КУЫД ФÆЗЫНДТÆ А-ЗÆХХЫЛ, АДÆЙМАГ?

Адæймаг цымыдисон уæвæгой у. Йæхæдæг дæр алцæмæ цымыдис кæны. Уæдæ куыннæ цымыдис кæны йæ ивгъуыдмæ дæр. Цас нæм уый æввахсдæр у, уыйбæрц дзы фылдæр зонæнтæ исæм.  Уыцы хъуыддаджы нын æххуыс кæнынц историктæ. Дарддæр нæ ивгъуыд иртасыны историктæм æрбаиу вæййынц археологтæ æмæ къахæн куыстыты фæрцы ссарынц рагзаманты цардыл дзурæг дзаумæттæ, стæгдартæ, æндæр æвдисæндартæ. Фæнды нæ дарддæр нæ ивгъуыды æрфæнтыл нæ цæст ахæссын, фæлæ уырдыгæй ницы æвдисæндартæ æфты нæ къухы – кæнæ  сæ рæстæг йæхæдæг скуынæг кодта, кæнæ та нæм йæ тар фæлмæй нæ зынынц. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ фæзынынц алыгъуызон теоритæ, кæцытæн, сæ рады, фæзынынц æвварсхæцджытæ.

Цæвиттон, диныл хæст адæмтæ дунейы бирæ ис. Уыдоны уырны, Дунескæнæг кæй сфæлдыста Адам æмæ Евæйы æмæ адæймаджы цард уыдонæй кæй райдыдта. Уыцы хъуыдыйыл, кæй зæгъын æй хъæуы, разы не сты, дин кæй нæ уырны, уыдон, ома, атеисттæ. Æмæ 19-æм æнусы англисаг ахуыргонд Чарлз Дарвин раразмæ кодта æндæр теори. Йæ ахуырады мидис уый мидæг ис æмæ куыд адæймаг, афтæ иннæ удæгас уæвæгойтæ дæр, сæ ныры хуызы æвиппайды нæ фæзындысты, фæлæ рацыдысты иттæг даргъ эволюцион фæндагыл, ома, се сконд иууыл хуымæтæгдæрæй кодта вазыгджындæр. Ис ын сæрмагонд иртасæн куыст адæймаджы равзæрды тыххæй дæр. Ацы теори цæрæдздзаг разынд зонадон æхсæнады æмæ йæ ахуыр кæнынц ахуыргæнæн уагдæтты.

Ис ма ноджы иу теори, кæцы амоны, зæгъгæ, цард Зæххыл фæзынд космосы руаджы. Уырдыгæй йæм, зæгъгæ, æрбафтыдысты удæгас организмтæ.

Куыдфæнды ма уа – мах уæвæм а-Зæххыл. Фæлæ нæ уæддæр бæлвырдæй фæнды базонын, цы хуызы йыл фæзындыстæм æмæ йыл цы фæндæгтыл фæцыдыстæм. Цымыдисгæнæг адæймагæн цымыдисон у уый, уæдæ цы!

 

ХÆСТ

Æрдзы бирæ æнæнхъæл тæссаг фæзындтæ ис, кæцытæ  бабын кæнынц бирæ адæмы, æрхæссынц бирæ æнамонддзинæдтæ. Уыдонмæ хауынц стыр зæххæнкъуыстытæ, донивылдтытæ, миты æмæ сыджыты зæйтæ… Уæдæ ивгъуыд дуджы алыгъуызон тæссаг хæцгæ низты эпидемитæй дæр куынæ цагъды кодтой адæм. Уыдон иууылдæр æрдзæн йæхицæй æвзæрынц æмæ, эпидемитæй дарддæр, иннæты ныхмæ адæймагæн йæ бон фæлæууын нæу.

О, уыдон æрдзы уæззау фæзындтæ сты, фæлæ хæст та, хæст! Уый адæймаджы æрымысгæ куы у, уæд иууыл æгъатырдæр уый цæмæн разынд?! Уыимæ адæм куыд размæ цæуынц, афтæ хæстытæ карздæр, тæссагдæр æмæ æгъатырдæр кæнынц. Историйæ зонæм, ивгъуыд заманты  иу æфсад иннæ æфсады ныхмæ æрцытæй, фат æмæ æрдынæй куыд хæцыдысты, æрмхæсты дæр-иу куыд бацыдысты. Фæстæдæр фæзындысты винтовкæтæ, æндæр хæцæнгæрзтæ æмæ дыууæ тохгæнæг æфсады ‘хсæн дæрддзæг фæзынд, бæрæг дæрддзæгмæ кæрæдзийы æхстой æмæ мардтой. Цыд рæстæг æмæ иуæй иннæ хъомысджындæр, куынæггæнæндæр хæцæнгæрзтæ зынын райдыдтой. Кæм сæ пайда кæной, уый та куыннæ ис!  Хæстытæн сæ кæрон нæ æмæ нæ зыны. Иу ран банымæг вæййы æмæ та йæ арт æндæр ран сивæрзы. Уыимæ дзы кæддæрау дыууæ бæстæйы нæ, фæлæ бирæ бæстæтæн тохы аренæ свæййы.  Ивгъуыд æнус та æвдисæн уыд дыууæ дунеон хæстæн…

