14 февралы Гæззаты Вадимы номыл милицийы сæрмагонд нысаны къорды территорийыл уыд цытджын рæнхъон ралæуд – банысан кодтой, сæ сырæзтӕй 32 азы кæй рацыд, уыцы бæрæгбон. ОМОН-ы командир Тедеты Инал рæнхъон скондæн раарфæ кодта сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл æмæ сын йæ цæст бауарзта æнæниздзинад, амондджын цард æмæ æнтыстджын службæ. Уый фæстæ схорзæхджын кодта спецкъорды хуыздæр кусджыты æмæ дæлхæйтты спортивон ерысты хайад райсыны фӕдыл кубоктæй æмæ грамотæтæй.

Азы дæргъы ОМОН-ы дæлхæйтты ‘хсæн фæцæуынц ерыстæ алыгъуызон дисциплинæтæй æмæ уый фæстиуæгæн се ‘хсæнæй рабæрæг вæййынц иууыл арæхстджындæр, цæрдæгдæр æмæ цæттæдæртæ. Фарон ерыстæ ауагътой марш-бросокæй, табелон æхсæнгарзæй æхсынæй, турникыл хи исынæй æмæ æмбуархæстæй. Ерысты уæлахиздзау ссис 1-æм оперативон ротæ. Индивидуалон зачеты дæр фæбæрæг сты уæлахиздзаутæ æмæ хорзæхджын æрцыдысты.

Фӕстӕдӕр бӕрӕгбоны цытӕн сарӕзтой ног цытджын мадзал ӕмӕ сӕм ардæм фæуазæг сты республикæйы разамынад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад Гуыцмæзты Аланы сæргълæудæй, тыхон структурæты минæвæрттæ, спецкъорды ветерантæ æмæ рæнхъон сконд.

ОМОН-ы кусджытӕн зӕрдиаг арфӕйы ныхӕстӕ загъта бӕстӕйы Президент Гаглойты Алан ӕмӕ банысан кодта, абоны бон дӕр хӕстхъом дӕлхайыл нымад кӕй сты ОМОН.

«Уӕ спецкъорды рагӕй фӕстӕмӕ цы дисциплинӕ ӕмӕ цӕттӕдзинад ис, уый уын стыр ахъаз у уӕ разы лӕууӕг хӕстӕ эффективонӕй иуварс кӕнынӕн. ОМОН сырӕзт ахӕм дуджы ӕмӕ нӕм ӕддагон знӕгтӕ бырстой, не ‘хсӕнад схӕццӕ, цардуагон уавӕртӕ нӕм уыдысты мӕгуырау. Уыимӕ ма иумӕ ӕрыгон ОМОН-ы кусджытӕ хъахъхъӕдтой цӕрджыты ӕдасдзинад, ӕвӕрдтой ӕхсӕнадон фӕтк. Уыцы уӕззау азты ӕнцон нӕ уыд ахӕм хӕстӕ ӕххӕст кӕнын – бирӕтӕ дзы сӕ цард дӕр радтой сӕ адӕмы сӕрибардзинад ӕмӕ сабырдзинады сæрвæлтау. Уымӕ гӕсгӕ мӕ уӕлдай арфæ ракæнын фӕнды спецкъорды ветерантӕн. Уыдон азты дӕргъы хъахъхъӕдтой дӕлхайы традицитӕ, схъомыл кодтой ныридӕгӕн ӕнтыстджын ӕрыгон фӕлтӕр. Уырны мӕ фидарӕй, дарддӕр дӕр иузӕрдион лӕггад кӕй кӕндзыстут уӕ райгуырӕн бӕстӕйӕн».

Гаглойты Алан цалдӕр кусӕджы схорзӕхджын кодта паддзахадон хорзӕхтӕй – иу дзы райста «Мидхъуыддӕгты органты аккаг кусӕг»-ы ном, ӕртӕйӕ та – «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майдантæ. ОМОН-ӕн ма Президент балӕвар кодта дыууӕ автомашинӕйы – «УАЗ Патриот»-тӕ.

Мидхуыддӕгты министр Гуыцмӕзты Алан дӕр раарфӕ кодта спецкъорды кусджытӕн.

«Сымах ӕрвылбон дӕр егъау хайбавӕрд хӕссут фыдгӕнджыты ныхмӕ тохмӕ, хардз кӕнут бирӕ тых нӕ республикӕйы сабырдзинад бахъахъхъӕныныл. Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы фидар ӕнӕниздзинад, фыдбылызтӕй мын хызт ут ӕмӕ мæ уырны, ОМОН-ы кад дӕлӕмӕ кӕй никуы ӕруадздзыстут», – загъта ведомствойы сӕргълӕууӕг.

Спецкъорды хуыздӕр кусджытӕй цалдӕр райстой ведомствойон хорзӕхтӕ.

                           Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.