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.