Ныр та арæхæй арæхдæр дзурын райдыдтой æртык-каг дунеон хæсты тыххæй. Уыцы хæсты, кæцыйы æнæспайдагæнгæ нæ фæуыдзысты ядерон хæцæнгарзæй. Æмæ уый дæр ма уæд. Ныртæккæ бирæ бæстæты хæстон арсеналты ахæм æхсæнконтиненталон ракетæтæ ис æмæ Зæххы цъарыл алы ранмæ дæр баххæсдзысты.  Ныхмæлæууæг æфсæдтæ, гæнæн ис, кæрæдзийы ма уыной, афтæмæй сæ кæрæдзийы æмæ сæ фæсчъылдым сабыр цæрæг адæмы дæр цæгъдой. Уый нæ, фæлæ ма тохы быдырæн космосы дæр равзæрстой…

Хъæуы ахæм хæст бавзарын? Нæ. Фæлæ тыхджын-дæр, хъомысджындæр хæстмондаг бæстæтæ æвзарын кæнынц йæ тасдзинад. Ахæм уавæры цы бакæной чысыл, лæмæгъ бæстæтæ? Уыдон бацагурынц, равзарынц хъомысджындæр бæстæты æмæ йемæ цæдис саразынц, йæ дæлбазыр балæууынц…

Хæст! Адæймаджы æнусон тугдзых æмбæлццон. Цæмæн афтæ рауад, цæмæн æй равзæрста æмбæлццонæн? Æви бирæтæ куыд хъуыды кæнынц, афтæмæй йæ расидын, йæхи хуызæн адæймæгты мингæйттæ, милуангæйттæ цæгъдын йæ туджы ис, æрдзæй лæвæрд ын у?

 

САХАТ ЗОНЫ?

Сахат къулыл ауыгъдæй лæууы æмæ йæ иугъæдон уынæр хъустыл уайы. Иу, дыууæ, æртæ… Иу, дыууæ, æртæ… Уый уысмтæ нымайæн фатæг тындзы, тагъд кæны размæ, кæрон кæмæн нæй, уыцы фæндагыл. Ахи-зы минутты, сахатты нымайæг фатæгты сæрты æмæ йæхицæн  зилы æмæ зилы.

Йæ цыд сындæгдæр у минутты фатæгæн. Размæ цæуы, зæронд хуымон галау, фæлæ уый дæр фæллайын нæ зоны. Бынтон сындæггай та сахатнымайæн фатæг цæуы. Адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма уый иу ран лæууы æмæ лæууы. Фæлæ куыдфæнды ма уа, æртæ фатæджы дæр цæуынц размæ æмæ цы рæстæг рацардыстæм, уымæ æнæрынцойæ æфтауынц æмæ æфтауынц нæ рацæринаг царды рæстæгæй.

Сахат нын бары нæ царды рæстæг уысмгай, минутгай, сахатгай, афтæмæй цæуæм нæ цардæн йæ кæронмæ. Фæлæ, цымæ сахат зоны, нæ царды æмгъуыд баргæйæ, йæхи царды æмгъуыд дæр кæй бары æмæ кæддæр йæ кæронмæ кæй æрцæудзæн?

 

ÆВЗÆРЫ ФАРСТ…

Мах кувæм Хуыцаумæ, Сфæлдисæгмæ, цы стæм, ахæмæй нæ кæй сфæлдыста. Стæй æрмæст мах нæ – æгас дун-дунейы дæр. Æрмæст… бауæндон бафæрсын: цымæ уæд Сфæлдисæгæн  йæхи та чи сфæлдыста?

 

СИС ДÆ ГАМХУД

Æвæлхатт у нæ дуне. Алчи æмæ дзы алцы æрмæст-дæр йæхи хуызæн у æмæ никæимæ, ницæимæ фæхæццæ уыдзæн. Ахæм у адæймаг дæр. Уый дунейы æгас адæмæй хицæн кæны йæ бакастæй, йæ уды æмæ уæнгты скондæй, бирæ æндæр æмæ æндæр миниуджытæй. Фæлæ кæй æхсæн цæрæм æмæ кæй зонæм, уыдоны, сæйраджыдæр, дих кæнæм хорзтæ æмæ æвзæртыл. Ис ахæмтæ æмæ сын сæ хорзыл нæ дызæрдыг кæнæм, сæ зæрдæты рухс сæ цæстытæй ивылы адæммæ æмæ æмразыйæ семæ цæры. Ахæмты ‘хсæн æнцон æмæ æхцон у цæрын. Ис ахæмтæ æмæ хайджын сты куыд хорз, афтæ æвзæр миниуджытæй дæр æмæ уыдонæй фæдзурæм, зæгъгæ, хорз адæймаг у, фæлæ… ома, æххæст хорз нæу. Уæдæ куыннæ ис ахæмтæ дæр, кæцытыл хорз адæймаджы ном нæ æмæ нæ фидауы. Уыдон къаддæр сты, фæлæ цæйау акæнынц, Къахеты, дам, иу дзæргъ фесæфта… ахæмтæ фыдбылызхæссæг сты, сæ хъуыдытæ, сæ архайд райсинаг не сты æмæ сæ рæстаг дзыллæтæ сæхи хизынц.

Уыдонæй дæр алчи иугъуызон нæу. Иутæ æргом дзурынц, æргом архайынц æмæ сæ адæм зонынц, уынынц сæ. Адæмы ‘хсæн разынынц ахæмтæ, цæмæй сыл æргом, рæстаг ныхасæй бандавой æмæ раст фæндагыл слæууой. Кæд уый къухы нæ бафты æмæ ахæм адæймаг дарддæр йæ кæнон кæны, уæд ма баззайы иунæг фæрæз – адæмæй йæ ахицæн кæнын æмæ йæ ахæстоны бакæнын.

Æвзæр хъуыддæгтыл æргомæй хæст чи у, уый уадиссаг тæссаг нæу – хи дзы бахизæн ис.

О, ис гæдыныхасгæнджытæ не ‘хсæн, зонæм сæ æмæ сын сæ ныхæстыл нал æууæндæм. Хатт сæм юморы цæстæй дæр акæсæм. Ис не ‘хсæн дамдумгæнджытæ дæр, фæлæ сæ нæ зæгъдзынæ, тæссаг сты, уый. Адæй-маг алцæмæдæр цымыдис кæны æмæ, зæгъгæ, чидæр ахæм цыдæр загъта, уæд дзыхæй дзыхмæ ацæуы, къæхтæ æмæ йæм къухтæ æфтаугæйæ, æмæ бæрæг  нал вæййы, райдианы йæ чи загъта, уый дæр.

Уæлдай тæссагдæр, сусæгæй чи архайы, ахæм у.  Кæд кæмæ цы хуызы фæлæбурдзæн æмæ йæ фæриссын кæндзæн, уый зонæг ничи у, хи уды хорзæн уый алæгæрддзæн алкæуыл дæр –  уымæн хорз æмæ æвзæр адæймаг нæй. Искæйы рæстдзинад ын рæcтдзинад нæу – ис ын, æрмæстдæр, йæхимæ хорз чи кæсы, уыцы рæстдзинад. Тæппуд у ахæм æмæ тæрсы, мыййаг æй исчи куы базона.  Уый тыххæй ис йæ цæсгом гамхуды бын æмæ йæ æддæмæ не ‘вдисы. Ахæм кæсы тар æрфгуыты бынæй, уазал цæстæй, йæ зæрдæйæ йæ алыварс адæммæ рухсы цъыртт арвитын йæ цæст нæ фæуарзы, искæйы циныл хъыг фæкæны, йæ мастыл та – цин. Уый рыст хæссы æндæртæн.

Нæй ахæмыл æууæндæн. Нæй æууæндæн йæ цурон ныхæстыл. Фæлæ алчи кæм фæзоны, гамхуд кæй дары æмæ йыл баууæндынц. Уый дзургæ иу кæны, хъуыды æмæ аразгæ та – æндæр.

Ахæммæ æмбæлы бадзурын: сис дæ гамхуд æмæ де ‘цæг цæсгом равдис, уæддæр искуы æрхаудзæнис. Сыхал дæ æрфгуытæн се ‘лхынцъ æмæ сыл ахæц фæйнæрдæм. Бацархай дæ æрхуым цæсгомыл цины, райгонды бæрджытæ разынын кæныныл,  дæ сау хъуыдыты цадæггай рухс хъуыдытæй раивыныл æмæ разил, хæстæгдæр балæуу хорз, рухс  адæммæ.

 

БАЗЫРДЖЫН ЗАРÆГ

Зарæг – адæймаджы удыхъæд бæрзондгæнæг, уарзт цырынгæнæг, размæ сидæг, базыртæ садзæг, рæсугъд, уæлтæмæн æнкъарæнтæ æвзарынгæнæг, сгуыхтдзинæдтæм разæнгардгæнæг, лæгдзинадæн кадгæнæг…

Зарæг махæн не ‘нусон бæлццон у. Раздæр æй хъуыстам куывдтæ, чындзæхсæвты, æндæр хъæлдзæг фынгты кувæджы нæргæ хъæлæсæй æмæ-иу хæццæ кодта сыхаг хъæутæм дæр. Зарæг зæлыд, изæрыгæтты фæсивæд цы хъазтизæртæ арæзтой, уырдыгæй дæр æмæ афтæмæй цард йе сфæлдисæг адæмы ‘хсæн.

Рæстæг куыд цыд, афтæ зарæг ахæм рæтты нымæгдæр кæнын райдыдта æмæ райхъуыст, хъæуты цы клубтæ байгом сты, стæй скъолаты цы хæдархайгæ аивадон къордтæ фæзындысты, уыдонæй. Зынын райдыдтой ансамблтæ дæр æмæ сæ аивадимæ зонгæ кæнынц адæмы. Зард æмæ кафты сæйраг ансамбль та нын ссис «Симд», кæцыйæн æрвылкъуырисæр йæ концертмæ кæсынмæ цыдыстæм советон дуджы.

Телеуынынады фæзындæй зарæг зынгæ æрбаввахсдæр йæ хъусæгмæ. Æмæ хъусæм алыгъуызон ансамблты, афтæ ма хицæн зарæггæнджыты зарджытæм. Раздæрау уыдон стæм нал сты – арæхæй арæхдæр кæнынц. Уый кæмдæр хорз у, алыгъуызон зарджытæм хъусынæй дæ зæрдæ куы райа, æхцондзинад куы исай. Фæлæ уыдон дæр зарыны курдиатæй, стæй хъæлæсæй æмæ музыкалон ахуырад райсынæй дæр, игъуызон ифтонг кæм сты. Цавæрфæнды хъуыддаджы дæр йæ хайадисджытæ махæн сты стартæй финишмæ лидзджыты хуызæн. Мах æнæрхъæцæй фенхъæлмæ кæсæм, чи сæ фæразæй уыдзæн, уымæ. Бацымыдис кæнæм дыккаг, æртыккаг чи уыдзæн, уымæ дæр.  Мах фæкæсæм, чи дзы кæй фæстæ æрбалыгъд æмæ кæцы бынат бацахста.  Фæлæ лидзджытæй хъауджыдæр, æндæр хъуыддæгтæй бирæты нæ акæсдзынæ æмæ уайтагъд нæ базондзынæ, разæй чи цæуы æмæ фæстейæ чи баззад. Афтæ зарæггæнджытæ дæр. Сæ арæхстдзинадæн сын дæсны специ-алисттæ, гæнæн ис, саргъ кæной. Мах та сын сæ зарджыты  дих кæнæм хорз æмæ цауд зарджытыл æмæ нæ зæрдæмæ цы зарæг фæцæуы, уымæ байхъусæм.

Чи сарæх сты, уыцы цауд зарджытæй та цы загъдæуа? Райгуыры зарæг, радио, телеуынынад  æй сæмбæлын кæнынц йæ хъусджытыл, фæлæ сын сæ хъустæй дарддæр зæрдæтæм фæндаг ссарын нæ бантысы. Æмæ ам иууыл зарæггæнæджы азымы дарын нæ хъæуы. Цы зарæг зары, уымæн йæ ныхæстæй бирæ кæнгæ у, стæй ма сæм ноджы музыкæйы аивдзинад дæр бафтау. Зæгъгæ, хорз зарæггæнæг, зарæджы хорз ныхæстæ æмæ хорз музыкæ баиу сты – зарæг базырджын фестдзæн æмæ тæхдзæн йæ хъусджыты зæрдæтæм.

БИАЗЫРТЫ Роланд

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.